Уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы Федерацийы æмбырдгонд командæйы тренер Гуæцæлты Хадзымурат нымад æрцыд 2023 азы хуыздæр тренерыл «РИА Новости»-йы версимæ гæсгæ.
Хъæлæсæппæрст фæцис 10-æм январы. Æрфарсты хатдзæгтæм гæсгæ Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы хъомылгæнинаг æрæмбырд акодта хъæлæсты 34,9 проценты.
Ирыстоны иннæ минæвар, Сидахъты Зауырбег та бацахста æртыккаг бынат.
Гуæцæлты Хадзымурат Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы сæйраг тренерæй нысан æрцыд 2023 азы.