Ирон адæмы национ культурæйы кафты аивад ахсы ахсджиаг бынат. Уый дæр нæ адæмы поэтикон сфæлдыстадау  рагон у. Кафты тыххæй бирæ дзырд цæуы фольклоры, уæлдайдæр та – нарты эпосы. Нарт æрмæст æнæбасæтгæ хъайтартæ нæ уыдысты, фæлæ ма рæвдз уыдысты кафынмæ, зарынмæ дæр.

Ирон адæмон кæфтытæ куыд хуызæй, афтæ мидисæй дæр æнгом баст цыдысты царды уавæртимæ æмæ æвдисынц фыдæлты цардвæндаг, ирд оптимизм, зæрдæйы бæллицтæ æмæ зæрдæбын æнкъарæнтæ.

Ирон аив, мидисджын кæфтытæ фæзындысты æмæ равзæрдысты куыстæгты бындурыл цины æмæ масты æнкъарæнты зæлтимæ – зарджытимæ. Куыстæй улæфтмæ, улæфтæй куыстмæ тындзыдтой цæргæ-цæрæнбонты адæм æмæ уый йæ фæд бæрæгæй ныууагъта ирон кæфтытыл.

Куыд ирон адæмон зарджытæ, афтæ  ирон адæмон кæфтытæ дæр кæнынц дыууæ дихы: нæлгоймæгты æмæ сылгоймæгты. Ирон сылгоймаг фынджы уæлхъус куыд хицæн кодта, афтæ хицæн уыдысты сæ зарджытæ, сæ кæфтытæ дæр. Ирон хъазты худинаг нæ уыдис чызгæн, стæй лæппуйæн дæр æмпъызтытæ, зæронд дарæсы хъазты бæстыастæу балæууын. Уæдæ стонг æмæ хæрдджынæй дæр не `взæрстой, æрдзæй фыдуынд æмæ хæрзконды дæр кæрæдзийыл нæ барстой. Æппæт хуызты дæр хъазты бартæ æмæ  хæстæ домдтой иунæг æгъдау – ирон намыс. Ирон намыс домдта иумæйаг æгъдау æмæ фæтк. Ирон адæммæ стыр худинагыл нымад цыдис æнæ худ, æнæ ронæй ракафын. Сылгоймагæн та æнæ кæлмæрзæнæй æмæ бæгъæмзæнгæй хъазтмæ рахизын. Уæдæ пыхцылсæрæй, гомхъуырæй, æнæдыс хæдæтты æмæ къабаты кафын та нæ фыдæлтæ нымадтой худинагыл.

Ирон кæфтытæй иууыл зындгонддæр у «Симд».

Цхинвалы районы культурæйы сæргълæууæг Гаглойты Ростик куыд зæгъы, афтæмæй симд кæд иу кафт уыдис, уæддæр æй æххæст кодтой алы æмæ алы хуызты. Уыдис тымбыл, дæларм-уæлармæй хæцгæйæ, симд сылгоймæгтæ æмæ нæлгоймæгтæн къæйттæй лæугæйæ. Уыдис дывæрсыг симд рахис фарсы нæлгоймæгтæ æмæ галиу фарсы та сылгоймæгтæн ерысы хуызы. Уыдис къæйттæй Симд æмæ фæуд кодта кæронбæттæны цыбыр тымбыл кафтыл.

Симд кафгæйæ нæ фидауы уæлдай хъæлæба, тæлтæг фезмæлдтытæ. Уый  æвдыста ирон царды мидис – цины, ныфсы, æмзонддзинады, æвдыста адæмы иумæйаг тых.

