Гуырдзыстоны та уавӕр скарз, провокатортӕ ӕмӕ ӕндӕр алыгъуызон уӕйгӕнджытӕ ӕхсӕнад хӕццӕ кӕнынмӕ хъавынц, ӕмӕ та сӕм революци саразынӕй тӕссаг у. Змӕстытӕ райдыдтой сӕ парламенты раз – депутаттӕ скъуыддзаг кӕнынц «фӕсарӕйнаг агентты» закъон райсыны фарст. Митинггӕнджытӕ сты цалдӕр мины бӕрц ӕмӕ сӕ къухты дарынц Евроцӕдисы  ЛГБТ-йы тырысатӕ. Ӕрмӕст уымӕй дӕр бӕрӕг у, чи сты змӕнтджытӕ  ӕмӕ сын митингмӕ рахизынӕн ӕхца чи фиды. Протестгӕнджыты ‘хсӕн ис, комкоммӕ чи сиды террормӕ ахæмтæ. Ныгуылӕйнаг куратортӕ сӕ «конспекттӕ» нӕ ивынц –  иугъӕдон у сӕ архайд.

Ацы закон райсынмӕ хъавыдысты фарон, фӕлӕ алыгъуызон фӕсарӕйнаг зианхӕссӕг организацитӕ бынӕттон адӕмы растын кодтой масштабон протесттӕм ӕмӕ йӕ нӕ бауагътой райсын. Фӕлӕ ныры разамынады ӕнӕмӕнг хъӕуы ацы закъон райсыны сӕр, кӕннод сын алыгъуызон опозиционертӕ-уӕйгӕнджытӕ цӕлхдуртӕ ӕвӕрынц сӕ архайдӕн. Хуымӕтӕг адӕмы провокатортӕ сайынц, ома, ацы закъон Уӕрӕсе исын кӕны сусӕгӕй ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Гуырдзыстоны разамынад дӕр Уӕрӕсейы политикӕ уадзынмӕ хъавынц. Раст зӕгъгӕйӕ та, ныры къухдариуӕгад йӕ кӕнон кӕронмӕ куы нӕ бакӕна ӕмӕ ацы «иноагентты» закъон куы нӕ райса, уӕд ӕй адӕм нымайын райдайдзысты лӕмӕгъ хицауадыл ӕмӕ фӕззӕджы парламентон ӕвзӕрстыты фембылд уыдзысты.

Гуырдзыстоны парламенты депутаттӕй дӕр фӕсарӕйнаг агенттӕ дзӕвгар ис. Уынаффӕ кӕныны рӕстӕджы оппозиционертӕй сӕ иу Алеко Элисашвили, балыгъд трибунӕйӕ ныхасгӕнӕг Мамука Мдинарадземӕ ӕмӕ йӕ къухӕй ныццавта. Æмæ парламенты стыр хъаугъа рауад. Мдинарадзе уыцы рӕстӕджы ӕрӕмбырдуӕвджытӕн ӕмбарын кодта, зӕгъгӕ ахӕм ӕнгӕс закъон уӕвынад кӕны Уӕрӕсейы ӕмӕ АИШ-ы дӕр.

Цы у «Иноагентты» законы мидис?

АИШ-ы «иноагентты» закъон райстой 1938 азы ӕмӕ нымад у иууыл карздӕрыл ӕгас дунейы. АИШ-ы дӕ фӕсарӕйнаг агентыл куы банымайой, уӕд дын дӕ конституцион барты фылдӕр хай исынц ӕмӕ дӕ ӕвӕрынц контролы бын. Сӕрмагонд службӕтӕ дын хъуамӕ дӕ алы къахдзӕф дӕр зоной, ӕхцайы ӕфтиӕгтӕ дӕм кӕцӕй цӕуы, уый дӕр сын бӕлвырдӕй дзурын хъӕуы. Афтӕмӕй та сӕ ӕнӕкоммерцион организацитӕ ӕгас дунейыл ныппарахат кодтой ӕмӕ сӕрибарӕй знагиуӕг   кӕнынц.

Ныгуылӕны нӕ фӕнды, цӕмӕй Гуырдзыстон ахӕм закъон райса. Уӕд сын йӕ контроль кӕнын зындӕр уыдзӕн, рабӕрӕг уыдзӕн америкӕйаг ӕмӕ ӕндӕр фӕсарӕйнаг бӕстӕты ӕнӕкоммерцион организациты архайды нысан, финанстӕ сӕм кӕцӕй цӕуы, бынӕттон цӕрджытӕй сӕ агенттӕ чи сты, уыдӕттӕ. Ӕргомӕй ӕрсидын сӕм нӕ уæндынц, уымæн æмæ ахæм закъæттæ сæхимæ дæр ис, фӕлӕ хуымæтæг адæмы барӕй сайынц, ома «уӕрӕсейаг» закон у.

