Къостайыхъӕуы скъолайы агъоммӕ кары сабитӕ ӕмӕ сӕ ныййарджытӕ тынг тыхстысты, хъӕуы сывӕллӕтты рӕвдауӕндон кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй. Уавӕр бахынцыд ӕрцыд ӕмӕ 2017 азы апрелы мӕйы скъолайы ног бӕстыхайы бакодтой рӕвдауӕндон. Уый ныр ӕртыккаг аз рӕдауӕй лӕггад кӕны нӕ чысыл хуртӕн. Фӕлӕ алы ногдзинады дӕр вӕййы, баххӕст кӕнын кӕй фӕхъӕуы, ахӕмтӕ дӕр. Сабиты зӕрдӕтӕ цины ӕнкъарӕнтӕй байдзаг сты, амӕйразмӕ сын нӕ Президент Бибылты Анатоли хъазӕнтӕ куы балæвар кодта, уӕд. Уӕддӕр сабитӕ тынгдӕр фӕтырнынц уынджы атезгъо кӕнын ӕмӕ ахъазын, фӕлӕ дзы нӕ уыд уавӕртӕ. Уый тыххӕй домгӕ дӕр кодтой районы разамонджытӕй ӕмӕ ацы бонты сӕххӕст сӕ бӕллиц. Ӕрӕджы администрацийы сӕргълӕууӕг Мамытаты Вахтанг йӕ пресс-конференцийы рӕстӕджы ныфс бавӕрдта, Къостайыхъӕуы сывӕллӕтты рӕвдауӕндоны дӕр хъазӕн фӕзуат кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй. Ацы цауыл тынг фӕцин кодтой рӕвдауӕндоны сабитӕ ӕмӕ хъомылгӕнджытӕ ӕмӕ сын ныр фадат уыдзӕн алыгъуызон хъӕзтытӕ кӕнынӕн.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.