Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент, Хуссар Ирыстоны территоримæ гарзджын тыхты æрбаконды фæдыл гуырдзиаг хицауады архайдтытæ нымайы куыд агрессийы æргом акт, афтæ, кæцы здæхт у регионы æфсæддон-политикон уавæр сдестабилизаци кæнынмæ.

Гуырдзыстоны къухдариуæгады уæвæг политикон тыхтæм нæкæсгæйæ, Хуссар Ирыстоны адæмы ахасты агрессивон паддзахадон политикæ у ацы паддзахады политикон элитæты æнæаивгæ скондон архайд.

Йæ провокацион архайдтыты Гуырдзыстоны æвварсхæцæг, АИШ æмæ НАТО-йы бæстæтæ хæссынц комкоммæ бæрндзинад Фæскавказы сабырдзинад æмæ стабилондзинад фехалыны бафæлвæрдтыты тыххæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент хъусын кæны, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны территориалон æнæхъæндзинад халæг цахæм фæнды провокацитæн дæр ныхкъуырд лæвæрд цæудзæн æппæт гæнæнуæвæг амæлттæй, уыцы нымæцы – тыхон амæлттæй дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.