Ирон адæм сæ царды бонты сæ сæрæй уæлдæр æвæрдтой се ʻгъдæуттæ. Кæд нæ ирон традицитæ алчи нæ нымайы æмæ йын ирон фынг, зианы уа æви цины, рæстæг æрвитыны фæрæз йеддæмæ ницы у, уæддæр нæ зондахаст цавæр у, уый алчидæр æмбары.

Ирон фынджы традицитæ æххæст кæнын ахсджиагдæр у, æви адæймаджы æнæниздзинад?  Медицинон службæйы булкъон, Культурон-рухстауæн змæлд «Иугонд Алани»-йы разамонæг Хæтæгты Владимир куыд хъуыды кæны, афтæмæй нæ не ʻгъдæуттæ уацары æгæр райстой. Кæд алцæмæй йемæ разы не стæм, уæддæр ын йæ хъуыдытæ хæссæм газеткæсджыты размæ.

– Валодя, рагæй фæстæмæ дæ ныхасы сæр у адæймаджы æнæниз царды уаг. Уымæн та йæ нысан у гуыбын сæрæй уæлдæр ма æвæрын, алцæмæй дæр бæрц зонын. Фæлæ, дæхæдæг æй зоныс, мах ирон адæм стæм. Æндæр у не ʻгъдау, нæ уаг. Бирæ сты нæ хæстæ. Æвæндонæй дæр нæ традицитæ æххæст кæнæм, уыдон та бирæ сты: цины, зианы фынгтæ, дзуары бонтæ… Ахæм уавæрты адæймаг йе ʻнæниздзинадыл куыдæй хъуыды кæна?

– Фондз азы размæ нæ республикæ бахауд Уæрæсейы дæс хуыздæр регионы номхыгъдмæ. Фæлæ, регионты ʻхсæн æнæниздзинады тыххæй цы рейтинг ауагътой, уым та бахаудта фæстаг фондз æвзæрдæр регионы номхыгъдмæ.

Уый цæуыл дзурæг у? Рацу ма Дзæуджыхъæуы уынгты, æндæра расгуытæ æмæ тамако дымджытæ, кæнæ хъæбæр нозт æмæ сигареттæ уæйгæнæг дуканитæ махæй фылдæр искуы фенай. Махмæ цас сты, уыййас Цæцæн æмæ Дагестаны иумæ сисгæйæ нæ фендзынæ.

Иннæ ахæм та нæ ацы хойраджы продукттæ марынц. Афæдзæй-афæдзмæ æнæ бамбийгæйæ чи лæууы, ууыл цас химикаттæ хъуамæ уа, зæгъгæ исчи ахъуыды кæнæд. Уыдоны, советон рæстæджы куыд уыд, ахæм экспертизæйы куы уадзиккой, уæд дуканитæ сафтид уаиккой.

Нæ фæсивæд къордтæ-къордтæй бырсынц юридикон, экономикон факуьтеттæм, куыст та сын нæ вæййы. Фæлæ дзы зæххы куыст никæй хъæуы, адæмæн сæ цæхæрадæттæ кæрдæджы бын фæвæййынц. Афтæмæй та дæхи цæхæрадоны æнæ маргхъæстæйæ цы дыргътæ æмæ халсæрттæ æрзайын кæнай, тайæн дæр уыдон сты. Иннæмæй та, адæймаг цас фылдæр йе уæнгтæ змæлын кæна, уыйбæрц æнæниздæр æмæ уæнгрогдæр кæны.

Фæлæ уæддæр, ныртæккæ ирон адæмы стырдæр трагеди сты æнæкæрон æгъдæуттæ. Нæ фæрæзтæ, нæ рæстæг, не ʻнæниздзинад цæуы æдзухдæр уыдон æххæст кæныныл. Сæ фылдæр хай та сты нæ фынгтæ. Куыд дохтыр, афтæ йæ зонын, инсульт æмæ инфарктæй чи амæлы кæнæ фæрынчын вæййы, уыдонæн сæ 80 процент вæййы фырхæрды аххосаг. Ома, ирон фынджы æгъдау кæронмæ акæнын сæйрагдæрыл нымайæм. Уыцы æнамонд хъуыддаджы мах стæм Цæгат Кавказы республикæты ʻхсæн фыццаг бынаты. Уæдæ нæ фыдæлтæм дæр фырхæрд æмæ уæлдай фыд сæвæрын худинагыл нымад уыди. Фыдæлтæй нын ахæм ныхас баззад: «Нарт нарт уæд уыдысты, сæ гуыбыныл хæцын куы фæрæзтой». Æз фидарæй зæгъын: нæ низтæн сæ фылдæр хæрд æмæ нозты аххосæй сты. Уæдæ зæронды кармæ кæмдæр иу йеддæмæ кæй ничиуал цæры, уый дæр уыимæ баст у. Ныртæккæ иунæг адæймаг дæр уæззау куыст кæнæ æххормагæй нæ амæлы.

