Республикæйы разамынад цынæ мадзæлттæ аразынц, цынæ бафæлвæрдтой, ахæм ницыуал баззад, цæмæй фæндагон фыдбылызтæ къаддæр кæной, фæлæ уавæр нæ хуыздæр кæны. Уымæн æвдисæн фæстаг бонты та адæмы зæрдæтæ чи нынкъуысын кодта, цалдæр ахæм фæндагон фыдбылызы.

Уыдæттыл уыд сæ ныхас РЦИ-Аланийы Мидхъуыддæгты министрады автоинспекцийы управленйы хицау Моураты Таймураз æмæ Фæндæгтæ æмæ транспорты комитеты сæрдар Солиты Тариэлæн, автоинспекцийы цы фембæлд сарæзтой, уым.

Сæ ныхасы сæйраг нысан уыд административон барадхæлдтытæ автоматикон æгъдауæй нысан кæныны æнæлыггонд фарстатæ хуыздæрæрдæм раивыны фæдыл.

Автоинспекцийы кусджытæ фехъусын кодтой автомобилон фæндæгтыл æдасæй цæуынæн цы мадзæлттæ арæзт цæуы, цавæр цæлхдуртыл æмбæлынц æмæ фæндæгтыл фыдбылызтæ фæкъаддæр кæнынæн уæлæмхас цавæр мадзæлттæ аразынц, уыдæтты тыххæй. Æмбырды архайджытæ æркастысты фæндæгтыл цæуыны æдасдзинад фæхуыздæр кæнынмæ æмæ 2024 азы автомобилон фæндæгтæм хуыздæр базилыны нысæнттæм.

Ныхас ма цыд транспортыл нозтджынæй чи сбады æмæ йæхи дæр æмæ искæй дæр фыдбылызы чи баппары, уыдоны ныхмæ æфхæрæн мадзæлттæ фæкарздæр кæныны тыххæй.

Фæндæгтыл æдасæй цæуыны ахсджиаг фарстатыл дыууæ организацийы мадзæлттæ иумæ аразын кæй хъæуы, уыцы ахсджиаг фарстайыл фембæлды архайджытæ сразы сты æмхуызонæй æмæ рахастой хъæугæ уынаффæтæ.

Уæвгæй та, ахæм уынаффæтæ иу æмæ дыууæ хатты нæ рахастой. Фæлæ, мæ хъуыдымæ гæсгæ, раздæр алчидæр йæхицæй хъуамæ райдайа. Ирыстоны цалынмæ хион æмæ æддагон нымайой, фæндæгтыл цæуыны æгъдаухæлдтыты цауты бирæтæ сæхи æнæуынæг скæной, фыдгæнджытæн цъыссымæй рахизынæн æххуыс кæной, уæдмæ фæндæгтыл фыдбылызтæ нæ фæкъаддæр уыдзысты…

 

УАЗÆГДОНТЫ  НЫМÆЦ  РÆЗЫ

Цæгат Ирыстон ис, чысыл цæрæнуæттæ-фысымуæттæ аразынæн паддзахадон æххуыс фылдæр чи райста, Уæрæсейы уыцы регионты номхыгъды. Уый тыххæй фехъусын кодта нæ бæстæйы экономикон райрæзты министр Максим Решетников.

Ивгъуыд азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Цæгат Кавказы ацы национ проекттæн стыр аргъ скодтой. 2024 азы кæронмæ ахæм чысыл фысымуæттæ аразынæн субсидитæ райсдзысты нæ бæстæйы 58 регионы.

Туристтæн хæрзвадат уавæртæ скæнынæн ног цæрæнуæтты инвестицион проектты бындурыл ныр уыдзæн бирæ æнцондæр. Фидæны афæдзы æппæт афонты дæр чи кусдзæн, уыцы курорт «Мамысон»-ы арæзтадыл дзургæйæ, министр куыд банысан кодта, афтæмæй ацы ахсджиаг арæзтадмæ иудадзыг сæ цæст дарынц республикæйы æххæстгæнæг органтæ. Куыстытæ æнæрлæугæйæ цæуынц. Цы фарстытæ сæвзæры, уыдон афоныл лыггонд æрцæуынц. «Мамысон» у, республикæйы ныртæккæ куыст кæуыл цæуы, ахæм егъаудæр æмæ зындгонддæр инвестицион проект. Уыимæ, республикæйы æххæстгонд цæуынц æндæр ахсджиаг проекттæ дæр: комплекс «Аква-Сити», туристон-рекреацион комплекс «Къæхтысæр» æмæ æндæртæ. Æппæт уыдæттæн та хъæуы, уæлдæр кæй кой ракодтам, ахæм фаг цæрæнуæттæ æмæ уазæгдонтæ, цæмæй туристтæн уа баулæфынæн æппæт фадæттæ.

Æмткæй куысты бæрæггæнæнтæ бахынцгæйæ, федералон министр куыд бафиппайдта, афтæмæй æппæт регионтæ дæр уæхскуæзæй архайынц национ проекттæ æмæ федералон программæты уагæвæрдтæ царды рауадзыныл. Уый фæсидт регионты разамонджытæм, цæмæй сæ проекттæ æххæст кæнынæн ахъазгæнæг программæтæ афоныл бадæттой федералон профилон ведомствотæм.

                                                               Нæ  уацх.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.