26-æм декабры 95 азы сæххæст уыдаид зындгонд прозаик, драматург, хуссарирыстойнаг чиныгкæсджыты уарзондæр фысджытæй сæ иу, Гаглойты Михаилы фырт Владимиры райгуырдыл. Владимир ирон литературæйы историйы ныууагъта егъау фæд, тынг бирæ сарæзта æмæ балæггад кодта нæ театралон аивадæн, уымæ гæсгæ йæ ном баззадис, куыд арфхъуыдыгæнæг, уæздан, æнкъараг æмæ æнæхъыгдаргæ адæймаг, афтæ.

Гаглойты Владимир райгуырдис 26-æм декабры 1928 азы Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Додоты хъæуы. Уый фыццаг ахуыр кæнынмæ бацыд сæ хъæуы скъоламæ, райдиан скъола каст куы фæцис, уæд уый фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Зары хъæуы астæуккаг скъолайы. 1946 азы фидæны фыссæг бацыд Хуссар Ирыстоны педагогон институтмæ филологон факультетмæ ирон æвзаг æмæ литературæйы хайадмæ. 1951 азы кусын райдыдта Хуссар Ирыстоны рауагъдады редакторæй.

Ахуырмæ æвзыгъд лæппу фæстæдæр бацыд Советон Цæдисы Фысджыты цæдисы цур Максим Горькийы номыл Мæскуыйаг литературон институтмæ æмæ йæ æнтыстджынæй каст фæцис 1957 азы.

Хуссар Ирыстонмæ æрыздæхгæйæ Гаглойты Владимир кусын райдыдта Хуссар Ирыстоны драмон театры литературон хайады сæргълæууæгæй. Фæстæдæр та куыста рауагъдад «Ирыстон»-ы чингуыты секторы сæйраг редакторæй. 1973 азы та ссис журнал «Фидиуæг»-ы сæйраг редактор.

Кæддæр йæ мысинæгты Хъодалаты Герсан Гаглойты Владимиры тыххæй фыста: «…Фынддæс азы бæрц фæкуыста Валодя журналы сæйраг редакторæй, æз та йын поэзийы хайады сæргълæууæг уыдтæн. Валодя уыд æнæхъыгдаргæ, иугъæдон адæймаг. Ома, æз сæйраг редактор дæн æмæ мæ дæлбар кусджытæм мæ уæхсчы сæрты кæсон, уый дзы никуы рахатыдтæн. Уый нæ, фæлæ йæхæдæг кæддæриддæр зæрдиагæй хынцыдта нæ фæндиæгтæ…

Валодяйы зæрдæ уыдис тынг æнкъараг. Романтикон равгæй базырджын уæвгæйæ, уый иудадзыгдæр йæхи расæрф-басæрф кодта бæрзонд арвы мозаикон фидыц – зæриндзаст стъалытыл, худгæ хурыл, æхсæвы цырагъдар мæйыл, Ирыстоны цъитисæр хæхты тигътыл… Цин сыл кодта, сывæллонау, хуызджын ахорæнтæй сæ ныв кодта йæ прозаикон уацмысты, йæ драмæты.

Уыцы фæлмæн æмæ цинæмхиц зæрдæ йæ хорзæхæй хайджын кодта йе ‘мбæлтты дæр. Искæй дзыхыакæнинаг уацмысыл-иу йæхи уацмыстау цин кодта…», – дзырдта Хъодалаты Герсан. Уый ма фыссæджы уацмыстæн аргъгæнгæйæ, банысан кодта, зæгъгæ, Валодяйы уац-мысты реалистон æмæ романтикон нывтæ æмдзæрин кæй уыдысты, уымæ гæсгæ сæ адæм кастысты зæрдиагæй. Уымæй дарддæр ма арæхст, интригæйон сценæтæ, эпизодтæ саразынмæ æмæ уыдон та ноджы цымыдисондæр кодтой уацмысты.

Уæдæ куыд уынæм, афтæмæй Гаглойты Владимиры сфæлдыстадон биографи райдыдта 1950 азы. Цыбыр рæстæгмæ æрыгон фыссæгæн бантыст цымыдисон драмон æмæ прозаикон уацмыстæ сфæлдисын. Йæ пьесæтæ «Æнæбасæтгæ адæм», (1951 аз), «Зæлинæ» (1956 аз), «Сызгъæрин фæткъуы» (1961 аз), «Уарзондзинады кадæг» (1963 аз) æмæ «Ныййарæджы кадæг»-ыл (1967 аз) стыр æхсызгонæй кæддæриддæр æмбæлдысты сценæмæкæсджытæ æмæ сын аргъ кодтой. Уымæй дарддæр ма Владимир ныффыста ахæм пьесæтæ: «Зæрдæйы сагъæс», «Нæ фехъуыстон ма зæгъ», «Зæххон хуыцæуттæ, «Иунæджы кадæг», «Дæ амонды тыххæй», «Тугæйдзаг чындзæхсæв», «Цæуыл худынц стъалытæ», «Табæт», «Æнæхонгæ уазджытæ» æмæ æндæртæ.