– Цы зæгъын дæ фæнды, уый тыххæй нæ ирон традицитыл нæ къух сисæм? Алы адæмæн дæр ис сæхи истори, уаг æмæ æгъдау. Нацитæ кæрæдзийæ дæр уыдон руаджы хицæн кæнынц. Уæдæ мæх дæр не ʻгъдæуттæ куынæуал æххæст кæнæм, уæд стыр Уæрæсейы мидæг батайдзыстæм.

– Æз нæ традициты ныхмæ ницы зæгъын, фæлæ сæ нæ царды сæйраг скæнæм, уый нæ хорзмæ не ʻркæндзæн. Махмæ бирæ кувæндæттæ ис, фæлæ дзы, хъыгагæн, иу дæр фаг хъомылад нæ дæтты фæсивæдæн. Нæ алы бæрæгбон дæр сси гуыбын æфсадыны фæрæз. Цæуылнæ ис зæрдæбынæй скувæн бæгæныйæ? Стæй хуыздæр нæ уаид, нæ фыдæлтæ куыд кодтой, афтæ кувæндæтты бын саразын хъазт, спортивон ерыстæ, бæхты дугътæ… Ирон фынгты «хъæбатыртæ» йæ хъуамæ зоной, хъомыладон фæрæз æрмæст сыкъайыл хæцын æмæ кувын не сты, фæлæ ахæм мадзæлттæ. Æмæ уыдон æххæст кæныныл зæрдиагæй хъуамæ архайой нæ хистæртæ. Ирон фынг æрмæст бахæрынæн нæу, фæлæ хъуамæ уа хъомыладон фæрæз.

  – Æрæджы газет «Северная Осетия»-йы рацыд зындгонд ахуыргонд, экономикон наукæты кандидат, демограф Къæберты Нодары уацхъуыд Ирыстоны демографийы тыххæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, зæрдæфæлæууæн ныхасæй ницы загъта. Цы хъуыды кæныс уый тыххæй?

– Стыр хъыгагæн, Нодар цы хатдзæгтæ скодта, уыдон раст сты. Наци фыццаджыдæр, йæхæдæг йæхи скуынæг кæндзæн. Федералон статистикæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2036 азмæ Цæгат Ирыстоны цæрджытæ фæкъаддæр уыдзысты 6 поценты. Фæлæ уыдон, мæнмæ гæсгæ, фæкъаддæргонд бæрæггæнæнтæ сты.

Зæгъæм, 2013 азы республикæйы цæрджытæ фæфылдæр сты 3400 адæймаджы, 2021 азы та – 1693.  2021 азы райгуырд 8, 1 сывæллоны, мæлгæ та акодта 9, 8 мин адæймаджы. Бафиппайын хъæуы уый æмæ сыхаг республикæты сылгоймæгтæ мах арæндæттæм кæй цæуынц, уымæн æмæ сæхи уæтты бынæттæ нæ фаг кæны. Уый цæуыл дзурæг у?

Официалон бæрæггæнæнтæм гæсгæ, нæ чызджытæн се ʻмбисæй фылдæр 20 азæй 35 азмæ къайады хыгъды нæ лæууынц. Афтæ лæппутæ дæр.  2011 азы сæ цард баиу кодтой 5414 къайы, хицæн та аисты 1935.  2021 азы къайад скодтой 2786 адæймаджы, хицæн та аисты 2837 къайы. Басæттын ыл хъæуы, абон чындзæхсæвты дзаджджын фынгтæ фылдæр сты бинонтыл финансон уаргъ сæвæрыны фæрæз, сæ пайда та у хæрз чысыл, уымæн æмæ уыцы хæрдзтæ æмæ куывдтытæ, хъыгагæн, амондæн ницы ахъаз сты. Æгæрыстæмæй, «æрыгæттæн сæ амонд æнустæм иумæ»-йы тыххæй хистæрты куывдтытæ хъуысынц мæстæймарæгау. Растдæр уаид афтæ зæгъын: ныртæккæ нæ бæстæйы Президент Владимир Путин демографи фæхуыздæры мадзæлтты тыххæй аразы бирæ фылдæр рæсугъд рæгъытæ уадзынæн та бирæ зонд нæ хъæуы. Ныртæккæ алыхуызон материалон æххуыс æрхъуыды кодтой сывæллæттæ æмæ ныййарджытæн, фæлæ уавæр нæ хуыздæр кæны. Уыцы æххуыстæ куы нæ уаиккой, уæд ноджы æвзæрдæр уаид уавæр. Раздæр та ницавæр æххуыстæ истой, фæлæ æвæрæз уæвгæйæ, цалдæргай сывæллæттæ хъомыл кодтой.