Гуырдзыстоны президент Саломе Зурабишвили бахатыд Евроцӕдисмӕ ӕмӕ йӕ францаг коллегӕмӕ, цӕмӕй сын исты баххуыс кӕной ӕмӕ ма бауадзой райсын «иноагентты» закъон. Зурабишвили дӕр йӕ куратортӕй дард нӕ лӕууы, гӕды ныхӕстӕ кӕны, ома ацы закъоны фӕрцы Уӕрӕсе хъавы Гуырдзыстонӕн ногӕй «советизаци» саразынмӕ. Афтӕмӕй та Зурабишвили Гуырдзыстоны никуы цард – райгуырд Францы ӕмӕ у Францы ӕмбӕстаг. Гуырдзыстонмӕ йӕ ӕрӕрвыстой «гастролты» йӕ куратортӕ ӕмӕ йӕ «командировкæ»-йы рӕстӕг куы фӕуа, уӕд фӕстӕмӕ йӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ аздӕхдзӕн. Дызӕрдыг бынтондӕр ничи кӕны, Саломейӕн Гуырдзыстоны ӕмӕ гуырдзиаг нацийы хъысмӕт уӕлдай кӕй у, ууыл.

Парламентон фракци «Грузинская мечта»-йы лидер Мамука Мдинарадзе ӕмбарын кӕны, ома ацы закъоны райст гуырдзиаг адӕмы ныхмӕ нӕу. «Не ‘мбӕстӕгтӕ йӕ хъуамӕ зоной, ӕнӕкоммерцион организациты милуангай доллартӕ цӕуыл хардз цӕуынц, революцитӕ аразынмӕ нӕм чи сиды, не ‘хсӕнад нын чи хӕццӕ кӕны знагиуӕг архайдӕй, ЛГБТ-йы пропагандӕ нӕм чи парахат кӕны, ӕвзӕрстыты рӕстӕджы нын цӕлхдуртӕ чи февӕры, уыдоны».

Гуырдзыстоны разамынад фӕстӕ нӕ фӕлӕудзӕн ныр. Парламенты размӕ цы адӕм ӕрӕмбырд, уыдоны тыхон структурӕтӕ ныппырх кодтой, 14 провокаторы та ахсгӕ ӕркодтой. Дарддӕр дӕр провокатортӕ архайдзысты митингтӕ аразынмӕ, фӕлӕ сӕ ныхмӕ карзӕй куы фӕлӕууой, уӕд сын дзы ницы рауайдзӕн. Стӕй хуымӕтӕг адӕмыл бирӕ баст у, провокатортӕ хъавынц уыдоны растын кӕнынмӕ, цӕмӕй бирӕнымӕц адӕмӕй фӕтӕрсой хицауад ӕмӕ сӕ ма бауӕндой апырх кӕнын. Фӕлӕ бынӕттон цӕрджытӕ фаронау нал сайды кӕнынц, нал ӕууӕндынц фӕлитойты ӕмӕ уӕйгӕнджыты ныхӕстыл.

Гуырдзыстонӕй хъавынц антиуӕрӕсе саразынмӕ 

90-æм азтæй фæстæмæ ныгуылæн бæстæтæ АИШ-ы сæргълæудæй æппынæдзух архайынц Гуырдзыстоны Уæрæсейæ фæиппæрд кæныныл, сæ рагон бастдзинæдтæ аскъуыныныл. Ныббирæ дзы кодтой алыгъуызон зианхæссæг организацитæ, сарæзтой дзы революци, сæ разамынады сты сæ сывæргæ адæм, сæ хъæздыджыты фылдæр хай сын сæхирдæм фæкодтой. Уымæй уæлдай ма сæ 2008 азы сразæнгард кодтой Уæрæсеимæ схæцынмæ дæр, ома мах уæ фарсмæ стæм, уайтагъд уæм æххуысмæ фæзындзыстæм. Ныгуылæнæй ныфс чи æвæры, уый кæнæ æдылы у, кæнæ фыдгæнæг.

Уӕрӕсе раздӕр дӕр ӕмӕ ныр дӕр у Гуырдзыстоны сӕйраг базарадон партнер. Ныгуылæйнаг санкциты фӕстӕ сӕ экономикон бастдзинӕдтӕ ноджы фӕарфдӕр сты, Уӕрӕсейы фӕрцы Гуырдзыстоны бюджетмӕ цӕуын райдыдта бӕрӕг фылдӕр ӕфтиӕгтӕ. Ныгуылӕн бӕстӕтӕ Уӕрӕсеимӕ аскъуыдтой базарадон бастдзинӕдтӕ ӕмӕ сӕ бахъуыд се ‘ргом Азимӕ ӕмӕ Хӕстӕг Хурыскӕсӕнмӕ аздахыны сӕр. Уымӕ гӕсгӕ Гуырдзыстон ссис транзитон территори ӕмӕ исы дзӕвгар ӕхцайы фӕрӕзтӕ.

