«Национальный театр есть признак Совершеннолетия нации,

также как и академии, университеты, музеи».

  А.Н. Островский

Ирон театрты историйыл дзырд куы цæуа, уæд нæ ахиздзынæ зынгæ англисаг поэт, драматург æмæ актер Вильям Шекспиры иувæрсты.

Ирон театры фæзынд нымайæм 1906 азæй, профессионалон театртæ та нæм фæзынд – Хуссары – 1931 азы, Цæгаты та 1935 азы.

Уæдæй абонмæ сæ репертуартæ хъæздыг сты нацийы цард æвдисæг пьесæтæй. Æниу нæ рох никуы уыдысты æрбайсгæ, тæлмацгонд пьесæтæ дæр. Ирон театрты репертуартæ хъæздыг уыдысты уæды Цæдисон республикæты цæрæг адæмты пьесæтæй. Се ‘ргом тынг здæхтой фæсарæйнаг классикты пьесæтæ æвæрынмæ дæр.

1940-æм азтæй фæстæмæ Шекспиры пьесæтæ нæ хизынц ирон театрты сценæтæй. Ирон фысджытæ, уæлдайдæр та Плиты Грис, сæ тыхтæ радтой Шекспиры хæзнатæ иронмæ стæлмац кæнынмæ. Æгæрыстæмæй, нæм баззад ахæм ныхас – Плиты Грис Шекспиры сдзурын кодта иронау.

Фыссæджы сфæлдыстады хорз миниуджытыл дзурæг у иу ахсджиаг хъуыддаг: йæ уацмыстæ алы дугимæ кæнынц æмдзу, нæ мæлынц. Шекспиры уацмыстæ XV æнусæй абонмæ цæрынц, кæнынц тыхджынæй-тыхджындæр, нæ зæронд кæны сæ тематикæ.

Иры дзыллæ, нæ чиныгкæсджытæ, раджы базонгæ сты йæ диссаджы уацмыстимæ. Нæ театрдзаутæ Шекспиры пьесæйыл æвæрд спектакль фыццаг хатт федтой 1940-1941 азты.

Æвзонг уыд уæд нæ театр, цыдис ыл 9 азы, фæлæ уæддæр йæ ныфс бахаста номдзыд лæджы æвæрæнтæ рæгъмæ рахæссынмæ.

Вильям Шекспир райгуырдис 1564 азы Англисы, сахар Стратфорды, зæхкусæг бинонты хæдзары. Йæ фыд Джон 1552 азы фæивта йæ цæрæн бынат, æрцард Эйво-ны, ныллæууыд базарады куыстыл. Йæ фырт та ахуыр кодта.

1885 азы Уильям æрцард Лондоны æмæ йæхи сбаста театримæ, уым æвæрд цыдысты сценæйыл йæ пьесæтæ. Уыцы пьесæты руаджы ссис зындгонд адæймаг, канд коллективы нæ, фæлæ ма Лондоны цæрæг адæмы ‘хсæн дæр.

Уæдмæ йæ кой ахъæр Уæрæсемæ дæр. Йæ пьесæты тæлмац кæнынмæ фыццаг бавнæлдта Карамзин. Баззад абоныбон дæр ахæм ныхас: Шекспиры поэзийы æвæрæнтæ, йæ диссаджы драматикон уацмыстæ уырыссаг литературæмæ æрбацыдысты Александр Пушкины руаджы. Баззад дыккаг ныхас дæр: В.Шекспиры «Нау» аленк кодта æндæр бæстæм дæр. Цы паддзахад, цы нацийы дуар нæ бахоста, ахæм нæ баззад.

 

Дунеон драматургийы тыхджындæр фæлгонц ирон сценæйыл

Хуссар Иры театры сценæйыл «Отелло» фæзынд 1940-41 азты театралон сезоны репертуары. Йе ‘вæрæг уыд режиссер Л.Вивьен, сæйраг ролы та дзы хъазыд курдиатджын актер Жажиты Андрей. Касиойы ролы – Цхуырбаты Барис, Ягойы ролы – Гæззаты Степан, Эмилияйы ролы – Цæбиты Варя. «Гамлет»-ы – Розен Кранцы ролы – Еналдыты Вахтъанг, ингæнкъахæджы ролы Джелдыты Андрей. «Сæрдыгон æхсæвы фын»-ы Лизандры ролы – Бекъойты Гоги, Гермияйы ролы – Гасситы Рая, Феяйы ролы – Гояты Натела.

