Юмористон радзырд

Ивы дуг, тагъд ивы, нæ цæстыты раз. Æмæ йæ ныхмæ фæлæууæн дæр нæй.  Йæ быны дæ аууæрддзæн, атулдзæнис дыл æмæ дæ кæмдæр фæстейæ фæ-уадздзæн. Стæй ма чиугæ йæ фæстæ бæргæ лидздзынæ, фæлæ ма йæ аййафдзынæ?!

Уæдæ дуг хорз уа æви æвзæр – йемæ æмдзу хъæуы. Уый хорз æмбары Садул æмæ архайы, цæмæй дзы фæстейæ ма зайа, кæд алцы йæ зæрдæмæ нæ цæуы, уæддæр. Алцы нæ, фæлæ бирæ цыдæртæ. Цæвиттон, Ног азы бæрæгбон. Ныры сабитæ йæм, цыма, тынг æнхъæлмæ дæр нал кæсынц, афтæ йæм кæсы. Æниу кæмдæр хæраймаг дæр не сты, мит раздæрау бирæ нал уары, хатт, мæнæ ныр куыд у, афтæ  сау зæххыл дæр арвитæм нæ бæрæгбон. Фæлæ лæджымбæрц мит куы ныууара, уæд дæр ма ныры сывæллоны уымæ бацымыдис кæндзынæ? Мæ хур акæн! Дзурын, цæуын рæстмæ нæма базоны, афтæмæй йæ чысыл цæнгты телефонтæ, гаджеттæм ивазын райдайы æмæ йæ дарддæры царды йе ‘дзухон æмбæлццон, растдæр зæгъгæйæ та йæ цагъар свæййы. Куы рахъомыл вæййы, уæд æй бынтон ницыуал фендавы, æгæрыстæмæй, йæ хызыны чингуытæм дæр фыркъайы каст фæкæны, адон та мæ цæмæн бахъуыдысты, зæгъгæ. Гъе, æмæ митыл дæр, стæм сабитæй дарддæр, цингæнæг нал ис.

Фæлæ цы бакæна Садул, йе ‘ртæ сывæллоны къухтæй куыд стона уыцы æнæхайыры телефонты æмæ сын стæй сæ лæгъстæтæм, сæ бæгъ-бæгъмæ куыд хъуса, уæлдайдæр та Ног азы æрбалæудмæ куы æнхъæлмæ кæсынц, уæд? Нæ, фæлтау сæхицæн сабыр бадæт, Садул та йæ цардæмбал Зæлимæ ногазон фынг цæттæ кæнынмæ фæкæсдзæн.

Хæдзарæй уæлдай хъæлæба нæ хъуыст. Садул æмæ Зæли, фынг цæттæ кæнгæйæ, сабыр ныхас кодтой. Сывæллæттæн ахæм рæстæджы сæ цины хъæлæба хъуамæ хъуыстаид, фæлæ нæ – уыдон кæмдæр хæдзары къуымты хицæнтæй нынныгъуылдысты æмæ нымдзаст сты сæ телефонтæм, раст сын, цыма, Митын дада ныртæккæ сæ телефонтæй алыгъуызон ногазон лæвæрттæ, адджинæгтæ ракалдзæнис, уыйау. Сабырдзинад рæстæгæй рæстæгмæ фехалы чысыл Фатъи – æвæццæгæн хъæлдзæг цæмæдæр кæсы æмæ йæ зæлланггæнæг къæл-къæл райхъуысы.

Рæстæг йæ цыды хай кæны ивгъуыды ‘рдæм. Фидæнæй та æввахсдæр кæны Ног аз. Фæлæ цалынмæ не ‘рбалæууыд, уæдмæ фынг сцæттæ æмæ бинонтæ йæ фарсмæ æрбадтысты. Нырма уал Садул йæ бинонты хъуамæ бафæдзæхса Хуыцауæн, йе скæнгæ зæдтæн æмæ фæстæдæр, Ног аз куы ‘рбалæууа, уæд та сæрмагондæй ракувдзæн, цæмæй сын бирæ, бирæ хорздзинæдтæ æрхæс-са, Митын дада йын барæвдауа йæ сывæллæтты.

– Баба, Митын дада чъынды у, фарон нын хъазæнтæ не ‘рбахаста, стæй йæ къаффеттæ дæр нæ бæззыдысты, нæхиуæттæ хуыздæр уыдысты, – йæ хъуыдытæ Митын дадаимæ кæй уыдысты, уымæ гæсгæ йе нæразыдзинад равдыста Борик – æфсымæртæй кæстæр.

