Дзауы районы Къозы хъæу дæрддзæф кæй у, уымæ нæ кæсгæйæ, куыддæр Къуайсайы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæн фадат фæцис, афтæ æрæвнæлдтой фæндаг митæй асыгъдæг кæнынмæ. Хæдзарады сæргълæууæг Хъæцмæзты Варладик куыд загъта, афтæмæй Къозы хъæумæ фæндаг  æхгæд æрцыд егъау мит æруарды фæстиуæгæн.

«Кæд боныгъæд ныртæккæ хорз у æмæ мит нал уары, уæддæр уый размæ цы мит æруарыд, уый тынг бандæвта Къуыдаргомы хъæуты фæндæгтыл. Къозы фæндагмæ техникæ арвыстаиккам, уый фадат нын нæ уыд. Нæ хæдзарады ис цалдæр тракторы, фæлæ дзы кусы æрмæстдæр иу, уымæ гæсгæ нæ тых кодта хъæуты фæндæгтæ сыгъдæг кæныныл, мит тынг кæй уарыд, уый аххосæй. Уымæ гæсгæ нын  Къозы фæндагмæ æрæвналын абоны онг фадат нæ фæцис. Ныр дыууæ боны дæргъы нæ хæдзарады кусджытæ архайынц ацы фæндаг митæй ссыгъдæг кæныныл. Фæндаг куыд уæлæмæ цæуы рагъырдæм афтæ мит у бирæ фылдæр æмæ зындæр у йæ сыгъдæг кæнын. Куыддæр рагъæй схизой афтæ куыст фæрогдæр уыдзæн. Мах куыд æнхъæлдтам афтæ тагъд нæ фæуыдзысты сыгъдæггæнæн куыстытæ, фæлæ ма иу цалдæр боны дарддæр æххæст цæудзысты»-радзырдта Хъæцмæзты Варладик.

Цæрæнуатон-коммуналон службæйы сæргълæууæг ма куыд загъта афтæмæй хъæуы кæд бирæ цæрджытæ нæй, уæддæр дзы чи ис, уыдонимæ йын ис телефоны бастдзинад. Йæ ныхæстæм гæсгæ уыдон фæцух сты хæлцадон продукттæй, фæлæ куыддæр фæндаг сыгъдæг æрцæуа, афтæ ифтонг æрцæудзысты хъæуæг продукттæй. Нæ тыхсынц æртаг-сæрдæн æрмæджытæй дæр.

ТАНДЕЛАТЫ Виленæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.