(Æнӕ национ хъуыдыйӕ адӕмӕн уӕвӕн нӕй)

Алы адӕмы ӕхсӕн дӕр ис, национ иудзинадыл зӕрдӕйӕ чи тыхсы ӕмӕ йӕм йӕхи пайдайы цӕстӕй чи нӕ кӕсы, ахӕмтӕ. Цыфӕнды бӕстӕйы адӕмты тыххӕй дӕр ныхас куы фӕцӕуы, уӕд уый ӕмбарын хъӕуы афтӕ: нацийы бындурӕвӕрӕг дзыллӕ ӕмӕ йын йӕ хъаймагъ чи хӕры, уыцы ”тӕрхоны лӕгтӕ”.

Ахӕм къордты архайд алы адӕмтӕм иухуызон у: ӕнӕраст хъуыддӕгтӕй исбон скодтой, бӕрзонд сбадтысты ӕмӕ сӕхицӕн радтой, бӕстӕйы фӕллойӕн хи бакӕнын ӕмӕ разамынд дӕттыны бар. Уымӕ гӕсгӕ уыцы къордтӕм алыхаттдӕр вӕййы сӕ бынтӕ бахъахъхъӕныны цымыдистӕ (фӕлмӕнӕй йӕ зӕгъӕм афтӕ). Уыдонӕн иумӕйагӕй ницы ис бӕстӕ ӕмӕ адӕмы лыггӕнинаг фарстытимӕ. Уымӕ гӕсгӕ сӕм нымады никуы уыдзӕн цавӕрдӕр “национ хъуыды”. Сӕ кӕфхъуындарон фӕндтӕн пайда чи нӕ уа, уый ныхмӕ уыдзӕн сӕ тох ӕппыныдзух дӕр.

Абоны рӕстӕг “нырыккон уӕздӕтты” – ног ирӕтты (кӕс: тугцъиртӕ) дих кӕнынц дыууӕ къордыл: иутӕн сӕ къухы ис хицауад, иннӕтӕн та – бӕстӕйы фӕллой. Фыццӕгтӕн сӕ нысан у фӕллой скӕнын, цалынмӕ сын фадат ис, уӕдмӕ; иннӕтӕ та сӕ фӕллойы фӕрцы тырнынц ӕмӕ бырсынц хицауады сконды бынӕттӕ бацахсынмӕ. Дыууӕ фыры хуызӕн фӕйнӕрдӕм фӕцӕуынц, ӕмӕ кӕрӕдзи куы ныггуыпп кӕнынц, уӕд сӕ цӕхӕрӕй мӕгуыр адӕм басудзынц.

Сӕ исбон ӕмӕ барады фӕрцы “куыдз ӕмӕ гӕды” куыд хъазой, афтӕ фӕсивӕд ӕмæ ‘взонгадимӕ хиирхӕфсӕнтӕй сӕхицӕй тыхстхуыз адӕм аразынц. Ӕмӕ уыдон куы “срӕгъӕд” вӕййынц, уӕд сын “национ хъуыдыйы” бӕсты баппарынц алыхуызон (“патриотон”, “динон”, “спортивон”, кӕнӕ ӕндӕр исты “онтӕ”) хъӕзтытӕ. Цӕмӕй нӕ адӕммӕ ӕцӕг патриотон ӕнкъарӕнтӕ ма гуырой, уый тыххӕй нӕ мыхуыры фӕрстӕ, радиохъусынады уылӕнтӕ, телеуынынады экрантӕ ӕмӕ интернеты хызӕгтӕ байдзаг сты алыхуызон ӕнӕкӕрон сериалтӕ, ӕнӕпайда телеравдыстытӕ ӕмӕ радиобакастытӕй. Ӕмӕ дзы кӕй сӕр нӕ разындзӕн, кӕй хъӕлӕс нӕ райхъуысдзӕн?!. Уыимӕ цъыф калынц Фыдыбӕстӕйы хӕсты Стыр Уӕлахизыл, раст адӕм ӕмӕ патриоттыл. Алыхуызон ӕдылы, ӕнӕсӕрфат, ӕнӕбындур хъуыдытӕ парахат кӕнынц адӕмы ӕхсӕн – импери саразын, ног паддзах равзарынӕй – бӕстӕ фараст хайыл ныддихтӕ кӕныны онг. Цыма райсом паддзах куы равзарӕм, уæд АИШ ӕмӕ Ныгуылӕйнаг бӕстӕтӕ сӕ санкцитӕ аивдзысты, уый хуызӕн. Хуыцау хорз ӕмӕ нӕ бӕстӕйы ивгьуыд ӕнусы нӕуӕдзӕм азтӕ фӕсте аззадысты, ӕндӕр та исты фыдбылыз ӕрцыдаид нӕ дзыллӕйыл.

