Знауыры район дæр хауы нæ республикæйы аграрон зонæмæ. Уымæ гæсгæ йæ цæрджытæ баст сты хъæууонхæдзарадон кондадимæ. Иутæ йæ рæзтмæ сæ бавæрд хæссынц фермерон хæдзарадты архайгæйæ, æндæртæ та сæ хисæрмагонд хæдзарадты дарынц фос, кæнынц зæххы куыст. Фæстаг рæстæджы районы цы ивындзинæдтæ цæуы, йæ цæрджыты царды æмвæзад бæрзонддæр кæныны фæдыл цы куыст цæуы, уыдæтты тыххæй журналистты фарстытæн дзуапп радта районы администрацийы сæргълæууæг Гобозты Алан, Мыхуыр æмæ информацицийы комитеты цы пресс-конференци уыд, уым.

– Ныр дыууæ азы бæрц рацыдис Знауыры районы администрацийы сæргълæууæгæй дæ куы снысан кодтой, уæдæй фæстæмæ. Дæ куысты райдианы дзырдтай, разæй дæм кæй æнхъæлмæ кæсы бирæ ахсджиаг фарстытæ аскъуыддзаг кæнын. Цы дын бантыст саразын æмæ дæм цы бакæнинаг хъуыддæгтæ æнхъæлмæ кæсы разæй?

– Районы сæргъ слæугæйæ, æз уым æрбаййæфтон тынг хорз коллектив. Нæ хъуыддæгтæ аразынмæ æрывнæлдтам æмзонд, æмразыйæ. Уæлдай хъусдард аздæхтам районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады куыстмæ, уымæн æмæ уыдонæй скъуыддзаггæнгæ сты бирæ цардуагон проблемæтæ.

– Хъæууон лæгæн иууыл сæйрагдæр сты фæндаг, дон æмæ электроифтонгад. Уыдон куы уой, уæд ын цæрынæн уыдзæнис алы фадæттæ дæр. Куыд ифтонг сты районы цæрджытæ уыдонæй?

– Мах хорз æмбарæм, уыцы хъуыддæгтæ активонæй скъуыддзаг куынæ цæуой, уæд ма нæ хъæуты цы кадавар адæм баззадысты, уыдон дæр кæй фæлидздзысты хуыздæр цардагурæг. Фæндæгты тыххæй зæгъдзынæн уый æмæ уыдонæй кæй сцалцæг кодтам Цънелис, Лопан, Балта, Калет æмæ Метъехы хъæутæм. Бæстон куыст сыл æрцыдис, фæлæ сын тæрккъæвдатæ разиан кодтой æмæ та сæ ногæй хъæуы бацалцæджытæ кæнын. Ацы аз та фæндæгтæ сцалцæг кæндзыстæм Цъорбис, Хъорнис æмæ Сихиаты хъæутæм. Уелит-Знауыры `рдæм фæндаг дæр ис бынтон æдзæллаг уавæры æмæ тыхсынц уыцы хъæуты цæрджытæ. Æмæ нæ бон куыд уа, афтæ архайдзыстæм сæ аскъуыддзаг кæныныл. Фæнды нæ, цæмæй дзы кæцыдæр хъæутæм фæндæгтæ асфальт дæр æрцæуой. Махæн хъæутæм фæндæгтыл нæ бон у хуыр ныккалын æмæ сæ алæгъз кæнын, асфальт скæнын нæхи тыхтæй скæнын нæ бон нæ бауыдзæнис, уымæ гæсгæ бахатыдыстæм нæ республикæйы разамынадмæ æмæ нæ ныфс ис, кæй нын баххуыс кæндзысты, уымæй. Нæ техникæ дæр нæ тынг нæ амыдтой, хæлдысты æмæ иу сæ цалынмæ цалцæг кодтам, уæдмæ рæстæг дæр цыдис, стæй-иу нæ боныгъæдтæ дæр хатт нæ амыдтой. Проблемæтæ уыдис ивæн хæйттæ самал кæныны, кусджытæн рæстæгыл сæ куыстмызд фидыны. Æппæт уыдæттæ ныр скъуыддзаг æрцыдысты æмæ алчидæр йæ куыст кæны æнæзæрдæхудтæй.

Дон дæр нын бантыст рауадзын Цадыбыны хъæумæ, Цънелисы Гуиргуинайы хъæуæй нæм иу хæдзары цæрджытæ бахатыдысты æмæ сæм бауагътам дон. Зиулеты ма дон кæдæм нæ цæуы, уыдонмæ дæр æввахс рæстæджыты бауадздзыстæм. Дон ма бауагътам Ожора æмæ Алибары хъæуты цæрджытæй кæмæ нæ уыдис, уыдонмæ дæр.

