16-æм майы нæ горæты Æвзæнгты республикон библиотекæйы уыд  зынгæ поэт, прозаик, драматург, публицист, тæлмацгæнæг, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат Дзугаты Хасæхъойы фырт Георгийы мысæн поэтикон изæр. Мадзалмæ фæуазæг поэты фырт, филологон зонæдты кандидат Дзугаты Къоста йæ лæппу Батрадзимæ, Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон, ХИПУ-йы ахуыргæнæг, фыссæг Плиты Серго, Медойты Дмитри, Анахарсисы номыл национ библиотекæйы æмæ Цхинвалы централон библиотекæйы директортæ æмæ кусджытæ Гуыцмæзты Иннæ æмæ Прокопенко Иринæ, Гуыззыдтаты Этери, Сланты Заирæ, нæ горæты 1-æм астæуккаг скъолайы (ахуыргæнæг Коцты Галинæ), гимнази «Рухс»-ы ахуыргæнинæгтæ, афтæ ма 6-æм астæуккаг скъолайы скъоладзаутæ сæ ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ Дыгъуызты Лианæ æмæ Чи­лæхсаты  Залинæйы  сæргълæудæй æмæ æндæр уазджытæ.

Мысæн изæр байгом кодта библиотекæйы директор Дриаты Нателæ. Уый бузынг загъта йæ уазджытæн мадзалмæ кæй æрбацыдысты, уый тыххæй.

«15 майы Ирыстоны уæрæхæй банысан кодтой ирон æвзаг æмæ литературæйы бон. Нæ уагдон дæр никуы ахизы ахæм ахсджиаг нысаниуæгджын бонты фæрсты. Абон нæ бафæндыд ирон æвзагæн æгæрон лæггад чи кодта, уыцы стыр поэт, фыссæг Дзугаты Георгийы мысæн поэтикон мадзал ауадзын. Ацы аз йæ райгуырдыл сæххæст  113 азы. Юбилейон аз ын нæу, фæлæ ахæм курдиатджын фыссæджы кой арæхдæр кæнын хъæуы. Уыимæ йын нæ чиныгкæсджытæ цымыдисæй агурынц йе сфæлдыстад. Бирæ зындзинæдтæ бавзæрста йе ‘взонджы азты ацы диссаджы гоймаг, фæлæ уæддæр уымæ æнæкæсгæйæ баззад зæрдæхæлар æмæ стыр адæймагæй», – банысан кодта библиотекæйы директор.

Дриаты Нателæ загъта, зæгъгæ, Дзугаты Георги йæ райгуырæн Ирыстон æнахуыр уарзт кæй кодта, уый ирдæй зыны йе ‘мдзæвгæ «Ирыстон»-ы.

Ирыстон, мæ райгуырæн бæстæ,

Дæ риуы æхсырæй ысхъомыл дæн æз,

Цæмæй дын бафидон дæ бирæ лæггæдтæ

Цæмæй дын  бафидон ныййарæджы хæс…

Георги райгуырд Ирыстоны хуссар хайы Бурхохы сынæджы уæлхъус, Дзугаты хъæуы 1911 азы, тæргæйтты мæйы 28-æм бон мæгуыр хохаг лæджы хæдзары. Хæрзсабийæ бавзæрста бирæ фыдæвзарæнтæ: тыхамæлттæй ардтой маамæлайы къæбæр, бахауд ирон адæмæн 1920-æм азы гуырдзыйы геноциды дæр. Æрмæст 16-аздзыдæй ссис йæ бон Ручъы райдиан скъоламæ бацæуын. Дыууæ азы фæцахуыр кодта, стæй ацыд Ирыстоны цæгат хаймæ. Ногиры цыд цыппæрæм æмæ фæндзæм кълæстæм. 1930 азы сæ каст фæцис æмæ бацыд педагогон ахуыргæнæндонмæ. Каст æй фæцис 35-æм азы, æмæ йæ ахуыр адарддæр кодта пединституты ирон æвзаг æмæ литературæйы хайады.

Йæ раныхасы Хъазиты Мелитон æрдзырдта фыссæджы цардвæндаг æмæ сфæл­дыстады тыххæй. «Гæвзыкк афтидарм бинонтæ сæ къухтæм æмхасæнтæ кодтой, цæмæй нæ фыдбоны сыхæгты геноциды фæстæ сæ хæдзары бындурыл ногæй цард сæндидзын кодтаиккой. Уыцы иурæстæджы куыста газет «Хурзæрин»-ы редакцийы, фыццаг – литкусæгæй, фыстæ­джыты хайады сæргълæууæгæй, стæй – бæрнон нымæрдарæй. Фæлæ йæм æфсадмæ æрсидтысты 1939 азы. Фыдыбæстæйон хæст æй уым æрæййæфта, фæлæ фашисттæм бахаудта уацары, æмæ дзы фæцис 1945-æм азы тæргæйтты мæймæ, стæй ралыгъд. Уыцы удмарæн, лæгфæлварæн азты тыххæй афтæ дзырдта: «Уацары уæвгæйæ, фашистон лагерты æмæ рынчындæтты цы зындоны митæ бавзæрстон, уыдон дзурæг нæ радзурдзæн, фыссæг нæ ныффысдзæн».

