5-6 февралы нæ республикæйы цы стыр митуард æмæ тыхджын дымгæтæ уыд, уый расайдта фыдбылызтæ: æхгæд æрцыд Цæгат Ирыстонимæ нæ цы иунæг автомобилон трассæ иу кæны, уый. Рог æмæ уæзласæн машинæтæн дзы цæуыны бар нал уыд, уæллаг Ручъы зæйтæ кæй æрцыдысты, уый аххосæй. Ранæйрæтты хъыгдард баййæфтой хæдзæртты агъуыстытæ, афæлдæхтысты бæлæстæ, социалон нысаниуæджы объекттæм бацæуæнтæ нал уыд, скъолатæ æмæ сабиты рæвдауæндæттæ нæ куыстой 6-æм февралы.

Митуард æмæ тыхдымгæтæ стырдæр зиæнттæ ракодтой республикæйы районты хъæутæн. Уымыты дæр ахуыссыд электроны рухс, мит уыйбæрц ныууарыд æмæ хъæутæм бацæуæн фæндæгтæ нал уыд.

Сæвзæргæ уавæры фæдыл Хицауад бахæс кодта горæт æмæ районты коммуналон хæдзарадты управленитæн, цæмæй сæрмагонд техникæимæ рацæуой уынгтæ митæй сыгъдæг кæнынмæ.

Райсом раджы уал горæты коммуналон хæдзарады техникæ сыгъдæг кæнын райдыдтой централон уынгтæ митæй, уый фæстæ тротуартæ, фæлæ хуылыдз мит бирæ кæй уыд, уый тыххæй йыл техникæ нæ тых кодта. Тротуартыл бирæ ран  адæм сæ магазинтæм асинтæ кæй сарæзтой, уый дæр хъыг дардта ахæм куыстытæ бакæнынæн. Фæлдæхт бæлæстæй уынгтæ асыгъдæг кæнынмæ коммуналон службæты кусджытæм фæкастысты уæлвæткон уа-вæрты министрады кусджытæ дæр.

«Энергоресурс Хуссар Ирыстон»-ы кусджытæ удуæлдай куыст бакодтой, цæмæй сæндидзын кодтаиккой электроифтонгад. Куыд рабæрæг, афтæмæй æрмæст Дзауы районы, электроны хæххытæ скъуыд разындысты фараст ран.

Цхинвал 7 февралы

Æрдзон фыдбылызы фæстиуджытæ аиуварс кæныныл куыстой Ленингоры районы коммуналон службæтæ дæр. Районы сæргълæууæг Уалыты Муртаз ауагъта æнæрадон рабадт æмæ алы хайадæн дæр радта сæрмагонд хæстæ. Цалдæр сахатмæ райцентры фылдæр хай асыгъдæг кодтой мит æмæ дымгæ цы бæлæсты цæнгтæ æрцъæлтæ кодта, уыдонæй. Тыхдымгæйы аххосæй æнæ рухсæй цы хъæутæ баззадысты, уыдонмæ та, ныртæккæ  архайынц электроны телтæ баиу кæныныл. Рынчындон, скъолатæ, спортивон  комплекс æмæ æндæр социалон объекттæм фæндæгтæ бæстон сыгъдæг æрцыдысты митæй.

Цхинвал-Ленингоры трассæйыл та кусынц «Комавтодор»-ы кусджытæ. Ныртæккæ сæ техникæ архайы трассæ сыгъдæг кæныныл.

Къуыдаргомы дæр стыр мит ныууарыд. Уым иуæй-иу хъæутæм бацæуæн нал ис. Бынæттон коммуналон службæйы кусджытæ æд техникæ архайынц сæ сыгъдæг кæныныл, фæлæ миты бæрзæнд у иу метры бæрц æмæ сын уый зын кæны фæндæгтæ митæй асыгъдæг кæнынæн.

УАЗÆГТЫ Марфæ

Къамтæ систа УАЛЫТЫ Мальвинæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.