Æнахъомты фæдыл фарстаты инспекцийы кусджытæ скъоладзаутимæ уадзынц æмбырдтæ вейпты æмæ электронон тамакоты тæссагдзинады фæдыл. Фылдæр хъусдард здахынц хистæркъласонтæм, кæцытæ тынгдæр æмхиц вæййынц æвзæрдзинад саразынмæ æмæ дуджы ног фæзындтæм.

«Электронон сигареттæм бирæтæ уæлæнгай цæстæй кæсынц, ома, дзы хи аирхæфсынæн диссагæй ницы ис. Фæлæ куыд рабæрæг, афтæмæй вейпты донгъæдты ис тынг бирæ зианхæссæг буаргъæдтæ, кæцытæ мæгуырауæй æндавынц адæймаджы æнæниздзинадыл, уæлдайдæр та рæзгæ организмыл. Тамакойы фæздæг та æрмæст йæ дымæгæн нæ хæссы зиан, фæлæ ма йæ фарсмæ уыцы хъæстæ фæздæгæй чи улæфы, уыдонæн дæр. Стæй ма никотиныл организм дæр тагъд ахуыр кæны æмæ фæстæдæр йæ ныууадзын зын вæййы», – зæгъы горæты милицийы управленийы æнахъомты фарстаты фæдыл инспекцийы хайады сæргълæууæг Гатайты Лали.

Лалийы ныхæстæм гæсгæ, хистæр кары адæм хъуамæ арæхдæр ныхас кæниккой кæстæртимæ, адæймагæн зианхæссæг цы у, уыцы фæзындтыл, æмæ уæд æвзæр царды фæндагыл фæсивæдæй бирæ къаддæр лæууид.

Электронон сигареттæ æгæр тæссаг кæй сты, уыцы хъуыддаг тагъд раргом æмæ сæ ныридæгæн дзæвгар бæстæты нал уадзынц уæй кæнын. Æрæджы Уæрæсейы Парламенты дæр ацы фарст æрæвæрдтой æмæ, æвæццæгæн, æввахс рæстæджы УФ-йы территорийыл дæр нал уы-дзæнис сæ уæй кæныны бар. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ хуымæтæджы тамакойæ вейптæ æмæ электронон тамакотæ бирæ фылдæр зиан кæй хæссынц адæймаджы æнæниздзинадæн. Ахæм профилактикон фембæлдтытæ дарддæр дæр уагъд цæудзысты куыд горæты, афтæ районты скъолаты дæр.

ДЖИОТЫ Алыксандр

 

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.