– Зоныс цы, хъæбул, ахæм рæстæг у æмæ бирæ мæгуыртæ ис. Æвæццæгæн уый дæр фæмæгуыр æмæ нал æххæссы дунейы сабитыл, – загъта йын Зæли æмæ йæ хъæбултыл иууылдæр йæ цæст ахаста. Уæлдай ничи ницыуал загъта уыдонæй.

Уæдмæ æрбалæууыд Ног аз дæр æмæ Садул йæ бынатæй сыстад. Райста арахъхъы сыкъа æмæ йын «æгас цæуай» загъта, фæкуывта, цы æмбæлд, уыдæттæ æмæ стæй фæстæмæ йæ бынаты æрбадт. Уыцы рæстæджы дуары къуырцц-къуырцц дæр фæцыд. Сывæллæттæн цы базонын хъуыд, уый Митын дада кæй у æмæ фæгæппытæ кодтой сæ бынæттæй, ныййарц сты йæ размæ. Сыстадысты сæ бынæттæй ныййарджытæ дæр æмæ рахызтысты Митын дадайыл æмбæлынмæ.

Дуар фыццаг сывæллæттæ бакодтой. Йæ хæцæныл æртæйы къухтæ дæр андæгъдысты, афтæмæй йæ фегом кодтой. Æмæ цы уынынц уый?  Сæ разы лæууыд… саузачъе лæг, йæ сæрыл – мæнæ лæппутæ кæй дарынц, ахæм бийгæ худ, йæ раздæры кæрцы бæсты – сау-бурбын пæлæз, къæхтыл цы уыд, уымæн хæйрæг йæ зонæг – дзæбæх ын нæ зындысты. Йе ‘ккой, кæй зæгъын æй хъæуы, голлаг, сывæллæттæн ногазон лæвæрттæ кæм хаста, уыцы æнæбын голлаг.

Сывæллæттæ фергъуыйау сты, фæстæмæ алæууыдысты æмæ сæ ныййарджытæм тарстгъуызæй скастысты. Хистæр фырт Сашкæ хъæбатырдæр разынд æмæ сæ афарста:

– Чи у ацы лæг?

Фыд цалынмæ йæ хъуыдыты дзуапп агуырдта, уæдмæ уыцы лæг ныхас йæхимæ айста:

– Хатыр, фæлæ дис ма кæнут, Митын дада уæ разы ахæм хуызы кæй ис, ууыл. Митын дада митæй хъуамæ уа æмæ ма акæсут, быдыртæм, æндæра дзы уæ цæст искуы митыл схæца? Уæдæ æнæ Митæй æз Митын дада куыд хъуамæ уон, зæгъут ма мын? Æмæ аскъуыддзаг кодтон, цæмæй Митын мауал уон, фæлæ  æцæг дада æмæ афтæмæй азилон хæдзари-хæдзар.

– Фæлæуу-ма, кæд æцæг Митын дада нæ дæ, уæд хæдзари-хæдзар ахæм хуызы цæмæн зилыс? Кæд, мыййаг, цæстфæлдахджытæй нæ дæ?

– Бафхæрдтай мæ, ме ‘фсымæр, цæй цæстфæлдахæг æмæ цæй цыдæр! Ахæм хуызы цæмæн зилын, уый уын загътон, фæлæ ма дзы ис иу аххосаг. Цæвиттон, æрмæст æрдз нæ сызыгъуыммæ, фæлæ сызыгъуыммæ кæнынц адæм дæр. Иутæ хъæздыг кæнынмæ фесты, иннæтæ та мæгуыр кæнынмæ. Æз дыккæгтæм бахаудтæн æмæ мæ бон Ног азы сывæллæттæн лæвæрттæ кæнын нал у. Æмæ аскъуыддзаг кодтон, зæгъын, алæма адæмы сфæлварон, æндæра мын мæ лæггæдтæ фæстæмæ чи куыд бафидид. Бирæ ницы домæг дæн, цæмæй лæггад кодтон, уыдæттæй дарддæр.

Бинонтæ стырæй, чысылæй хъуыдыйыл фесты. Ай сæ разы чи ис, æрвылаз сывæллæттæн ногазон лæвæрттæ чи уæрста уый, æви цавæрдæр фæлитой?

Цардæмбæлттæ цардæмбæлттæ уымæн вæййнц æмæ иугъуызон фæхъуыды кæнынц. Æмæ уыдон дæр аскъуыддзаг кодтой, цæй, радтæм ын ад-джинæгтæ, уымæй дæр, зæгъгæ, нæ фæмæгуыр уыдзыстæм. Сывæллæттæн ацамыдтой, зæгъгæ, лидзгæ æмæ ад-джинæгтæ раскъæфут. Уыдоны бæргæ нæ фæндыд сæ къаффеттæй, Митын дада чи нæ уыд, уыцы лæгæн фæхай кæнын, фæлæ цы сæ бон уыдис. Æвæндонæй алыгъдысты æмæ чысыл фæстæдæр, сæ размæивæзт чысыл æрмтты алыгъуызон къаффеттæ уæлдæфы ленкгæнæгау кодтой, афтæмæй къæсæры раз февзæрдысты.