Хуссаримæ иу рæстæджы æрцыд æвæрд «Отелло» Цæгат Ирыстоны дæр. Уый уыд 26 декабрь 1940 азы. Сæйраг ролы хъазыд, уæды дуджы нырма æвзонг лæппу, Тæбæхсæуты Бало.

Махмæ афтæ кæсы, цыма дунейы драматургийы Отеллойы фæлгондзæй тыхджындæр нæй. Уый афтæ куы нæ уаид, уæд дунейы театртæ сæ тыхтæ не ‘взариккой, чи хуыздæр сæххæст кæндзæн Отеллойы роль, зæгъгæ, Тæбæхсæуты Бало фыццаг бынаты кæй лæууы, уымæй мах сæрыстыр стæм абоны бон дæр.

Нæ театры сценæйыл æвæрд æрцыдысты «Отелло», «Гамлет», «Сæрдыгон æхсæвы фын», «12-æм æхсæв», «Король Лир» æмæ «Виндзойраг фæлитой».

Йæ авналæнтæ уæрæхдæр уыдысты Дзæуджыхъæуы театрæн. Уыдонмæ æвæрд æрцыдысты: «Отелло», «Король лир», «Дыууадæсæм æхсæв», «Ромео æмæ Джулетта», «Макбет».

В.Шекспиры уацмыстæ сценæйыл сæвæрынæн хъуыд фæлтæрдджын актертæ. Нæ театртæм уыцы фæлтæрддзинад нæма уыд. Фæлæ табу Хуыцауæн – уæндон æмæ сæм ныфсхастдзинад егъау уыд. Жажиты Андрей каст фæци Ленинграды театралон институт. Цы ахсджиаг фæлгæндзтæ сарæзта: Шиллеры «Уарзондзинад æмæ æнаккагдзинады»-ы – Фердинанд, Гольдонийы – «Дыууæ хицауы лæггадгæнæг» – Труфинальдино æмæ æнд. Фæстæдæр йæ ныфс бахаста Отеллойы ролы ахъазынмæ дæр. Æмæ йыл кæд кæронмæ нæ фæтых, уæддæр дзы райгондæй баззадысты сценæмæкæсджытæ.

Кæуылты уыдысты йæ арæхстдзинæдтæ артист Гæззаты Степанæн, «Отелло»-йы Ягойы ролы куы хъазыд, уæд.

Цæстæвæрæн фæцис уæд – Абайты Маирбег дæр «Гамлет»-ы Гамлеты ролы куы хъазыд, уæд. Æниу, æппæлынæй дарддæр ницы зæгъæн  ис иннæ актертæй дæр, Шекспиры сфæлдыстады зиууæттæй.

Цæгат Ирыстоны театрыл фондз азы дæр нæма æххæст кодта, «Отелло» куы сæвæрдтой. Раст æй зæгъы Агуыдз: «Ирон театр, нырма йæ зæнджы стæг æргъиу куы уыд, йæ астæуы магъз куы нæма бахсыст, уæд бавнæлдта Шекспиры уацмыстæ æвæрынмæ».

Уый Хуссар Иры театрмæ дæр хауы. Дзæуджыхъæуы драмтеатры сценæйыл кæрæдзи фæдыл гуырдысты В.Шекспиры пьесæтыл спектаклтæ: «Отелло», «Гамлет», «12-æм æхсæв», «Ромео æмæ Джулеттæ», «Король Лир», «Макбет».

Ирон сценæ Шекспиры рахаста рæгъмæ æмæ йæ нæ адæмæн базонгæ кодта Тæбæхсæуты Бало. Балойы ном бæрзонд систой йæ саразгæ фæлгæндзтæ: Отелло, король Лир æмæ Макбет.

Балойæн бантыст театрдзауты размæ рахæссын ацы æртæ тыхджын фæлгондзы. Фæтых сыл сæрысуангæй иу стыр хъуыдыимæ: цы сæм ис хорзæй, цæмæй хицæн кæнынц сæ кæрæдзийæ, æнгæсдзинæдтæ сæм цы ис.

Театралон аивады ацы актертыл бирæ ныхас фæцыдис, бирæ сæ фæрабар-бабар кодтой кæрæдзийыл, фæлæ-иу фæстагмæ æрцыдысты иу хъуыдымæ: Балойæн дзы æмбал нæй.