Куы æрыздæхт, уæд зæрыбонмæ фæкуыста журнал «Фидиуæджы» литкусæг, бæрнон нымæрдар, сæйраг редакторæй, стæй – Фысджыты цæдисы Хуссар Ирыстоны хайады литконсультантæй. Нырма йе сфæлдыстадон тыхы уыдис, афтæмæй йæ æнæнхъæлæджы низ не ‘хсæнæй атыдта 1985 азы, хуымгæнæны мæйы 10-æм бон», – радзырдта Хъазиты Мелитон.

Кусгæ та бирæ кодта литературæйы алы жан­рты. Йæ чингуытæ адæмы ‘хсæн популярон кæй уыдысты æмæ сты, ууыл дзурæг у, абон дæр йе ‘мдзæвгæтæй би­рæтыл кæй ис зарджытæ: «Сусæг уарзт», «О, уыцы дыууæ сау цæсты», «Мæ чысыл ма­лусæг», «Уарзт»… Уый дзурæг у поэты æн­тыстыл.

Поэты фыст æмдзæвгæтæ бакастысты 1-æм астæуккаг скъолайы æмæ гимнази «Рухс»-ы ахуырдзаутæ, афтæ ма 6-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнинæгтæ дæр. Скъоладзаутæ кæд иууылдæр хорз цæттæ уыдысты, уæддæр мæ рахицæн кæнын фæнды 6-æм скъолайы ахуырдзауты, се ‘хсæн уыд телекомпани «ИР»-ы проект «Дзырд»-ы финалист Гаглойты Дми­три дæр. Уыдон бакастысты «Ме ‘взаг», «Уарзын Иры æнахуыр уарзтæй», «Алан­тæ», «Хохæй нал ацæуин никæд».  Бацæттæ сæ кодта сæ куыстуарзаг æмæ æвæл­лайгæ ахуыргæнæг Дыгъуызты Лианæ.

Дзугаты Георгийæн иууыл диссагдæр та у йæ интимон лирикæ. Æрæмбырдуæвджы­тæ магнитофоныл фыстæй байхъуыстой поэты  æмдзæвгæтыл фыст зарджытæ – «О, уыцы дыууæ сау цæсты» (зарыд æй Годжыцаты Исахъ), афтæ ма зарæг «Балы тала»-мæ.

Фыссæджы тыххæй хъарм ныхæстæ загъта Плиты Серго дæр. «Георги йæ фæстæ ныууагъта стыр фæд. Йæ фыд Хасæхъо дæр разагъта лæг уыдис. Сæ хæдзары цалдæр хатты æхсæвиуат кодта революционер Козаты Разден. Йе сфæлдыстадæй йын фыццаг бакастæн «Фæдисы дзæнгæрæг». Цымыдисон чиныг у, цардæй сисгæ факттæ дзы æрхаста. Йе ‘мдзæвгæтыл ын зарджытæ йæ удæгасæй кæй ныффыстой, уый дзурæг у поэты стыр курдиатыл. Фæнды мæ Дзугайы фыртыл монографи ныффыссын. Ныридæгæн  ыл ныффыстон чысыл зонадон куыст», – дзырдта Плиты Серго.

Музыкант, бирæнымæц конкурсты уæлахиздзау Къæбысты Сæрмæт поэты кадæн фæндырыл сæххæст кодта ирон мелодитæ.

Гуыззыдтаты Этери банысан кодта, зæгъгæ, абон æвдисæн систæм цымыдисон мадзалæн. Бузныг зæгъын æмбæлы йæ организатортæн. Мах, зæгъ, нæ библиотекæйы уагъдцæуæг мадзæлтты арæх спайда кæнæм Дзугаты Георгийы фыст æмдзæвгæтæй. Тынг цæуынц чиныгкæсджыты зæрдæмæ.

Дриаты Нателæ бакатай кодта, зæгъгæ, ирон фысджытæй бирæты чингуытæ ба­зæронд сты æмæ сæ хъæуы ногæй ным­мыхуыр кæнын. Чиныгкæсджытæ арæх æрцагурынц ирон фысджыты сфæлдыстад. Хъæуы национ программæ бацæттæ кæнын æмæ уый фæлгæтты чингуытæ ногæй ныммыхуыр кæнын.

Кæронбæттæны раныхас кодта Дзугаты Къоста. Уый йемæ æрбахаста бинонты ар­хивæй рагон ист къамтæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ Георгийы фыд Хасæхъо фæцард 115 азы. «Мæ фыд хæсты ссис политрук. Фæлæ иу тохы уæззау цæф фæцис æмæ афтæмæй уацары бахаудта знæгтæм. Иу хорз уыд æмæ йæ ничи банымыгъта политрук кæй уыд, уый тыххæй, æндæра йæ амардтаиккой. Хæстонтæй иу – Сланты Аршак дæр уæззау цæфæй уацары бахаудта æмæ йæ ныккæндмæ баппæрстой мæрдтимæ. Георги йæ куы базыдта йе ‘мтуг ирон уæззау уавæры ис, уæд ын дæтта йæхи маамæлайы къæбæр æмæ йæ афтæмæй мæлæтæй аирвæзын кодта. Ныртæккæ кусын мæ фыды биографийыл. Уы­дзæн 800 сыфы бæрц».

Дзугаты Къоста æмæ мадзалы иннæ хайадисджытæ райгондæй баззадысты поэтикон изæрæй æмæ бузныг загътой йæ бацæттæгæнджытæн.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.