Хъæууон адæймаг фылдæр йæхи æркæнгæ халсæрттæй архайы. Уыцы фадат нæ уыд Бахъаты хъæуы цæрджытæн. Цы-иу бакуыстой, уыдон дæр-иу сын æнæ донæй фесæфтысты. Ныр скъуыддзаг æрцыд ацы фарст дæр. Ифтонг æрцыдысты донхæры донæй æмæ сын бирæ фенцондæр. Чъорбаулийы хъæуы нын бантыст доны басейн саразын. Уый куыд йедзаг кæна, афтæ йæ графикмæ гæсгæ уадздзысты цæрджытæм. Доны хъуагдзинад æййафынц Дидмуха, Самцхъаро, Принеу æмæ ма æндæр хъæуты цæрджытæ дæр. Æмæ нæ бон куыд уа, афтæ архайдзыстæм уыцы хъæуты дæр донæй сифтонг кæныныл. Ноджыдæр ма йæ зæгъын техникæ нын нæ къух нæ амоны. Арæх хæлынц æмæ нын уыййас нæ бантысы, бакъуылымпы вæййæм. Убиаты хъæумæ цы дон рауагътам, уымæ къæвдайы дон хъары æмæ уым дæр нæ зæрды ис басейн саразын, цæмæй сыгъдæг дон исой. Нæ фæнд ма у Бехъмары хъæуы сæрмæ ахæм басейн саразын. Бынтон зын уавæры сты ацы хъæуы цæрджытæ. Дон сæм сæрдæй зымæгæй кæнæм ласгæ.

– Районы фермерон хæдзарадты уавæр та куыд у?

– Уый у иууыл риссагдæр фарст. Фермерон хæдзарад райтынг кæныны тыххæй кредиттæ райстой бирæтæ. Фæлæ иу цалдæр лæппуйæ дарддæр иннæты  архайд нæ зыны, сæ нысаниуæгмæ гæсгæ сæ нæ сархайдтой. Махæн сын баххуыс кæнын нæ бон нæу æхцайы фæрæзтæй. Техникæйæ сæм фæкæсдзыстæм. Æцæгæй ацы куыст райтынг кæнын кæй фæнды, уыдонæн загътон, цæмæй æрбавдисой сæ бизнес-проекттæ. Æххуыс сын кæндзыстæм, фæлæ сæ архайд хъуамæ уа уыцы проектмæ гæсгæ, афтæ нæ æмæ гæххæттыл иу фыст уа, æмæ æнæуый та æндæр хъуыддæгтыл хардз цæуой, уыцы æхцатæ.

– Хъæууон хæдзарады перспективондæр здæхтытæ кæцыты нымайыс?

– Нæ районы ставдкъах фос, фысдард, кæсагдард райтынг кæнынæн ис хорз уавæртæ. Зæгъын хъæуы уый æмæ зæххы куыст кæнгæйæ дæр мах тынг хорз зонæм, кæм дзы цы хуыздæр æрзайдзæнис. Уымæ гæсгæ кæй бафæнда зæххы куыст æмæ фосдард райтынг кæнын, уыдонæн æппæт уавæртæ дæр ис.  Ацы хъуыддаджы сын нæ бон у, кæм цы хуыздæр зайы, уый бацамонын. Фосдарды къабаз райтынг кæнынмæ дæр нæй раст ахаст. Фермертæ фæтæрсынц, зæгъгæ, йæ пайдайæ йæ зиан фылдæр у æмæ стыхсынц. Ноджыдæр ма йæ зæгъын: хъæуы сæ раст архайыныл сахуыр кæнын. Фосдард æмæ зæххы куыст райтынг кæнын зиан никуы æрхæсдзысты, уæлдайдæр та нæ районы. Фæлæ сæ ныфс асæтты æмæ сын ам  хъæуы баххуыс кæнын, лæмбынæг дæр сын, хъуыддаг æцæгæй куыд у, йæ пайда цæй мидæг ис, уый бамбарын кæнын.

– Уæ районы куыст чи нал цæуы æмæ чи скъутæр сты, ахæм зæххытæ бирæ ис æмæ исты куыст цæуы фæстæмæ сæ хуым кæнын райдайыныл?

– Банымадтам сæ æмæ нæм ис 16 мин гектары бæрц зæххытæ, уыдонæй сæрвæттæ сты 8.650 гектары. 7мин гектары бæрц куыст цæуынц, иннæты бацахстой хицæн адæймæгтæ, сфидар сæ кодтой сæхиуыл, фæлæ сæ кусгæ нæ кæнынц. Саразын хъæуы афтæ, цæмæй сæ райдайой кусын æмæ ууыл бацархайдзыстæм. Кæм тыхсынц сæ бакусыны тыххæй, уым сын баххуыс кæндзыстæм техникæйæ. Сæ зæххытæн сын хъæуы  анализ саразын. Уыцы процедурæтæ саразын та хъæууон лæгæн зын    вæййынц, фæлæ мах цæттæ стæм баххуыс сын кæнынмæ. Уыцы куыст чи кæнынц, уыцы структурæтæ махмæ сты.

– Техникæйæ та куыд ифтонг стут, фаг уын кæны?