Гуырдзыстон йӕхӕдӕг дӕр бирӕ товартӕ ӕлхӕны Уӕрӕсейӕ – ӕртаг, хойраг, алыгъуызон фӕлындӕнтӕ, фармацевтон препараттӕ, хӕдтулӕгтӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Уӕрӕсемӕ та Гуырдзыстонӕй ласынц тамако, цай, карз ӕмӕ минералон нозтытӕ, дыргътӕ, халсартӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Гуырдзыстоны автотранспорт цы ӕртагӕй пайда кӕнынц, уымӕн йӕ 60% фылдӕр у Уӕрӕсейӕ ласт.

Кӕд ӕмӕ 2011 азӕй фӕстӕмӕ Гуырдзыстоны скъолаты уырыссаг ӕвзаг нал ахуыр кӕнынц, уӕддӕр цӕрджыты 80 % бӕрц дзурынц уырыссагау. Фӕскавказы бӕстӕтӕй уырыссаг ӕвзагӕй тынг арӕх пайда кӕнынц ӕрмӕстдӕр Гуырдзыстоны. Кӕцыфӕнды уагдонмӕ бацу æмæ дзы нӕ фӕтыхсдзынӕ – алчидӕр дӕм дзы сдзурдзӕн уырыссагау.

Гуырдзыстоны разамынад кӕронмӕ нал ӕххӕст кӕнынц ныгуылӕны хӕслӕвӕрдтӕ

2022 азы Гуырдзыстонӕй дӕр сӕ куратортӕ ӕрдомдтой, цӕмӕй Уӕрӕсейӕн санкцитӕ рахӕссой. Уымӕй уӕлдай ма сӕ разӕнгард кодтой дыккаг фронт ӕрбакӕнынӕй дӕр. Фӕлӕ Гуырдзыстоны ныры разамынады фылдӕр хай сты сӕ бӕстӕйы патриорттӕ, сӕ фидӕн бӕттынц сӕ райгуырӕн бӕстӕимӕ ӕмӕ йӕ ӕмбарынц, ныгуылӕн сӕ спайда кӕнынмӕ кӕй хъавы сӕхи интересты тыххӕй. Санкцитӕ рахӕссын Гуырдзыстонӕн ӕрмӕстдӕр зиан уыдаиккой, сӕ мӕгуырау экономикӕ ноджы раууатмӕ ӕрцыдаид. Фӕлӕ гуырдзиаг хуымӕтӕг адӕмыл чи хъуыды кӕны. Уӕрӕсейы ныхмӕ дыккаг фронт ӕрбакӕнын та сын бынтон катастрофӕ уыдаид – гӕнӕн ис ӕмӕ сӕ паддзахад дӕр фесафой. Ацы хъуыддӕгтӕ тынг хорз ӕмбарынц Гуырдзыстоны разамынад.

Азы райдианы Гуырдзыстоны премьер-министрӕй снысан кодтой Ираклий Кобахидзейы.

Уый ӕппынӕдзух  зӕрдыл дарын кӕны, ома Гуырдзыстоны интерестӕн дзуапп чи нӕ дӕтты, ахӕм къахдзӕфтӕ нал араздзыстӕм. Кӕд ӕмӕ сӕ фӕнд у Евроцӕдисмӕ бахизын, уӕддӕр Кобахидзе архайы, цӕмӕй евроинтеграци Гуырдзыстоныл ӕвзӕрырдӕм ма бандава, ӕмӕ йӕ европӕйаг коллегӕтӕй домы гарантитӕ. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы тыххӕй та йӕ хъуыды у, ома сабырӕй ӕмӕ экономикон инициативӕты фӕрцы ӕрбаиу кӕнын хъӕуы ацы территоритӕ. Ӕппӕт ацы фактортӕ рӕгъмӕ рахӕсгӕйӕ уӕддӕр тӕссаг у тыхӕй спайда кӕнынӕй – Гуырдзыстон ныридӕгӕн дӕр ис егъау ӕндӕвдады бын АИШ-ы ӕрдыгӕй. Куы сӕ бафӕнда, уӕд та дзы революци ацараздзысты ӕмӕ та дзы снысан кӕндзысты ног «Саакашвили»-йы хуызӕны.

 ДЖИОТЫ Алыксандр

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.