– Афтæ, гъе, мæ чысыл хуртæ, ныр та мын сымах алæггад кæнут. Æмæ кæд искуы фæхъæздыгдæр уон, кæд та мит раздæрау райдайа уарын, уæд та уæм Митын дадайы хуызы фæзындзынæн лæвæрттимæ, – загъта Сау дада стæй къаффетты йæ дзæкъулы уæрæх хъæлæсы ауагъта.

– Байрæзут дзæбæхæй, Дадайы хъæбултæ, – раарфæ ма сын кодта ноджы-дæр Сау дада йæ дзæкъулимæ архайгæйæ. Фæлæ йæ сæккой кæна æмæ фысымтæн хæрзбон зæгъа, ууыл нæ тагъд кæны. Уый нæ, фæлæ йæхи сраст кодта æмæ Садулмæ комкоммæ бакæсгæйæ, загъта:

– Куыддæр мæм раст нæ кæсы, Ног аз æрбалæууыд æмæ уын иу сыкъайæ ма ракувон, уый.

Ныхас Садулмæ здæхт кæй уыд, уый куыннæ бамбæрста æмæ рахаста дурын сыкъаимæ. Æрыдзаг æй кодта æмæ йæм æй авæрдта. Уый акуывта, куыд æмбæлд афтæ, стæй сыкъа йæ фæндаг акодта дзыхмæ. Зын агурæн уыд хъуынджын цæсгомыл, фæлæ йæ сыкъа уæддæр ссардта æмæ йæ кæрон хæрдмæ ивазгæйæ, йæхи равдæлон кодта.

Зæли уæд фембæрста, ацаходын дæр æй кæй хъæуы, ауад æмæ уайтагъд хæбизджыны лыггагимæ ногæй февзæрыд йæ разы. Уый æхсызгонæй ацаходыдта – хæбизджыны лыггагæн йæ иу æрдæг иу ныхъуырдæн акодта, иннæ æрдæг та иннæ ныхъуырдæн.

Фæлæ та Митын дада нæ æмæ нæ исы йе ккоймæ йæ дзæкъулы. Уый бæсты та райхъуыст йæ ныхас:

– Уæ лæггад бирæ, фæлæ иу сыкъа æлгъыст у, дыууæ  нæ фæччы, æртæ та мæнæн бирæ у, нырма мæ адæмыл зилын хъæуы. Гъе, æмæ мын иу авг йæ ацаходинæгтимæ фæндаггаг куы авæриккат.  Хæдзарыф уын ноджы зæрдиагдæрæй фæкувин.

Садул æмæ Зæлимæ, стæй сывæллæттæм дæр ацы Сау дада цыдæр æнахуыр, æдзæсгом фæкаст, фæлæ æргом ницы загътой. Сæххæст ын кодтой йæ фæндон. Уый сæ йæ дзæкъулы бæстон æрæфснайдта, кæуыл азылд, уыдоны лæвæртты фарсмæ, стæй йæ систа æмæ йæ рогæй йе ‘ккой баппæрста. Лæвæрттæ æнцад лæууыдысты, æрмæст нозты æвгтæн сæ дзыгъал-мыгъул ссыд.

– Нырма афтæ зæронд дæр нæ дæн, мæ хъару нырма мæхимæ ис. Цæй, хæрзизæр раут æмæ уыл уæ Ног азтæ кæддæриддæр дзæбæхæй цæуæт, – раарфæ ма кодта Сау дада æмæ кау-дуарæй феддæ ис.

…Ног азы бонтæ сæ цыды хай кодтой. Адæм хъус-хъус кæнын райдыдтой, Митын дада, дам, горæты кæмдæр магазин бакодта, баххуырста уæйгæнæг æмæ, дам, дзы къаффеттæ æмæ карз нозтытæ уæй кæны.

Æмæ дæ цы нæ уырны? Дуг ивæнтæ кæны. Æрмæст æрдз нæ ивы. Ивы цард æмæ адæймаг йæхæдæг дæр. Æмæ уæдæ Митын дада дæр, мæн тыххæй цыфæнды кæнæт, фæлæ æнæивгæйæ цæмæн хъуамæ баззайа?

БИАЗЫРТЫ Роланд

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.