Удæн адджын адæймагимæ ивгъуыд афоны дзурын цас зын вæййы зæрдæйæн, уый чи рафæлгъаудзæн, чи сбардзæн уыцы хъынцъымдзинад? Фæлæ цы загъдæуа хъысмæтæн, кæй бон у уый ныхмæ хæцын æмæ Гиви, демæ бахъуыд ивгъуыды дзурын. Не ‘хсæнæй дæ ацыдыл дыууиссæдз боны рацыд, фæлæ нырма дæр æнхъæлмæ фæкæсæм де ‘рбацыдмæ, мидбылхудгæ бакæндзынæ дæ фатеры дуар, тыргъæй акæсдзынæ дæ сыхæгтæм… фæлæ нал, дæуæн уый гæнæн нал ис, æрмæст мах фæнды уый, æмæ нæ сайы не ‘нхъæлцау. Ныууагътай дзыназгæ æмæ цæссыгкалгæ дæ цардæмбалы, дæ хъæбулты, саутæ сын скæнын кодтай æмæ афтæмæй сыгъдæг уарзтæй куы уарзтай дæ бинонты, уæд сын ахæм тæрхон цæмæн рахастай? Æниу, цы загъдæуа уæззау низæн, сау мæлæт дæм гæппæввонгæй лæууыд, уæгъд дæ нал уагъта, цардбæллон уæвгæйæ дыл хинæй цæмæн разылд? Удыхъæдæй фидар уыдтæ, дæ цуры бадгæйæ-иу дын мæхимидæг тæригъæд кодтон, ды та дæхи афтæ æвдыстай, цыма дæ ницы риссы, абон райсом дæ куыстмæ фæцæуæг уыдзынæ, æцæг иу хатт дæ дзыхæй сивæрзт: цы уыдзæн, уый уыдзæн, фыццаг æз нæ дæн, æмæ-иу уыцы ныхæстæм адæймаджы зæрдæ фæрсчытæ хаудта. Чи зоны дзургæ афтæ кодтай, фæлæ дæм зæрдæ та цы дзырдта, зæрдæ? Мæнæн-иу уый уæззау, зын уыд, фæлæ йæ æмбæхстон дæуæй, куы фæхицæн уон, уæдмæ. Дæ цардвæндаг нæ уыд лæгъз, фæлæ дæ тыхстæй никуы федтон. Уæ мад æмæ фыдæн уыдыстут чызг æмæ лæппу. Сыгъ-дæг уарзтæй уарзта дæ мыггаджы, цины æмæ хъыджы дæр сæ фарсмæ лæуыдтæ. Уый æддейæ  ма, де сиахсы (Букуылты Ефимы) кæндтæ дæр дæ хæдзары фæкодтай. Уый фæстæ йæ хъæбул (дæ хæрæфырт) уæззау рынчын куы фæци, уæд ын цас лæггад фæкодтай, бынаты дохтыртæн сæ бон куы ницы баци йæ радзæбæх кæнынæн, уæд æй Гуырдзыстоны алы горæттæм фæкодтай, цæмæй йæ къахыл слæууыдаид, фæлæ æгъатыр низ йæ кæнон акодта æмæ йæ æрыгон цард аскъуыд. Уымæн дæр йæ кæндтæ дæхимæ æрхаудтой. Æрмæст та дæ Хуыцау дæр ууыл нæ ныууагъта. Нæ  цыфыддæр знæгтæ 1992 азы куы æрбабырстой Ирыстонмæ, горæт ракетæты æхсты бын куы кодта, уæд та бацарæфтыд иннæ кæстæр хæрæфырт. Уымæн дæр та дæхæдæг æгъдау скодтай æмæ дын Букуылты мыггаг дæ лæггæдты тыххæй уæлдай аргъ уымæн кодтой. Уыдтæ æцæгæй Ирыстоны патриот, мадау æй уарзтай, æмæ уыцы хæстон азты дæхицæн бынат нæ ардтай, дæхицæй кæстæртимæ хъахъхъæдтай горæтмæ знаджы æрбацæуæнтæ, дæ намыс дын бар нæ лæвæрдта тæссаг бонты дæхи бааууон кæнынæн, фæндыд дæ фыццæгтимæ уæвын, уарзтай нымæц – фыццаг, æвæццæгæн, фыццæгæм апрелы гуырд кæй фæдæ, фæлæ цæмæй зыдтай, дæ уд дæр джиуæргуыбайы фыццæгæм бон кæй аскъуыйдзæн.

