Амонджын бинонты царды хъайтар

Къæбысты Заринæ æмæ Зозиаты Спартак сты нæ республикæйы амондджындæр бинонтæй сæ иу. Спартак ныртæккæ хайад исы Донбассы сæрмагонд хæстон операцийы, йæ ныййарæг мад Виолетæ, Заринæ æмæ се’ртæ хъæбулы та зæрдиагæй æнхъæлмæ кæсынц ам. Æрæджы йемæ телефоны куы ныхас кодтой, уæд ын сывæллæттæ загътой тынг æй кæй мысынц. «Мысын уæ æз дæр. Сымахимæ куы аныхас кæнын, уæд мын фенцондæр вæййы, фæныфсджын вæййын», — дзуапп сын радта Спартак.

Кæй зæгъын æй хъæуы, стыр ныфс у хæстон лæгæн йæ бинонты аудындзинад.

«Æз, дзауаг чызг, Спартак — ходаг лæппу, базонгæ стæм интернеты, стæй фембæлдыстæм стæм лæгæй-лæгмæ æмæ чысыл рæстæджы фæстæ нæ цард баиу кодтам», — хъæлдзæгæй дзуры Заринæ.

Æвзонг æмкъæйттæ цæрынц кæрæдзийыл аудгæйæ, хъомыл кæнынц æртæ хъæбулы — дыууæ чызджы æмæ иу лæппу. Хистæр чызг Виктория æмбары йæ фыд кæм ис, уый, фæлæ Заринæ куыд загъта, афтæмæй бинонты ’хсæн бæлвырд ныхас никуы вæййы хæстон темæйыл.

«Мæнмæ гæсгæ раст нæу æнахъом сабитæн хæсты æппæт зындзинæдтæ бæлвырдæй зонын кæнын, æмæ ма сæ уарзон фыд дæр уым кæй ис, уый зоной. Уый сын бандавдзæнис сæ психикæйыл», — загъта Заринæ.

Ивгъуыд азы апрелы мæйы ацыд Сæрмагонд хæстон операцимæ æмæ уæдæй нырмæ ис уым.

«Куы мын æй загъта, уæд мын, кæй зæгъын æй хъæуы, тынг зын уыд. Сæмхæццæ сты тас æмæ фæдисы æнкъарæнтæ, алыгъуызон тæссаг хъуыдытæ. Фæлæ цæмæй мæн æмæ йæ ныййарæг мады æрсабыр кодтаид, уый тыххæй нæ асайдта, зæгъгæ, куыд техникон кусæг, афтæ цæуын», — зæгъы Заринæ

Зын зæгъæн у хæстон лæджы хæрзæвзонг цардæмбалы зæрдæйы уæдæй нырмæ цы хъуыдытæ сæвзæрыд, алыгъуызон фыдбылызы хабæрттæ хъусгæйæ цал æмæ цал хатты ахъуыды кодта, фембæлдзæнис ма йыл, æви нæ, фæлæ дыууæ æмкъайы æхсæн куы вæййы кæрæдзиæмбарынад, уæд дардмæ дæр фенкъарынц кæрæдзийы уавæр.

«Æз никуы ахъуыды кодтон æмæ ме ’мкъай цы зæгъа, кæнæ цы сараза, уый раст нæу. Уымæн æмæ кæддæриддæр у арфхъуыдыгæнаг, хиуылхæцгæ. Нæ уыд ахæм хъуыддаг, Спартак цыдæр араза æмæ фæрæдийа. Ныфс мæ ис, тагъд рæстæджы уæлахизимæ æнæфыдбылызæй йæ бинонтыл кæй сæмбæлдзæнис», — загъта Заринæ.

Къæбысон кæд тынг мæт кæны йе ’мкъай хæсты быдыры кæй ис, уый тыххæй, уæддæр загъта:

«Хæстон уагæвæрды домæнмæ гæсгæ цы горæты ис, уый зæгъыны бар дæр ын нæй, фæлæ Хуыцауæй стыр бузныг дæн, æрвылбон дæр ын йæ смс-тæ кæй райсын, телефоны йын йæ хъæлæс кæй фехъусын. Тынг зын у, де ’ввахс адæймаг цы уавæрты ис — цы хæры, куыд улæфы уыдæттæ нæ зонын. Фæлæ æфсæддон уæвгæйæ йæ разы лæууæг хæстæ хъуамæ æххæст кæна æнæмæнгæй, цас фæнды зын ма уа йæхицæн дæр æмæ мæнæн дæр. Æз сæрыстыр дæн мæ цард ахæм адæймагимæ кæй баиу кодтон. Царды æппæт хъуыддæгты дæр цæттæ дæн йемæ цæуынмæ, йæ фарсмæ мæхи æнкъарын амондджын, у мæн, æмæ мæ сабиты фидар ныфс, нæ царды сæйраг хъайтар, фидæны сæ раст зондыл чи бафтауа æмæ сын сæ цардвæндæгтæ хæрзвадат чи скæна, ахæм фыд», — загъта Заринæ.

Спартакы дыууæ чызджы Виктория æмæ Каролинæйыл цæуы 10 æмæ 8 азы, йæ фырт Дауытыл та 4 азы. Уыдон сæ мадимæ бацæуынц аргъуанмæ æмæ кæд нырма æнахъомтæ сты, уæддæр цырæгътæ ссудзынц. Заринæ сæ куы афарста, сымах та цы фæкувут, уæд ын загътой:

«Цæмæй, зæгъ, нæ фыд тагъд æрцæуа». Чысыл Дауыт бахатыд Викториямæ, цæмæй йын ныффысса фыстæг, тынг бирæ кæй уарзы йæ фыды. Бинонты æндæр æрвитæккæгтимæ Спартак райста йæ хъæбултæй алкæйы номæй дæр фыстæг, уыимæ Викæйы фыст чысыл Дауыты фыстæг дæр. Æмæ ма цы уыдзæнис уымæй амондджындæр хъуыддаг хæстон лæгæн!

Уæрæсейы Федерацийы президент Владимир Путины номæй январы мæйы Зозиайы фырт хорзæхджын æрцыд Уаз Георгийы IV-æм къæпхæны орденæй. 2008 азы 8 августы Хуссар Ирыстоны хæстон архæйдтыты рæстæджы йыл цыд 18 азы. Активон хайад исыны тыххæй йын лæвæрд æрцыд Кады грамотæтæ æмæ æндæр хорзæхтæ.

Æрбалæугæ — Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бонмæ Спартакы мад æмæ йæ хо Джиоты Виолетæ æмæ Рая, Заринæ æмæ сæ чысыл сабитæ арфæ кæнынц сæ иунæг ныфс æмæ хæстонæн.

«Уæнт Ирыстоны зæдтæ йæ хъахъхъæнæг», — загътой бинонтæ.

ХУЫГАТЫ Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.