ИФТОНГГÆРЗТÆ ХЪУАМÆ УОЙ КУЫСТÆВВОНГ

РХИ-йы мыхуыр æмæ информацийы пресс-центры республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Плиты Агуындæ, йæ хæдивджытæ Цоциты Аллæ æмæ Сиукъаты Родионæн уыд фембæлд журналисттимæ. Се `хсæн рауад зæрдæйæ-зæрдæмæ ныхас. Уыдон дзуаппытæ лæвæрдтой, журналистты тынгдæр чи цымыдис кодтой æмæ нæ республикæйы цæрджытæн актуалон чи сты, уыцы фарстытæн.

Пресс-конференцийы æнæниздзинад хъахъхъæныны министры хæдивæг Сиукъаты Родион куыд загъта, афтæмæй министрады медицинон ифтонггæрзты  райдиан техникон ифтонгадæн самал кæнын хъæуы 20 милуан сомы бæрц.

Ацы фарсты фæдыл ведомствойы сæргълæууæг Плиты Агуындæ фехъусын кодта, зæгъгæ, ифтонггæрзтæн техникон лæггæдты системæ кæй нæй, уый УФ-йы федералон казначествойы басгæрсты акты нысан æрцыд, куыд фæткхалæн цау, афтæ. Уыимæ ма Сиукъайы фырт куыд банысан кодта, афтæмæй министрады фæстаг дыууæ азы, æгæрыстæмæй, ноггонд дæр не `рцыд уæвæг медицинон ифтонггæрзты реестр.

“Мах бирæ бакуыстам ацы здæхты æмæ нæм ныртæккæ алцыдæр лæууы хыгъды. Ифтонггæрзтæ дих æрцыдысты дыууæ категорийыл – фыццагмæ хауынц, нæхицæн нæ бон сцалцæг кæнын кæмæн у, уыдон, дыккагмæ та – специалистты æххуыс нæ кæмæн бахъæудзæнис, уыцы ифтонггæрзтæ. Мах зонæм ахæм фирмæтæ, кæцытæ уый фæдыл цæттæ сты немæ бадзырдтæ саразыныл. Фæлæ ам дæр хъæуынц æхцайы фæрæзтæ æмæ куыддæр фæзыной, афтæ планмæ гæсгæ æххæст кæндзыстæм ацы куыст”, – загъта Сиукъайы фырт.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй ифтонггæрзты куыстæввонгæй дарынæн дарддæр хъæудзæн къаддæр æхцайы фæрæзтæ. Цы компьютерон томограф нæм ис, уый бирæ азты куыстæввонг нæ уыд æмæ 2021 азы бахъуыдис 1,5 милуан сомы, цæмæй скуыстаид.

Йæ ныхæстæм гæсгæ ифтонггæрзтæм бирæ рæстæджы дæргъы хъусдард нæ уыд æмæ цалцæг нæ цыдысты, министрадæн рæстæгыл кæй нæ хъусын кодтой уыцы проблемæтæ, уымæ гæсгæ. Ныр министрад карзæй æрдомдта, цæмæй хосгæнæг дохтыртæ рæстæгыл хъусын кæной, кæцыдæр ифтонгад куы фехæла, уæд.

ХЪУСДАРД ЗДÆХТ ЦÆУЫ ХОСТÆЙ ИФТОНГ КÆНЫНМÆ

Хуссар Ирыстоны медицинон уагдæтты хостæй ифтонг кæныны фæдыл дзургæйæ министры хæдивæг Цоциты Аллæ куыд радзырдта, афтæмæй æппæт уæвæг проблемæтæм нæ кæсгæйæ, куыст цæуы ситуаци фæхуыздæр кæныныл, сæ иу хай ныридæгæн скъуыддзаг æрцыд.

“Министрад зынгæ куыст бакодта 2017 азæй фæстæмæ. Биноныг æрцыд формулярон системæ – приоритетондæр низтæн хос кæныны тыххæй препаратты номхыгъд. Бæлвырд æрцыдысты ахсджиагдæр хосгæнæн препараттæ æмæ æрвылаз дæр фидар æрцæуы сæ номхыгъд», – загъта Аллæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, иууыл ахсджиагдæр препараттæй ифтонг цæуынц хосгæнæн уагдæттæ, фармакологион базæртты ссарæн кæмæн нæй, уыдонæй дарддæр.

Хостæ æлхæнгæйæ приоритеты сты æмбæстæгты льготон категоритæ. Фылдæр фæрæзтæ хардз цы категоритыл цæуы, уыдон сты онкологи æмæ сæкæрнизæй рынчынтæ. Уый куыд загъта, афтæмæй æрмæст сæкæрнизæй рынчынтыл æрвылквартал дæр хардз цæуы 9-12 милуан сомы, онкологион рынчынтыл та – 8 -13 милуан сомы.

