Дард цардвæндагыл фæцыд. Ӕмæ иууыл лæгъз æнцонцæуæн нæ уыд йæ развæд – кæм дурджын, кæм та-иу дзы бæрзонд къæбыртæ дæр фегуырд. Фæлæ адæймаг удыхъæдæй фидар куы уа, куы тырна йæ нысанмæ, æмæ уыцы нысан та рæсугъд куы уа, уæд ын зындзинæдтæ хъыгдарыны хос не сты, ахиздзæн къæбырты сæрты, басæтдзæн къæдзæхтæ дæр йæ фæндагыл.

Ахæм фидар удыхъæды хицау разынд Къуылыхты Ингæ Альберты  чызг  дæр.

“Фыццаг урок, фыццаг ныфсæвæрæн фæлтæрæн. Кæмæ куыд фæкаст, уый нæ зонын, фæлæ мæнæн мæ зæрдæйы баззад  адджын мысинагæй. Мæ фыццаг урок фыццæгæм къласы лæвæрдтон. Хурытынау чысыл сабитыл мæ цæст куы ахастон, уæд мæ зæрдæ куыд нæ бандзыг, фæлæ иу чысыл куы аныхас кодтам, уæд кæрæдзи бамбæрстам. Мадау сæ рæвдыдтон, фæлæ сæ домгæ дæр афтæ кодтон.  Тарстæн-иу, сывæллæттæ мæм куы нæ хъусой, фæлæ уыдон уроктæм цыдысты рæвдзæй. Ӕвæццæгæн, къласмæ мæ фыццаг бакъахдзæф фæрæстмæ,” – дзырдта Ингæ.

Чи зоны æмæ нæ фæрæстмæ уыдаид, ахуыргæнæджы курдиат дæм куы нæ уыдаид, уæд. Уый та, фыццаджыдæр, дæхи тыхы фæрцы, чингуыты уæлхъус цы æгъуыссæг æхсæвтæ арвыстай, æмæ сабиты афтæ æнæкæрон уарзт кæй кодтай, уый фæрцы.

“Кæй зæгъын æй хъæуы æнцон нæу сывæллæттимæ кусын, алкæмæ дæр сæ  уæлдай ахаст хъæуы, алчи дæр сæ уæлдай рæвдыд домы, фæлмæн рæвдаугæ ныхасæй сæм дзурын фæхъæуы, куы рæдиой уæддæр, цæмæй сæ  зæрдæтæ ма фæриссой, ма фæхъæбæр уой сæ дарддæры ахуырмæ, махæн уый у нæ сæйраг хæс. Зын у, кæй зæгъын æй хъæуы, рæвдауæндæттæй уайтагъд скъоламæ рахизын. Бирæтæн сæ бон нæу уыййас рæстæг бадын æмæ  хатт рацу-бацу фæкæнынц уроктыл, рæвдаугæ ныхасæй сæ æрбадын кæнын. Чи та мын дзы урокыл афынæй вæййы,”- зæгъы Ингæ.

Бирæ æрыгон фæлтæрты арвыста Ингæ царды раст фæндагыл, йæ сыгъдæг удыхъæд, йæ арф зонындзинæдтæ æмæ йæ педагогон фæлтæрддзинадæй сын раргом кодта царды “сусæгдзинæдтæ”. Ирон æмбисонд куыд зæгъы: “Бæлас талайæ тасы”. – Цæмæй талайæ рæсугъд бæлас сырæза, уый тыххæй йæм хъæуы базилын æмæ дын ратдзæн хорз тыллæг. Зылд æм куы нæ уа, уæд та рог дымгæмæ дæр йæ къалиутæ сæтдзысты. Афтæ у нæ фæсивæды фидæны хъуыддаг дæр. Фæсивæды зонды абон цы байтауай, уый фидæны æркæрддзынæ. Сывæллæтты хъомыл кæнынæй, уыдоны раст фæндагыл бафтауынæй сæйрагдæр хъуыддаг абоны царды ницы ис.  Ацы æмбисондыл хæст уыд Къуылыхон дæр. Ӕмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, сæрыстыр у йæ абоны æмæ йæ раздæры хъомылгæнинæгтæй. Йæ бирæазон æнтыстджын куысты фæстиуæг сты, йæ къухæй цардмæ цы курдиатджын фæсивæд рацыд, уыдон. Бирæтæ дзы систы стыр ахуыртсынц Ирыстон æмæ Уæрæсейы алы сахарты. Ис дзы инженертæ, дохтыртæ, стоматологтæ, æфсæддон службæгæнджытæ.

Къуылыхты Ингæ  нæ рох кæны, скъолайы цы азты кусы, уыдон се ‘ппæт дæр, фæлæ йын уæлдай æрхъуыдыкæнинагдæр сты фæстаг 15-20 азы. Йæ райгуырæн Ирыстоны стыр зындзинæдтæн æххæстæй æвдисæн у æмæ йæхи удæй бавзæрста, 2-æм скъолайы йæ хъомылгæни-нæгтæ сæ риуæй куыд бахъахъхъæдтой Ирыстоны зæхх. Афтæ зæгъæн ис, æмæ райгуырæн сахармæ æмæ Ирыстонмæ, уыцы æнæкæрон уарзондзинад, уыцы æхсар æмæ хъæбатырдзинад, ирон лæгдзинад сын сæ туджы чи бауагъта, уыдонæй сæ иу у намысджын ахуыргæнæг æмæ хъомылгæнæг Къуылыхты Ингæ. Уыдоны сгуыхтдзинадæй  алы хатт дæр сæрыстыр у, уымæн æмæ  зоны йæ фыдæбон дзæгъæлы кæй нæ фæци, уый. Ныртæккæ дæр ахуыры азы райдиан алы ныййарæг дæр фæтырны, цæмæй йæ сывæллон Ингæ Альберты чызгмæ бахауа, хорз ахуыргæнæгыл нымад кæй у, уый тыххæй. Фæлæ алкæмæн уый нæ бантысы.

Ингæйæн йæ иузæрдион куысты тыххæй лæвæрд æрцыд бирæ хорзæхтæ – Кады грамотæ, йæ хæстæм бæрнон ахаст кæй дары, уый тыххæй.

Фæлæ æппæты стырдæр хæрзиуæгыл нымайы йæ дыууæ хъæбулы Наташæ æмæ Верæйы. Дыууæ дæр ын фесты уæлдæр ахуыргæнæндæттæ,  Сæ иу  у архитектор, иннæ та таможнæйы хаххыл ацыд.

Къуылыхты Ингæ æмæ уый хуызæн иннæ ахуыргæнджыты иузæрдион æмæ намысджын куыст нын нæ зæрдæй ныфс уадзынц, нæ рæзгæ фæлтæрæн хорз хъомылгæнджытæ кæй ис, уымæй.

        Æлборты Агуындæ                    

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.