Нӕ бӕстӕйӕ динон паддзахад кӕнӕ монархи саразынмӕ чи сиды, уыдоны адӕмы мӕт ӕппындӕр нӕй: сӕ нысан у дины ӕххуысӕй дзыллӕйы ӕнӕразы-дзинад иннӕрдӕм аздахын, цӕмӕй та, раздӕрау, ӕууӕндын райдайой “фидӕны рухс цардыл”, Хуыцауы паддзахадыл ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Афтӕмӕй та – цыфӕнды дин хъахъхъӕны ӕмӕ парахат кӕны цагъарад (раб божий, раба божья…) ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цӕуы алы хицауады зӕрдӕмӕ дӕр. Фӕлӕ диссаг та куыд нӕ у, дунейы цытджын ӕвзӕгты “цагъары” бӕсты ӕндӕр дзырд кӕй не ссардтой, уый. Ӕмӕ йӕ кӕд агургӕ дӕр нӕ кодтой, кӕд сӕ хъӕугӕ дӕр нӕ код-та.

Ныртӕккӕ ӕгас дунейы мидӕг дӕр динӕй разы нал сты: пысылмӕттӕм фӕзынд ваххабизм, европӕйаг адӕмтӕ дӕр ӕууӕнкыл сӕ къух исын райдыдтой. Зӕгъӕм, Лондоны 1000 чырыстон кувӕндонӕй 700 ӕввахс уӕйгонд(?!.) ӕрцыдысты: ничиуал сӕм цыд ӕмӕ хъалон цӕмӕй фыстаиккой, уый сӕм нал уыд. Цӕмӕн афтӕ рауад, зӕгъгӕ, исчи куы бафӕрса, уӕд ын дзуапп агурыныл бирӕ хъуыды нӕ хъӕуы. Зӕххы къори ӕмӕ йӕ дунеӕмбарынадон уагӕвӕрды ӕрцыдис стыр ивддзинӕдтӕ.

Уӕлдӕр цы загътам, уый нӕ дызӕрдыг кӕнын нӕ уадзы, “национ хъуыды”-мӕ фаг хъусдард никуы уыдис, нӕдӕр коммунистты рӕстӕджы, нӕдӕр демократты дуджы. Уымӕн ӕмӕ уыдон ӕгас адӕмты хъауджыдӕр цардысты ӕмӕ цӕрынц ӕндӕр закъӕттӕм гӕсгӕ. Раздӕры хуызӕн ныр дӕр ног уырыссӕгтӕ, ног ирӕттӕ цӕрынц мӕнг бындур сидтмӕ гӕсгӕ: “Хицӕн ницы, алцыдӕр – ӕндӕртӕн! Ӕцӕг сӕ баууӕндын нӕма фӕнды иу тынг вазыгджын хьуыдыйыл: абон адӕймаг цыдӕриддӕр кӕны, уый кӕны, фыццаджыдӕр, йӕхи тыххӕй. Фӕлӕ дзыллӕйы минӕвӕрттӕ ӕхсӕнады мидӕг сӕ хӕстӕ сыгъдӕг-зӕрдӕйӕ куы ӕххӕст кӕной, уӕд сӕ архайд пайда хӕссын райдайы “иннӕтӕн” дӕр. Цӕмӕй ахӕм цардыуаг ныффидар уа нӕ бӕстӕйы, уый тыххӕй схӕцын хъӕуы уӕлӕмӕ нӕ экономикӕйыл. Ӕмӕ уӕд адӕмы цард дӕр зынгӕ фӕхуыздӕр уыдзӕн.

Ӕрмӕст нефт, газ ӕмӕ хӕцӕнгарз уӕй кӕнынӕй уалдай нӕ хицауады агурын хъӕуы ӕндӕр фӕрӕзтӕ ӕмӕ мадзӕлттӕ дӕр. Уымӕн ӕмӕ уыцы хуызы цы пайда райсӕм, уымӕн йӕ фылдӕр хай бамидӕг вӕййы фӕсарӕнты ӕмӕ дзы нӕ экономикӕйы рӕзт, кӕнӕ нӕ адӕмы царды уавӕртӕ фӕхуыздӕр кӕнынӕн ницы фӕпайда вӕййы.

Цӕмӕй ахӕм домӕнты бындурыл амад программӕ адӕмӕн ахъаз кӕнын райдайа, уый тыххӕй уӕлӕмӕ сисын хъӕуы ӕппӕт ӕхсӕнады фӕткӕвӕрдадон ӕмвӕзад. Ӕнӕ уымӕй ӕхсӕнадӕн йӕ бон нӕ бауыдзӕн, Ельцины рӕстӕджы сӕфт чи ӕрцыдис, уыцы этикон нысӕнттӕ сӕ бынаты сӕвӕрынӕн. Нӕ бӕстӕйы знӕгтӕ ӕнӕрлӕугӕ цъыф калынц Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты архайджытыл, халынц ӕдзард хӕстонты цыртдзӕвӕнтӕ ӕгас Европӕйы паддзахадты дӕр. Советон Цӕдис ӕмӕ Германы нацистты ӕмхуызон нымайынц дыккаг дунеон хӕст ракъахджытыл. Ельцины дуджы сӕ сӕр цы идеологтӕ сдардтой, уыдон нын дӕнцӕг хӕссынц Солженицынӕй, уӕйгӕнӕгӕй. Уыйбӕрц цъыф ничи фӕкалдта нӕ Цытджын Цӕдисыл.