Ирыстоны кæмтты, хьæуты уыдис сæрмагонд фæзтæ симынæн. Уыдоны нæмттæ баззадысты æрæджыйы онг дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, симд кафыныл рæзгæ фæсивæд ахуыр кодтой сыхгай, хъæугай, комгай, алы уавæрты – мусты, астæууынгты… Фæлæ иумæйаг бæрæгбонты рæстæджы Иры дзыллæтæ æмбырд кодтой дзуæртты, кувæндæтты фæзтæм. Уæд стыр симды уаг уыдис уæрæхдæр, ахадгæдæр, куыд хуызæй, афтæ мидисæй дæр. Кафгæ кафын нæлгоймаг æнæнхъæлæджы дæр куы баныдзæвдаид сылгоймаджы дарæсыл, уæддæр-иу ын æй йæ цæстмæ бадардтой, бауайдзæф-иу ын кодтой. Уыцы хъуыддаг-иу раджы заманы расайдта тугкалдмæ дæр. Хъазты мидæг, уæндонæй дзырдæппарæнтæ, æнæуагæй дзурын, хъæлæсыдзагæй худын ирон адæммæ стыр æгады бынаты уыдысты æмæ сæ æхсæнад дæр никæмæн барста. Цас фæнды дæсны кафджытæ ма уыдаиккой сылгоймæгтæ æмæ нæлгоймæгтæ кафынмæ, уæддæр æфсармы фæлгæттæй нæ хызтысты. Уæлдай худтытæ, хъæртæ, нæлгоймагæн худинаг уыдысты. Къахкъухтыл кафын, зæгъгæ йæ зæрды ис нæлгоймагæн, уæд – бæрæг бынаты, бæрæг афоныл,  сылгоймаг разыйы дзуапп хъуамæ радтаид.

Ирон адæммæ æддæгуæлæйы кафт уыдис симды бæрзонддæр, уæлцмондæр, кæронбæттæн хай. Ацы хайы архайдтой æрмæстдæр нæлгоймæгтæ куыдкæстæрæй, рогдæрæй, арæхстджындæрæй. Æддæгуæлæйы кафт уыдис хæстон кафт фыдæлты уаг æмæ æгъдауыл. Тыгъд быдырмæ цæугæйæ хæстон фæсивæдæн арæзтой фæндарасты æгъдау Уастырджыйы кувæндоны раз. Куывтой сын бæрæг фæткыл æртæ кæрдзыны æмæ бæгæныйы кæхцæй. Кувæггагæй ацаходыдта хæстон разамонæг æртæ кæстæримæ, уæд-иу  хъисфæндыры цагъдмæ цыдысты бæрæг къордтæй сæ фæндагыл.

Хæстæй уæлахизæй æрбаздæхтысты, уæд-иу сыл сæмбæлдыст  арфæтимæ, фæндыры цагъдимæ Уастырджыйы кувæндоны раз фæзы. Хæстон кафт – симды уагæн ма йæ æгъдæуттæ æрымысынц хистæр кары адæм фæзмæн кæфтыты,  иннæ мидис байрох. Мидхæсты архайджытæ куыд дзырдтой, афтæмæй ма æртæ æддæгуæлæйæ акафыдысты 1921 азы Сауденджызы былгæрон Хуссар Иры бархионтæ æмæ Гæджиты Бадилайы бæхджын полчъы ирæттæ гуырдзиаг меньшевиктыл фæуæлахизы цытæн.

Ирон адæмы царды бæрæг бынат ахстой хъæлдзæггæнæн, фæзмæн кæфтытæ. Архайдтой сæ лæппу æмæ чызг фæсивæд æхсæны куывдты, бæрæгбонты рæстæджы. Уыцы уавæрты чызджытæ лæппуты фæлысты кафыдысты, фæзмыдтой сæ, фæзмыдтой зæронд лæгты æмæ устыты, уазæг лæппуты, фæзмыдтой куыст æмæ улæфты, хæсты æмæ фæдисы уаг.

Адæмон кæфтытæ ахуыргæнгæйæ, адæймаг æрцæуы ахæм хатдзæгмæ, зæгъгæ, адæмон кафты сфæлдыстад кæй фæзынд куысты процессы рæстæджы æмæ йын æнгом бастдзинад уыдис адæмы цардимæ.

Адæмон кæфтыты æвдыст цæуы ирон сæрибаруарзаг адæмы истори, сæ уарзондæр бæллицтæ, националон характеры æууæлтæ.

“Ирон адæмы кæфтытæ фæхуыздæр æмæ фæхъæздыгдæр  кæныны хъуыддаджы стыр куыст бакодтой Гуырдзыстоны ССР сгуыхт архайæг Галаты Барис, Ирыстоны адæмон нывгæнæг Тугъанты Махарбег, ГССР сгуыхт артисттæ Хетæгкаты Владимир, Тедеты Георги, Гаглойты Хазби, Саулохты Мэлс, Дзадтиаты Уакка, Битеты Павел, Цыбырты Валодя æмæ бирæ æндæртæ дæр. Махæн абон фидарæй нæ бон зæгъын у, ирон кафты аивад нæ сæрыстырдзинад кæй у, ” – загъта Гаглойты Ростик.

     БЕСТАУТЫ Валя

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.