Цалдæр азы размæ мын дохтыртæ сæвæрдтой диагноз – бохъхъыр (зоб). Ацы низ æгæр сарæх нæ регионы. Низтæ иууылдæр цъаммар сты, фæлæ, æвæццæгæн, бохъхъыры низæй æгъатырдæр нæй. Йæ аххосæгтæ бирæ сты, фæлæ дохтыртæ куыд зæгъынц, афтæмæй адæймаджы буары йод æгæр бирæ  кæнæ фаг куынæ уа, уæд фæзыны ацы низ. Маст, тыхст, хæрам хъуыддæгтæ зæрдæмæ æввахс куы хæссай, уæд зоб кæмæн ис, уымæн йæ гормонтæ ноджы сфылдæр вæййынц. Вæййы иннæрдæм дæр, гормонтæ бынмæ æрхауынц, организмы йод нал фæфаг кæны. Бæрзонд уой æви ныллæг, уæддæр йæхи фенкъары æвзæр, йæ хурхыуадындзтæ сæхгæнынц æмæ хуыдуг райдайы, сæр фæзилы, къухтæ, къæхтæ зыр-зыр фæкæнынц, цæстытæ тарытæ, æнгуылдзтæ та ныууазал вæййынц.

Цыбыртæй ацы низы æууæлтæ уымæн ранымадтон, цæмæй алчидæр зона, мæхуызæн рынчынтæ цы хъизæмайраг цард æвзарынц. Мæн дæр мæ низ цъыссыммæ раджы батардта. Уавæр мын нæ уыд искуы операци саразынæн. Хосты    руаджы цардтæн. Мæ амондæн, нæ республикæмæ кусынмæ æрцыд Æнæниздзинад райрæзты ныры министр Джыгкайты Томас. Ацы фадыджы уый дæсны хирург у. Куыд зонæм, афтæмæй уый рагæй фæстæмæ Хуссар Ирыстоны æнæаргъæй операцитæ кæны рынчынтæн. Æз дæр æм консультацимæ бацыдтæн. Хирург мæ басгæрста æмæ мын уайтагъд снысан кодта операци, уымæн æмæ мæ уавæр хорз нæ уыд.

Хиуæттæ куыд зæгъынц, афтæмæй операцийы фæстæ критикон уавæры, реанимацимæ бахаудтæн æмæ уым фондз боны фæхуыссыдтæн. Æнæуый дæр  гипертоник дæн, мæ туджы æлхъывдад дыууæрдæм кодта. Мæ хъуыдытыл, мæ цардыл мæ къух систон. Фæлæ-иу мæ низ гыццыл куы суагъта æмæ мæ цæстытæ куы æрбайгом кодтон, уæд та-иу мæ разы Джыгкайты Томасы бадгæ федтон. Хъуыдыкæнынад мæм хорз уыд, фæлæ уæддæр не ‘мбæрстон, ацы лæг йæ хæдзармæ цæмæннæ цæуы, æхсæвæй-бонæй мæ уæлхъус цæмæн лæууы. Æз-иу дохтырæн рæвдаугæ балæгъстæ кодтон, зæгъын министр куы дæ, æндæр куыст дын ницы ис? Мæ уæлхъус цæмæн бадыс?  Уый мын-иу ме ‘нгуылдзтæ йæ къухмæ райста æмæ мын рæвдауæн ныхæстæ кодта. Алчидæр мæ бамбардзæн, ахæм рæстæджы рынчыны йæ ирвæзынгæнæг куы рæвдауа, уæд цас тыхтæ фæзыны. Хатт та-иу мæхæдæг райдыдтон дохтырæн зæрдæтæ æвæрын, зæгъын ницы кæндзынæн, «мæ удыл дæндагæй ныххæццынæн». Æмæ мæнæ ныр радзæбæх дæн.

Хабæрттæ бæлвырдæй уымæн дзурын, цæмæй ахæм низ кæмæн ис, уыдон хъуыддаг     къуырццæвæнмæ ма æруадзой. Низ куыддæриддæр фæзына, афтæ йæ рæстæгыл бацархайой йæ бауромыныл. Науæд мæ уагмæ чи æрхауа, уый бахъæудзæн æрдуйы хидыл ахизын.

Дохтыртæ бирæ ис, фæлæ сæм хуымæтæг адæймаджы æнкъарæнтæ куы нæ фæхъарынц, уæд зын у рынчынæн баххуыс кæнын. Уый цæй дохтыр у «Дæ низ уæззау у, махмæ йын хос нæй, дарддæр искæдæм ацу» дын чи зæгъа? Рынчын тыхст ныхас куы фехъусы, уæд йæ афонæй раздæр амæлы. Дохтыры лæгъз ныхас та у æвдадзы хос. Джыгкайты Томас кæд хорз æмбæрста мæ уавæры уæззаудзинад, уæддæр йæ ныхас уыд «Тæссаг низ дын нæу, ницы дæм ис ахæмæй». Ахæм ныхæсты фæстæ лæгæн йæ низ æрбайсæфы, раст цыма ногæй райгуырд, афтæ авæййы.

Джыгкайты Томасы руаджы бирæ рынчынтæ сдзæбæх сты. Æмæ се ‘ппæты  номæй арфæ кæнын ацы хорз дохтыр æмæ диссаджы адæймагæн. Мæ зæрдæ йын зæгъы æнæниздзинад, стыр цардамонд. Хуыцауы хорзæхтæй хайджын уæд, кæддæриддæр!

ДЖИОТЫ Изольдæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.