Кæуылты сты йæ хъуыдытæ зынгæ театралон критик Зингерманæн Тæбæхсæуты Балойы тыххæй. «Отелло Тхапсаев – простой человек с тонкой возвышенной душой и той внутренней культурой, которая столь часто отличает умудренных жизненными испытаниями людей. Он покоряющее человечен и трогательно скромен…

Он играет не трагедию выдающегося человека, а трагедию человечности, носителем которой оказывается простая честная душа. Он воспевает не простоту величия, а величие простоты». (Б.Зингерман. жур. «Театр», 1955, №7, стр.67-68).

Бало тынг уарзта Шекспиры, уый сфæлдыстадмæ фæндаг ссарын нымадта иууыл зындæр хъуыддагыл: «Шекспир мæнæн у агурæджы фæндагыл æфтауæг, куыст æмæ амонд ссарæджы фæндæгтæ амонæг» – дзырдта-иу Бало.

Тæбæхсæуты Бало «Отелло»-йы ролы

Балоимæ лæгæй-лæгмæ зонгæ уыдтæн, хорз зонгæтæ уыдыстæм, уый нæ зæгъдзынæн, нæ азты ‘хсæн бирæ дæрддзæг ис, фæлæ дзы бахъуыды кодтон йæ царды хабæрттæй дыууæ цауы: Советон дуджы Цæгат Ир Хуссары гастрольты куы уыд, уæд-иу арæх фæивтой Отеллойы афишæты. Куы йæ фарстон, уæд мын афтæ: «Плийы фырт, Отелло мæ йæ фæдыл афтæ асайы æмæ канд дыккаг бон нæ, къуыригæйтты дæр мæ сæрæн нал свæййын».

Æрдзæй Бало уыд фæлмæн æмæ рæсугъд зæрдæйы хицау, йæ мидбылхудт никуы сæфта. Бæрзонд, сæвджын æмæ фæтæнуæхскджын. Йæ ас æмæ йыл йæ уæрх тынг фидыдтой, канд костюмты нæ, фæлæ ирон цухъхъайы дæр.

Отеллойы ролы хъазгæ, Балойы федтон Цхинвалы æмæ Дзæуджыхъæуы дæр. Дездемонайы кæм хурх кæны, уым сценæмæкæсджытæй-иу ферох, театры кæй сты æмæ хъæр кодтой: «Ма бакæ, ма бакæ. Яго мæнгард у, Дездемона раст у».

Алкæмæн йæ амонд йæхи, фæлæ ирон адæмæй Балойы Отеллойы ролы хъазгæ чи федта, уыдонæй иутæ куыдтой, аннæтæ бандзыг сты сæ бынæтты, хъæлæба сарæх залы, бирæтæ-иу лæбурыны къахыл лæуд уыдысты. Уыдæттæ дзурæг сты, Бало-Отелло цардудæгасæй кæй рахаста сценæмæкæсджытæм.

Бало, канд Ирыстоны нæ, Отеллойы хъазыд Мæскуы æмæ Тбилисы дæр. Стыр аргъ скодтой уыцы сахарты дæр Балойы хъазтæн.

Ирондзинад, ирон театрыл æнувыд чи уыд, уыцы Ирæттæ сæ мадæлон æвзагыл кæсынц В.Шекспиры «Отелло», «Тимон Афинаг», «Цимбелин», «Æфхæрд æфхæрдмæ», «Виндзойраг фæлитойтæ», «Гамлет», «Ромео æмæ Джульеттæ», «Кориолан», «Макбет», «12-æм æхсæв» æмæ æнд.

Нæ театры историйы æмæ нæ литературæйы историйы дæр егъау у Шекспир канд йæ пьесæтæ нæ, фæлæ йе ‘мдзæвгæтæ ратæлмац кæныныл нæ поэттæ бирæ тых бахардз кодтой. Уыдоны ‘хсæн йæ хайбавæрд фылдæр у нæ абоны поэзийы зиууон Кокайты Тотрадзæн.

Ацы аз Шекспиры райгуырдыл æххæст кæны 460 азы. Шекспиры аз у, нысан æй кæны Ирыстон дæр.

Шекспир театры фыд у, ахæм цæстæй йæм кæсынц дунейы театртæ, тынг райгонд дзы сты ирон театртæ дæр. Алы нацийы театрты хъуыды у ахæм: цымæ цы уыдаид театр æнæ Шекспир. Ирон сценæйæн куынæ уыдаит Шекспир, уæд нын нæ уыдаид Отелло – Советон Цæдисы адæмон артист Тæбæхсæуты Бало. Уый та у ирон адæмы хъуыды.

ПЛИТЫ Гацыр,

 Хетæгкаты Къостайы номыл

паддзахадон драмон театры

 литературон хайады гæс

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.