Чысыл Хуссар Ирыстон у Советон цæдисы аст хъайтары Райгуырæн бæстæ. Уыцы хъайтартæй иу уыд, сержант,  Степной фронты 46-æм æфсады 236-æм æхсæг дивизийы 496-æм хицæн развæдсгарæн ротæйы развæдсгарæг Сабанты Григори Луарсабы фырт. Уый райгуырд 1910 азы 20-æм апрелы Ленингоры районы Кедигорайы хъæуы зæхкусæг бинонты ‘хсæн. Райдиан скъола каст фæуыны фæстæ куыста колхозы бригадирæй. Сырх Æфсады æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты уыд 1941 азы июны мæйæ. Архайæг æфсады та – 1941 азы ноябры мæйæ.  Йæ райгуырæн хъæуы баззадысты йæ цардæмбал аст сывæллонимæ.

Зындгонд Курскы тохы фæстæ, немыцаг-фашистон равзаргæ æфсæдтæ пырх æмæ фæстæмæ æппæрст куы æрцыдысты, уæд Советон Æфсæдтæ уæрæх фронтæй рахызтысты знаджы фæстийæ сурынмæ. Советон æфсæдтæ сæ размæбырсты фæндагыл æмбæлдысты бирæ æрдзон ныхдуртыл, фæлæ уыдонæй иууыл егъаудæр цæлхдур уыд Днепр. Немыцæгтæ йæ хуыдтой «Скæсæйнаг стыр уылæн». Æнæмæнгæй хъуыд ацы егъау доны ныхдуры сæрты ахизын æмæ Рахиздонбылгæрон Украинæмæ бацæуын. Ацы хæслæвæрд сæххæст кæнынмæ сæхи цæттæ кодтой бирæ фронтты æфсæдтæ. Фæлæ хæс æвæрд æрцыд 3-аг украинæйаг фронты 46-æм армийы æфсæдтыл, кæцытæ Днепрмæ цыдысты Днепропетровскы хуссарæрдыгæй районæй. Цæугæдонмæ фыццаг бацыд 236-æм æхсæг дивизи. Ист æрцыд уынаффæ 25 сентябрæй 26 сентябрмæ æхсæвы дивизийы хицæн развæдсгарæн ротæйы иу взвод арвитын плацдарм бацахсыны тыххæй. Ахæм хæс лæвæрд æрцыд развæдсгарæн взводы  командир, лейтенант А.Шпаковскийæн.

Шпаковскийы алы хатт дæр дисы æппæрста Сабаны фырты уæндондзинад, фæразондзинад æмæ хъæлдзæг характер æмæ аскъуыддзаг кодта ирон хæстоны десантон къордмæ бакæнын. Кармæ гæсгæ Сабанты Григори уыд ротæйы иууыл хистæр, уæд ыл сæххæст 33 азы. Ротæйы йæ иууылдæр уарзтой æмæ йæ «Нæхи Григол» хуыдтой æрмæст рæнхъон развæдсгарджытæ нæ, фæлæ развæдсгæрсты афицертæ дæр. Бакастæй ахæм зæрдæхæлар æмæ алыхатт дæр  йæ хæстон æмбæлтты ахасты уæздан адæймаг, тохы рæстæджы уыд бынтон æндæргъуызон, фæндвидар. Бирæты-иу нæ уырныдта Сабаны фырты радон сгуыхтдзинады тыххæй-иу куы фехъуыстой, уый. Григол уыд тохты фæлтæрд салдат. Уый хæсты фыццаг мæйты йæхиуыл бавзæрста гитлеронты ‘рдыгæй басастыты маст, кæцытæ адæмæй дæр æмæ  хæстон техникæйæ дæр уыдысты бирæ фылдæр æмæ бырыдысты скæсæнмæ сæ фæндагыл алцыдæр афтид æмæ куынæг кæнгæйæ. Знагимæ ныхæй-ныхмæ фембæлынмæ тырнындзинад æм уыд хæсты фыццаг бон, сабыр Хуссар Ирыстоны колхозы быдыртæм  Райгуырæн бæстæм гитлеронты гадзрахаты æрбабырсты тыххæй хабар радио куы фехъусын кодта, уæдæй фæстæмæ. Уый нал банхъæлмæ каст мобилизацийы тыххæй бардзырдмæ, æртымыбыл кодта йæ дзаумæттæ, хæрзбон загъта йæ хиуæттæн æмæ хæххон фæндагыл ацыд районы æфсæддон къамисариатмæ. Кæд ын дзырдтой, цæмæй банхъæлмæ кастаид, уæддæр патриот йæхион акодта æмæ йæ арвыстой фронтмæ.