Ис проблемæтæ – ис се скъуыддзаг кæныны фæндон

Цоциты чызг куыд банысан кодта, афтæмæй 2017 азы сæкæрнизæй рынчынтæ кæд 1,5 мин адæймаджы уыдысты, уæд ацы азы райдианмæ та уыдон систы 2003 адæймаджы. Онкологион рынчынтæ фæфылдæр сты дыууæ хатты. Льготон категоритæ приоритетондæр кæй сты, уымæ гæсгæ рынчындæттæн хостæ æлхæд цæуынц, цы финансон фæрæзтæ ма баззайы, уыдонмæ гæсгæ.

 “Къуылымпытæ вæййы льготон категориты хостæй ифтонг кæныны дæр. Вæййы афтæ æмæ ахæм пациент хостæ райсы иу мæйæн, фæлæ сæ нал райсы иннæ  мæйтæн. Йæ аххоссаг у, хостæ æлхæныны системæ бæстон кæй нæу. Мах æй хъавæм рараст кæнын. Хъуыддаг нæ нал уыдзæн хостæй ахæм ифтонггæнджытимæ, кæцытæ не `ххæст кæнынц, цы контракт арæзт æрцыд, уый”, – бамбарын кодта Цоциты Аллæ.

Плиты Агуындæ йæ рады банысан кодта, зæгъгæ, зын у, хостæй республикæйы æмбæлонæй чи ифтонг кæна, ахæмтæ ссарын.

Æнæниздзинад хъахъхъæнынады минæвæрттæ куыд банысан кодтой, афтæмæй хостæй ифтонг кæныны фарстытæ зындгонд сты æмæ ныфс бавæрдтой, куыст сыл кæй цæудзæнис.

 

НЫФС  СÆ ИС  УÆРÆСЕЙАГ СПЕЦИАЛИСТТÆЙ

Плиты Агуындæ журналисттæн куыд фехъусын кодта, афтæмæй апрелы мæйы кæрон æнхъæлмæ кæсынц хостæй ифтонг кæныны къабазы уæрæсейаг специалистты æрцыдмæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ ацы фарстыл хъæуы бакусын æмæ йæ ныфс ис уæрæсейаг коллегæтты æххуысæй скъуыддзаг кæй æрцæудзысты къорд актуалон фарстайы.

“Нæ дохтыртæн ма уагъд æрцæудзысты мастер-къластæ дæр кардиологи, неврологи æмæ информацион технологиты фæдыл, цæмæй нæ бон уа телемедицинон консультациты центримæ бастдзинад саразын. Арæх нæ дохтырты бахъæуы Уæрæсейы профилон специалисттæй консультаци райсын, цæмæй сбæлвырд кæной хос кæныны дарддæры тактикæ”, – загъта уый.

Ис проблемæтæ – ис се скъуыддзаг кæныны фæндон

Министр ма куыд банысан кодта, афтæмæй республкæйы медицинон уагдæттæ цæттæ сты æппæтхъæуæг ифтонгæрзтæй телемедицинон консультацитæ уадзынæн. Загъта ма, зæгъгæ, ахæм консультацитæ фадат ратдзысты, сыхаг паддзахадмæ æр-выст чи æрцæуынц, ахæм рынчынты нымæц фæкъаддæр кæнынæн.

 

ÆНÆМÆНГХЪÆУÆГ УЫД СЕ СЦАЛЦÆГ КÆНЫН

Плиты Агуындæ ма куыд фехъусын кодта, афтæмæй ацы бонты нæ республикæмæ æрцыдысты Ростовы центр “Диа-лаин”-ы кусджытæ, кæцытæ ифтонггæрзтæ сæвæрдтой медицинон центры диализон залы. Ивгъуыд азы декабры мæйы ам фехæлд гемодиализы иу аппарат, ацы аз февралы та – дыккаг. Ныр сæ ростоваг специалисттæ сцалцæг кодтой æмæ иууылдæр кусынц.

Министр куыд банысан кодта, афтæмæй республикæйы стыр проблемæ ис рентгены ифтонггæрзтимæ дæр. Ныртæккæ куыстæввонг у æрмæстдæр иу аппарат, кæцы ис сывæллæтты рынчындоны. Фæлæ йæ ныфс ис къуырийы æмгъуыдмæ кæй скусдзæн, туберкулезон диспансеры чи ис, уыцы аппарат дæр.

“Ног операцион-хирургион комплексы исæн хайады цы рентген ис, уый нæ кусы 2021 азæй фæстæмæ. Чи йæ æвæрдта, уыцы техниктæ рабæрæг кодтой, цы сты йæ аххосæгтæ, фæлæ сæ саразынæн хъæуы æхцайы фæрæзтæ”, – загъта Плиты чызг.

Йæ ныхæстæм гæсгæ министрад райста уынаффæ, цæмæй рынчынты бæрæг рæстæджы æрвитой сывæллæтты рынчындонмæ. Райдианы сæ æрвыстой туберкулезон диспансермæ, фæлæ инфекцион стационар кæй у, æмæ тасдзинад кæй æвзæрын кæны, уымæ гæсгæ сæ райдыдтой æрвитын сывæллæтты рынчындонмæ.