Адæймаг  куыстæй фидауы, йæ бинонты куыстæй фæдары æмæ уыцы хорз миниуæгæй æххæст уыдтæ, æфсады рæнхъыты службæйы фæстæ куыстай бæлццæттæласæн автобусыл, фæстæдæр та областон контролы, Хуссар Ирыстоны фæндæгтæ арæзтады хайады, стæй та республикæйы электрохызæджы. Ацы куыстуæтты коллективтæн уыдтæ сæ уарзон, фæзынд дын дзы бирæ хæлар æмгæрттæ, уыдонæй дыл сæ царды никæйы зæрдæ бахудт, уымæн æмæ уыдтæ æргом, раст æмæ зæрдæхæлар уды хицау. Уæззау низ дæ фидар уæнгты куы ‘рцахста æмæ дын кусыны фадат куынæуал уыд, уæддæр сæ рохы нæ уыдтæ, арæх дæм рынчынфæрсæг цыдысты, ныфсытæ дын æвæрдтой, цæмæй дæ æгъатыр низыл фæтых уыдаис, фæлæ… Дæхи æвзæр хатын куы райдыдтай, уæд дæ дæ лæппу Игорь Ростовмæ акодта æмæ дын уым фæлтæрдджын хирург – операци дæ бахъæудзæн куы загъта, уæд ды не сразы дæ, дæхиуыл нæ хъуыды кодтай, фæлæ дæ лæппуйыл, «уæд та мыл исты æрцыд, уæд фыдæбоны хай фæуыдзæн» зæгъгæ. Афтæмæй зæрдæхсайгæйæ æрыздæхтæ фæстæмæ. Уый дæр уыд дæ уды сыгъдæгдзинады бæрæггæнæн. Дæ бинонтау дыл уымæн фæрыстысты, хорз кæй хуыдтай, уыцы сыхæгтæ, аргъ дын кодтой дæ организаторон миниуджытæн. Фæрнджын адæймагæй хъарм цæуы æмæ сæ дæ ацыдæй уыцы хъармæй фæцух кодтай, фæцух сты дæ адджын саламæй. Цалынмæ ма дæхæдæг дзæбæх уыдтæ, уæдмæ дæ цардæмбал рынчынтæ кодта, Мæскуымæ йæ дохтыртæм дæхæдæг акодтай, уым ын йæ зæрдæйæн операци скодтой æмæ уæд дæхицæн бынат нал ардтай, уый мын дзæбæх куынæ уа, уæд мæ цард ницы у, зæгъгæ. Кæрæдзи æмбаргæйæ, иу æфсондзы бын ифтыгъдау, фæцардыстут, схъомыл кодтат иу лæппу æмæ дыууæ чызджы, бафтыдтат сæ цардыл, фæзынд уын хъæбулы хъæбултæ æмæ сæ дæ зæрдæ ради, уыдтæ сын зондамонæг, ныфс, бинонты цыт æмæ хъару æмæ сын уый нал ис, фæлæ сын дæ фарн баззайæт сæ цард рæсугъд кæнынæн. Уыцы фарнæй хайджын уæд дæ мыггаг Хъæцмæзтæ, хорзæй дæ мысдзысты, ды та сыл уырдыгæй рæстмæ ауд. Дæ уарзон Ирыстоны зæхх дын, бабызы пакъуыйау, фæл-мæн уæд, дæ бынат та – дзæнæттаг.

КОЗАТЫ Павел

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.