Тохы быдыры фыццаг хатт цалынмæ нæ фæцæф, уæдмæ скуынæг кодта цыппар гитлероны. Госпиталæй  фæстæмæ фронтмæ æрбаздæхгæйæ, уый ноджы фæныфсджындæр. Дыккаг хатт снайперы нæмыгæй куы фæцæф, уыцы бонмæ та йæ маст райста 24 гитлерон салдат æмæ иу афицеры скуынæг кæнынæй. Фæстæдæр та дыууæ  хатты фæцæф  размæбырсæн тохты, кæцыты рæстæджы уый скуынæг кодта 60 гитлероны бæрц. Развæдсгарæг суæвгæйæ,  ирон хæстон дæсгай хæттыты бацыд знаджы фæсчъылдыммæ. Уый кæд бирæ «æвзæгтæ» æрбакодта, уæддæр дзы иу бахъуыды кодта уæлдай тынгдæр. Донбассы бацæуæнты ныхмæлæууæг сарæзта арф эшелонон хъахъхъæнынад. Цæмæй уынаффæ райстаиккой, уый тыххæй дивизийы командæкæнынады хъуыд ныхмæлæууæджы къорды æмæ йæ хъахъхъæнынады характер, управленийы пункттæ æмæ артиллерийы, минæзгъалты, пулеметты æхсæн позицитæ сбæрæг кæнын. Æнæмæнгæй хъуыд «æвзаг». Развæдсгарæн ротæйы командир развæдсгарджытæн куы радзырдта сæ разы цы хæслæвæрд ис, уый ахсджиагдзинады тыххæй, уæд фыццаг развæдсгæрсты ацæуыныл сразы сержант Сабанты Григори, дыккаг та – развæдсгарæг Петр Кузнецов.

Æхсæвы развæдсгарджытæ бабырыдысты ныхмæлæууæджы хъахъхъæнынады раззаг хаххмæ æмæ æнæбафиппайгæйæ бахъуызыдысты знаджы позицитæм. Æрбабонцъæхтæ, дарддæр цæуын уыд тæссаг æмæ развæдсгарджытæ аскъуыддзаг кодтой сæ бон  къутæрты арвитын. Æнæхъæн бон хуыссыдысты къутæрты ‘хсæн. Æмæ хуымæтæджы нæ хуыссыдысты, фæлæ сæ хъус дардтой æмæ бæрæг кодтой батарейы хæстон позицитæй кæцы-дæр штабмæ фæндаг цæуы, уый. Куы баталынг, уæд Сабанты Григори æмæ Петр Кузнецов рахызтысты къахвæндагмæ. Æнхъæлмæ кæсын сæ бирæ нæ бахъуыд. Сахат дæр нæма рацыд, афтæ уырдæм æввахс фæзынд немыцаг салдат. Сабаны фырт гитлероны сæр автоматы хъæдæй фæцæф кодта æмæ йæ зæххмæ æрæппæрста. Развæдсгарджытæ уацайраджы иуварс аластой, сбастой йæ бæндæнæй æмæ йæ баст цæстытæй æрбакодтой бынатмæ. Ацы сгуыхтдзинады тыххæй Сабанты Григори хорзæхджын æрцыд Сырх Стъалыйы орденæй. Развæдсгарджытæй иузæрдыгæй хæлæг кодтой хæстон сержанты хъæбатырдзинадмæ æмæ йæ уарзтой уыцы салдатон уарзондзинадæй, кæцы адæмы кæрæдзиимæ бабæтты æнустæм. Ирон хæстонимæ алчидæр цæттæ уыд иууыл тæссагдæр хæслæвæрдтæм цæуын, кæцытæ сæххæст кæнынмæ Сабаны фырт алыхатт дæр разы уыд. Æмæ та Григори  уыд хуыздæр развæдсгарджыты ‘хсæн, кæцытæм æрхаудта зын, фæлæ кадджын хæс – Днепрыл фæндаг айгæрдын æмæ Рахиздонбылгæрон Украинæйы зæхмæ фыццæгтæ бахизын. Бæлæгъыл Сабаны фырт æмæ йе ‘мбæлттæ бацыдысты знаджы донбылгæронмæ æмæ бахæццæ сты ныхмæлæууæджы акъопытæм. Æхсæвы «ура» куы айхъуыст, уæд Григори фыццæгты нымæцы сатакæ кодта гитлеронты хæстон позицитæ. Днепры Сабанты Григорийы хæстон сгуыхтдзинадæн характеристикæ дæттгæйæ, дивизийы командир фыста: «1943 азы 25-æм сентябрæй 26-æм сентябрмæ æхсæвы æмбал Сабаны фырт 19 адæймаджы скондæй развæдсгарджыты къордимæ иумæ фыццаг бабырста Днепры рахиз донбылгæронмæ æмæ «ура» хъæр кæнгæйæ сатакæ кодта ныхмæлæууæджы. Фæндвидарæй размæ цæугæйæ, хъайтардзинады цæвиттон æвдисгæйæ, æмбал Сабаны фырт æнæбасæттгæйæ хæцыд æнæхъæн æхсæвы дæргъы Днепры рахиз донбылгæрон плацдарм ауæрæхдæр кæныны тыххæй. Æхстытæ æмæ гранаттæй æмбуар хæсты æмбал Сабаны фырт скуынæг кодта 11 гитлероны æмæ байста ныхмæлæууæджы хæстон уæзласæн машинæ. 26-æм сентябры бонæй ныхмæлæууæг тыхæй фистæг æфсады батальоны онг цалдæр хатты развæдсгарджыты къордмæ рацыд карз контратакæтæм, фæлæ та-иу атакæты фæсыкк кодтой развæдсгарджытæ…».