Фӕрахӕт-бахӕт кодта алыхуызон бӕстӕтыл, ӕппынвӕстаг, ӕрбынӕттон АИШ-ы Вермонты Штаты. Ныгуылӕн идеологийы сӕрхъуызойтӕ дзы йӕ рӕстӕджы хорз спайда кодтой, уый фӕстӕ никӕйуал хъуыд ӕмӕ ферох ис… Иӕ уавӕр куы бамбӕрста, уӕд сфӕнд кодта фӕстӕмӕ Уӕрӕсемӕ ӕрбаздӕхын. Здӕхгӕ та ӕрбакодта нӕ бӕстӕмӕ Дард хурскӕсӕнырдыгӕй. Цӕугӕ та кодта поезды ӕмӕ ӕнӕфенгӕ нӕ фӕцис, бӕстӕ ӕмӕ адӕмтӕ цы уавӕры скуыси сты, уый; паддзахады сӕхи бакодтой, ахӕстон рагӕй кӕмӕ куыдта, уыдон.

Афтӕ зӕгъӕн ис Сталины чызг Светланӕ Аллилуевайӕ дӕр. Фыццаг уыд ӕмӕ ауӕй кодта йӕ фыды – аивта йӕ мыггаг. Уый фӕстӕ ауӕй кодта йӕ Райгуырӕн бӕстӕ, йӕ сывӕллӕтты сидзӕрӕй ныууагъта, афтӕмӕй фӕлыгъд фӕсарӕнтӕм. Уымӕй дӕр спайда кодтой, стӕй уый дӕр ферох ӕмӕ йӕ цард фӕци Лондоны мӕгуырдоны. Уӕйгӕнӕг разынд йӕ чызг Ольгӕ Петерсон дӕр иу хатт дӕр йӕ мады мӕгуырдоны нӕ бабӕрӕг кодта. Цыбыр ныхасӕй, цы агуырдта Светланӕ, уый ссардта.

Адӕймаг йӕ фæстаг къӕхтыл куы слӕууыд ӕмӕ ивгъуыдыл йӕ къух куы систа, уӕдӕй фӕстӕмӕ хъуыды кӕнын райдыдта йæ фидӕныл. Уыцы зондахаст дзыллӕйы кӕны кӕрӕдзимӕ хӕстӕгдӕр ӕмӕ сӕ рох кӕнын нӕ уадзы, адӕм кӕй сты, уый. Ӕнӕ уыцы ӕнкъарӕнтӕй аразӕн нӕй удгоймаджы ахастдзинӕдтӕ дзыллӕимӕ. Уымӕ гӕсгӕ тырнын хъӕуы, алчидӕр йӕ лӕджыхъӕд сӕрибарӕй кӕм ӕвдиса, ахӕм цардыуагмӕ… Ӕххӕстдзинадмӕ тырнгӕйӕ, уыдон агурынц фӕткӕвӕрдадон сыгъдӕгдзинад. Рӕстдзинадыл ӕууӕндын ирон адӕмӕн сӕ туджы ис, ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ, цӕсты гагуыйау, хъахъхъӕнын хъӕуы. Ивгъуыдмӕ нӕ цӕстӕнгас здахгӕйӕ, мах дисы бацӕуӕм фыдӕлты сӕрибармӕ бӕллынадӕй, хъысмӕтыл ӕууӕндыдад ӕмӕ сӕ кадылмардӕй.

Абон куыд сбӕрӕг, афтӕмӕй уыдонӕн мин азты дӕргъы сӕ царды бындур ӕвӕрд ӕрцыдысты ӕппӕтадӕмон хӕзнатӕ. Уыцы зонындзинӕдтӕ сын гом кодтой сӕ удыхъӕд, ногӕй нывӕстой сӕ сурӕт. Алы адӕймаджы сурӕтӕн дӕр ис мид ӕмӕ ӕддагон мидис. Уыдоны сӕйраг нысан у хи ӕххӕст сурӕт нывӕндын. Адӕймаджы архайд ын ивы йӕ цардыуаг, йӕ куысты уаг, йӕ цӕстӕнгас, йӕ уынынад. Фӕлдзусад ӕххӕст кӕны адӕймаджы бӕллиц ӕмӕ йын уӕнгрог кӕны йӕ уагӕвӕрд ӕмӕ йӕ мидсӕрибар.

ХОЗИТЫ Барис

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.