–  Уый тыххæй уæ æхсæнадон змæлд «Иугонд Алани» цы мадзæлттæ аразы?

– Æз мæхæдæг куыд нымайын, афтæмæй, нацийы аирвæзын кæнæн ис  æнæниз фæсивæд схъомыл кæнгæйæ. Нæ æхсæнадон змæлды уæнгтæ бакуыстой æмæ сфидар кодтой сæрмагонд принцип: Ирыстоны патриоттыл нымад цæудзысты æртæ, кæнæ, уымæй фылдæр сывæллæттæ чи схъомыл кæна, уыцы бинонтæ. Ацы нысан сæххæст кæнынæн хъæуы рæзгæ фæлтæры æмкъайады цардмæ цæттæ кæнын. Афтæмæй нæ къухы бафтдзæн бинонты институтæн бындур сæвæрын æмæ этносы рæзты нысантыл бацархайын.

Алы æрыгон лæппу дæр йæхимæ хъуамæ райса нæлгоймаджы, бинонты фыды миниуджытæ æххæст кæныны хæс, чызг та – æфсармджын æмæ куырыхон мады миниуджытæ. Уыдонæй æххæст чи уа, уыцы æрыгон бинонтæй аразгæ у дарддæр нæ нацийы хъысмæт. Æнæмæнг, рæзгæ фæлтæры хъомыл кæнын хъæуы патриотизмы бындурыл, цæмæй æмбарой, сыгъдæгдзæсгом уæвын – адæймагæн йе ʻппæты хуыздæр хъæздыгдзинад кæй у, уый тыххæй та сæ куыстыл ахуыр кæнын хъæуы сæ чысылæй фæстæмæ. Хи дарыны фæткыл дæр афтæ.

Ноджыдæр ма, не змæлд «Иугонд Алани»-йы домæнтæм гæсгæ, патриоттыл нымад цæудзысты, Ирыстоны цæрджытæй фæллойы, аивады, спорты, æфсæддон царды намысджын хъуыддæгтæ чи равдыста, зæххы куыст чи кæны æмæ фæлхасгæнæгæн экологон æгъдауæй сыгъдæг халсартæ, дыргътæ чи æрзайын кæны, уыцы адæймæгтæ.

  – Дæ ныхæстæ раст кæй сты, уый æмбаргæйæ, адæймаджы зæрдæ ноджы ныммæгуыр. Уæддæр нæ, цæмæй æнæниз царды уагмæ рахизæм, уый тыххæй цæмæй райдайын хъæуы?

– Кæй зæгъын æй хъæуы, кæстæр фæлтæрæй. Ныртæккæ хистæр æмæ кæстæр фæлтæры ʻхсæн æнгом бастдзинад куы нæ уа, уæд рæзгæ фæлтæры сæхимæ сайынц æндæр фæндæгтæ, фылдæр – интернеты фæрæзтæ. Æрмæст Фейсбукæй пайдагæнджыты нымæц у 2, 5 миллиард адæймаджы. Уый нæ хорзмæ не ʻркæндзæн. Хорз уаид, скъолаты æмæ сывæллæтты рæвдауæндæтты тематикон изæртæ аразын, зæгъæм, Ирыстоныл, Фыдызæххыл, æнæниз царды уагыл, бинонты ахастдзинæдтыл, кæстæр æмæ хистæрты ʻхсæн бастдзинадыл æмæ æндæртыл.

Ацы темæтыл лекцитæ та хъуамæ кæсой дохтыртæ, психологтæ, социологтæ…

  – Цавæр ныстуантæ æрвитыс ирон адæммæ?

– Абон уа æви райсом, мах бахъæудзæн æнæниз царды уагмæ рахизыны сæр, нæ традицитæ та дыккаг бынаты сæвæрын. Кæннод нæ уый хорзмæ не ʻркæндзæн. Алцæмæн дæр ис бæрц æмæ уыцы арæнты фæлгæттæй хизын нæ хъæуы. Ныртæккæ нын сæйрагдæр у нæ чысыл наци скуынæгæй бахизын…

                                                 Ныхас кодта ДЖУСОЙТЫ Нинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.