Республикæйы нæй флюрографи дæр. Ацы фарст министр æрвæрдта УФ-йы æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады раз, цæмæй сын баххуыс кæна стационарон кæнæ ласгæ флюрографи самал кæнынæн.

Министры хъуыдымæ гæсгæ хуыздæр у ласгæ флюорограф, уымæн æмæ уый руаджы басгарæн уыдзæн фылдæр цæрджыты, уыцы нымæцы районты дæр.

Министр ма куыд загъта, афтæмæй ацы азæн бюджеты  æхца нæй ацы ифтонггæрзтæ сцалцæг кæнынæн, уымæ гæсгæ сæ агурын бахъæудзæн хæрдзты фæдыл æндæр статьяты.

 

ОПТИМИЗАЦИ  – АХСДЖИАГ ФАРСТ

Пресс-конференцийы дзырд цыдис фæстаг цалдæр мæйы республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæныны системæйы оптимизаци кæй æрцыдысты 60 штатон иуæджы. Ацы мадзæлтты фæстиуæгæн азы кæронмæ экономи æрцæудзæн 30 милуан сомы бæрц, кæцытæй спайда кæндзысты техникон персоналæн разæнгардгæнæн бафыстытæ бафидынæн. Уый тыххæй бæстонæй радзырдта Плиты Агуындæ. Уый январы кæрон фембæлд йæ уæрæсейаг коллегæ Михаил Мурашкоимæ æмæ цы темæтыл уынаффæ кодтой, уыдон æхсæн уыдысты æнæниздзинад хъахъхъæныны къабазы штатты нымæцы оптимизаци æмæ цалдæр бынаты кусыны проблемæйыл.

Агуындæ куыд загъта, афтæмæй 2016 азæй фæстæмæ Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады раз цы фарстытæ æвæрд цыдысты, уыдоны бахастой æнæниздзинад хахъхъæныны системæйы модернизацийы планмæ. Документты нысан æрцыдис  медицинон организациты архайæг хызæгæй эффективон æмæ рационалонæй пайда кæныны æнæмæнгхъæуындзинад, уæвæг медицинон, уыцы нымæцы лабораторион ифтонггæрзты раст эксплуатаци кæнын. Уымæй дарддæр ма министрады раз æвæрд цыдис хæс æнæниздзинад хъахъхъæныны инфраструктурæ дарддæр реформæ кæныны фæдыл. Фæлæ банысангонд бæрæггæнæнтæ хуссарирыстойнаг фарсæрдыгæй æххæст нæ цыдысты кæнæ та сæ æххæст кодтой тынг ныллæг æмвæзадыл. Уымæ гæсгæ ныртæккæ æнæниздзинад хъахъхъæныны разамынад бахауд зын уавæры. Уымæн æмæ уыцы бæрæггæнæнты уæддæр хъæуы къухты бафтын кæнын, фыццаджыдæр та штатты нымæцы оптимизаци, кæцы йæ фæдыл расайдзæн куыстæн фидыны оптимизаци.

Министр куыд банысан кодта, афтæмæй оптмизацимæ нæ бахаудтой медицинон кусджытæ.

“Ацы мадзæлттæ мах райдыдтам вакантон бынæттæй. Алчидæр зоны республикæйы кæй ис цалдæргай бынæтты кусыны проблемæ. Фæлæ, махмæ иуæрдыгæй ис медицинон кусджыты дефицит, иннæмæй та дзы ис вакантон бынæттæ æмæ хатт бахъæуы иу адæймаджы цалдæр бынаты кусыны сæр.”

Ахæм уавæр, Агуындæйы ныхæстæм гæсгæ, уыдзæнис, цалынмæ нæ республикæмæ æрыгон дохтыртæ не `рцæуой, уæдмæ. Абоны бонмæ цалдæргай бынæтты кусынц анестезиологтæ æмæ реаниматологийы службæтæ. Уый куыд загъта, афтæмæй ахæм специалисттæ нæ фаг кæнынц Уæрæсейы дæр. Ис педиатрты дефицит дæр. Иумæйагæй сисгæйæ, министры ныхæстæм гæсгæ уæлдæр цæджы 20-30 медицинон кусæджы баззайдзысты цалдæргай бынæтты. Уыимæ бакуыстæуыд, цæмæй иу кусæг куса æрмæстдæр 1,5 штатыл.

“Ацы фарстытыл лæмбынæг уымæн дзурын æмæ сыл уынаффæ кодтам УФ-йы æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады æмæ махмæ æнхъæлмæ кæсынц уыцы сразыдзинæдтæ сæххæст кæнынмæ, кæцытыл къухтæ æрфыстой æрмæст ведомствойы нæ, фæлæ республикæйы къухдариуæггæнджытæ дæр,” – банысан кодта министр.

БЕСТАУТЫ Валя

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.