Тугкалæн уыд ацы тох. Иуæндæс хатты  ныхмæлæууæг рацыд контратакæты. Развæдсгарджыты рæстдзæвин зынгæй фашисттæ фесæфтой 200 салдаты æмæ афицеры онг. Уæззау уыдысты развæдсгарджыты удзиæнттæ дæр – æнудæс адæймагæй ма баззад æрмæстдæр фондз хæстоны. Ацы хъайтарон фондз адæймаджы ‘хсæн уыд Сабанты Григори Луарсабы фырт дæр. Уый фæцæф, фæлæ нæ ацыд тохы быдырæй цалынмæ сæм сæ баиугæнды сæйраг тыхтæ æххуысмæ нæ фæзындысты, уæдмæ. Цалдæр хъæбатыр адæймаджы сифтонг кодтой æнæхъæн дивизийæн егъау цæугæдоны сæрты ахизыны фадат. Рахиздонбылгæрон плацдармы сæрыл тох кæныны рæстæджы равдисгæ хъайтардзинады тыххæй Сабанты Григорийæн лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъайтары ном. 1945 азы хъæбатыр ирон хæстон  демобилизаци æрцыд Советон Цæдисы Гарзджын тыхтæй. Уый фæстæ куыста йæ райгуырæн хъæу Кедигорайы колхозы сæрдарæй. 1962 азæй цард горæт Цхинвалы, куыста партийы Хуссар Ирыстоны обкомы. Цардæй ахицæн 1968 азы 2-æм апрелы. Хорзæхджын æрцыд Ленины, Сырх Стъалыйы ордентæй, майдантæй. Йæ номыл уынг ис горæт Цхинвалы. 2020 азы Стыр Уæлахизы бонмæ Сабанты Григорийы ном лæвæрд æрцыд Ленингоры поселочы уы-рыссаг скъолайæн уагдоны педколлективы хъæппæрисæй.

Сабанты Григори æмæ йе ‘мкъай Хуыбылты Фросяйæн уыд аст сывæллоны. Уыдонæй ма абон сæрæгас сты дыууæ чызджы æмæ иу лæппу. Йæ хъæбулы хъæбул Сабанты Гульнара сæрыстыр у йæ хъайтар æмæ кадджын дадайæ. Æрвылаз дæр Уæлахизы боны 9-æм майы йæ хъæбулы хъæбултæ рахæссынц сæ дадайы портрет æмæ хайад райсынц акци «Æнæмæлгæ полк»-ы. Уый фæстæ ацæуынц Згъудеры сæ дадайы уæлмæрдмæ æмæ йын йæ ингæныл дидинджытæ æрæвæрынц. Ныр дæр та уыд афтæ. Ацыдысты та уæлмæрдмæ æмæ та ссардтой сæ хъæбатыр дадайы ном. «Æз куы райгуырдтæн, уæд хъыгагæн, мæ дада удæгас нал уыд. Фæлæ мын мæ ныййарджытæ, хиуæттæ куыд дзурынц, афтæмæй уый уыд диссаджы хорз адæймаг. Арæх мын дзы раппæлынц æддагон адæймæгтæ дæр. Æмæ æз дæр мæхицæй бабуц вæййын, ахæм хъæбатыр дада мын кæй уыд, уый тыххæй», – загъта мын Сабанты Гульнара.

Ацы рæнхъыты автор дæр зонгæ уыд Григорийы цардæмбал Хуыбылонимæ. Арæх-иу автобусыл иумæ ацыдыстæм хъæумæ Цъинагары автобусыл. Уый кæд Цхинвалы цард, уæддæр-иу  Кедигорайы сæ зæххытæ бакуыстой æмæ-иу дзы хъæздыг  тыллæг æрзайын кодтой.

Æдæппæтæй Ленингоры районæй хæсты быдырмæ ацыдысты 3 мин адæймагæй фылдæр, уыдонæй 1646 хæстоны цæрæнбонтæм баззадысты хæсты быдыры.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.