Ацы пьесæтæм гæсгæ-иу арæх куыд дыууæ Ирыстоны, афтæ Уæрæсейы, Киевы сæвæрдтой спектаклтæ. Владимиры пьесæ «Ныййарæджы кадæг» уыд тынг æнтыстджын. Ам сæйраг хъайтар у дзуарыхъæуккаг Гæздæнты авд æфсымæры мад, кæцы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фесæфта йæ хъæбулты. Автор афтæ арæхстджынæй райхæлдта ацы æнамонд мады удыгъæд, ахæм фидар хъæддых сылгоймагæй йæ æвдисы æмæ чиныгкæсæджы дисы æфтауы.

Владимиры пьесæты конфликт сытынг вæййы цадæггай, стæй бынтон раргом вæййы æмæ схæццæ вæййы кульминацимæ. Уыимæ иумæ рæзынц йæ хъайтартæ, уыдон сты алыгъуызæттæ æмæ уыцы-иу рæстæджы æрбаиу вæййынц иу нысаны тыххæй – цардхуыздæр саразыны сæраппонд.

Гаглойты Владимир йæхæдæг ирон æвзагмæ ратæлмац кодта бирæ уырыссаг фысджыты пьесæтæ, зæгъæм, А. Островскийы «Доходное место» æмæ æндæртæ.

Зæрдæмæхъаргæ сты фыссæджы радзырдтæ, уацаутæ æмæ романтæ. Йæ чингуыты «Зæрдæйы сагъæстæ», «Адæмæн зæхх у сæ дарæг», «Дæ амонды тыххæй»-йы автор æвдисы хъайтарты бæрзонд хæрзæгъдауон фæлгонцтимæ. Кæд Владимир егъау куыст бакодта драматургийы фадыджы, уæддæр æй фыццаджы фыццаг базыдтой куыд прозаик, афтæ. Уымæн æмæ уайтагъд йæ уацмыстæ тæлмац æрцыдысты уырыссаг æвзагмæ, уымæй дæр стыр тиражтимæ. Гаглойты Владимирæн тынг популярон уыдис йæ роман «Гъе мардзæ, исчи!» (Пробуждение). Уый йæ рæстæджы стыр тиражæй рацыд уырыссаг æвзагыл æмæ цыбыр рæстæгмæ реализацигонд æрцыд. Ацы романы æвдыст цæуы 19-æм æнусы кæрон 20-æм æнусы райдианты хæххон адæмты тохы истори сæ хæдбардзинады сæраппонд.

Гаглойты Владимир йе сфæлдыстадон куысты нæ фæхъыг кодта сывæллæтты, сæрмагонд хъусдард сæм аздæхта. Уымæн йæ сисы бынæй рацыд цымыдисон уацмыстæ æмæ йын сты хицæн чиныгæй.

Владимир йе сфæлдыстадон куыстæй дарддæр æххæссыд æхсæнадон куыст кæнынмæ дæр. Разæнгардæй æххуыс кодта Национ музей сæндидзын кæнынæн 40-æм азты. (1941 азы музейы уыд зынгсивæрзт æмæ разиан кодта музейон экспонаттæн). Ацы хъуыддаджы тыххæй журнал «Фидиуæг»-ы йæ мысинæгты Владимир афтæ фыста: «1947-æм азы этнографион æрмæг æртымбыл кæныны тыххæй музейы кусджытæ цыдысты экспедициты Хуссар Ирыстоны хъæутæм. Иухатт экспедицийы бацыдысты Гаглойты хъæумæ. Æз мæхæдæг экспедицийы уæнгты кодтон хæдзæрттæм. Хъуыды ма йæ кæнын, сæдæаздзыд Гаглойты Гæбила нын рауæй кодта мыггаджы хъама цавæрдæр нахуыр фыстытимæ æмæ нывтимæ. Ола, Тедеты Цамелы чындз, авд сидзæры мад та нын балæвар кодта бæхифтындзæн дзаумæттæ, саргъ уыдис æвзистæй конд. Уыдон уыдысты йæ сæрыхицауы фыды. Сылгоймаг нæ бахæлæг кодта йæ чындздзон уæлæдарæсы фæлындæнтæ зынаргъ металлтæй арæзт (риуæгънæджытæ, рон)… Бынтон æрæджы мæ бафæндыд, уыцы дзаумæттæ цы фесты, уый тыххæй базонын æмæ уыдонæй иу дæр музейы нæ разындис. Фесæфтысты».

Гаглойты Владимирæн ноджы фылдæр бантыстаид, фæлæ алыхуызон низтимæ кодта тох, йæ сæрыл уæлæмæ схæцыны фадат ын никуы радтой. Иннæмæй та йæ бинонты цард йæхи фæндиаг нæ ацыд – йæ дыууæ фырты цæрынхъуагæй бабын сты. Уыцы уæззау маст не сфæрæзта йæ рыст зæрдæ æмæ атындзыдта а-дунейæ.

Гаглойты Владимир йæ цардæй ахицæн 12-æм февралы 1996 азы Мæскуыйы. Ныгæд у Цхинвалы. Нæ горæты уынгтæй сæ иу, раздæры Чъавчъавадзейы уынг 2003 азы 15-æм майæ фæстæмæ хæссы зындгонд фыссæг – Гаглойты Владимиры ном.

Ныртæккæ йæ роман «Гъе мардзæ, исчи!»-мæ гæсгæ нæ театры æвæрынц спектакль «Саухъус æлдар» æмæ йын рæхджы аргъ кæндзыстæм.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.