– «Агросервис»-ы цы техникæ ис, уыдон сты 11 иуæджы. Æмæ уыдон куыд æмбæлы, афтæ куы кусиккой, уæд фаг кæниккой. Ацы фарст скъуыддзаг цæуы æвæстиатæй, уымæн æмæ адæм тыхсынц техникæйы тыххæй. Байтыдтытæ дæр агротехникон æмгъуыдты куынæ бакусой, уæд сæ тыллæг уыдзæнис мæгуырау. Махæн аххæссынц майы æмбистæм дæр æмæ уый раст нæу.

– Уæ районы архайынц амалиуæггæнджытæ-халсаргуыстгæнджытæ. Куыд у абон сæ уавæр?

– Халсаргуыст чи кæны, уыдон сты 6-7 адæймаджы бæрц.  Сæ хъæрмуаттæ кусынц афæдзы алы афон дæр. Æркæнынц джитри æмæ памидор. Уæй дæр сын хорз кæнынц, уымæн æмæ бынæттон халсарæн фылдæр æлхæнæг ис. Æцæг, сæ æгæр зынаргъыл фæуæй кæнынц, фæлæ сын конкуренттæ куы фæзынид, уæд сæ аргъ дæр æндæрхуызон уаид. Ныр та сын ахæм аргъыл дæр уæй кæнынц.

Уымæй дарддæр ма куыст цæудзæнис фосдард райтынг кæныныл дæр.  Æмæ нæм бынæттон продукцийы рауагъд кæд фæхуыздæр уаид.

– Районы цæрджытæ сæ фиддонтæ та куыд фидынц?

– Бахардзгонд электроэнергийы тыххæй фиддонтæ фидыны уавæр районы бæрæг фæхуыздæр. Электрохызæджы кусджытæ сæхæдæг дæр хорз хъусдард здахынц хъæуы цæрджыты рæстæгыл рухсæй ифтонг кæнынмæ. Раивынц кабелтæ, телцæджындзтæ. Тынг активон  у сæ архайд.

– Цалдæр азы размæ æхсæры талатæ ныссадзыны тыххæй инвесторæн цы зæххытæ радтой, уыдон та цы баисты?

– Уыцы зæххытæ фæстæмæ раздæхт æрцыдысты. Æмæ сæ кæд иууыл нæ кусынц, уæддæр дзы куыст цæуы кæцыдæр хай. Аунеуы цы фермæ арæзт æрцыд, уырдæм йæхи фæрæзтимæ фæнд кæны инвестор æрцæуын, цæмæй йæ скусын кæна, фæлæ йæ хъæуы 1200 гектары бæрц зæххытæ. Æмæ сын ныфс бавæрдтон, куыддæр скуса, афтæ сæ домæн æххæст кæй æрцæудзæн. Ныр уал ын рахицæн кодтам 350 гектары бæрц.

 – Куыд специалист, афтæ нын дæ хъуыды куы зæгъис, цы ис саразæн, цæмæй хъæууон хæдзарад размæ феггуырса?

– Хъæууон хæдзарады цæмæй цыдæр саразай, уый тыххæй дын йæ райдианы хъуамæ фаг уа æхцайы фæрæзтæ. Уыцы æхцайы фæрæзтæ та сты тынг зын ссарæн, уымæн æмæ раздæр цы æхца фæистой, хицæн адæймæгтæ, уыдонæй арæзт ницы æрцыдис. Абон дзырд цæуы, цæмæй уыцы программæ æндæр хуызы арæзт цæуа. Кусын кæй фæнда, уымæн йæ къухмæ æхца лæвæрд мауал æрцæуа, фæлæ архайдзæнис хицауад, ома, -иу æй ахынцдзæнис. Ацы программæ уыдзæнис бирæ хуыздæр. Зæгъын хъæуы уый æмæ Ирыстон тынг хъæзныг кæй у, фæлæ йын мах йæ ресурстæй раст нæ пайда кæнæм. Нæ республикæйæн æддейæ фенæн ис ахæм цаутæн: цæмæй фермер райтынг кæна фосдард, кæнæ кæсагдард, уый тыххæй фæагуры зæххы гæппæл. Махмæ та уый тыххæй ис æппæт уавæртæ дæр. Хъæуы æрмæстдæр фезмæлын æмæ раст архайын.

– Районы культурон уагдæтты архайд та куыд у?

– Культурæйы фадыг дæр ахсджиаг у æмæ ацы бынаты кусын куы райдыдтон, уæд æм аздæхтон сæрмагонд хъусдард. Уым архайынц нæ æвзонг фæлтæр æмæ сын æнтысгæ дæр кæны. Уыдон алыгъуызон мадзæлтты райсынц активон хайад бацахсынц призон бынæттæ æмæ ма зæрдæйæн уымæй æхсызгондæр цы хъуамæ уа. Нæ хъусдард аздæхтам ахуырады æмæ хъæууон администрациты куыстмæ дæр. Афтæмæй цадæггай скъуыддзаг цæуынц нæ разылæууæг проблемон фарстытæ.

БЕСТАУТЫ Валя

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.