Хуссар Ирыстоны Зынгхуыссынгæнджыты бон нысан кæнынц 23 августы.

Зынгхуыссынгæнджытæ сты ныфсхаст æмæ сæ куыстыл æнувыд адæм. Сæ зын, фæлæ бæрнон куыстæй уыдон се ‘мбæстæгты æхсæн сæхицæн скодтой аккаг кад æмæ ном. Уайтагъд æххуысмæ æрбацæуынц, зын уавæрты чи бахауы, уыцы адæммæ.

Нæ республикæйы алы районы дæр ис зынгсир-вæзты ныхмæ тох кæныны тыххæй ирвæзынгæнджытæ, цыран кусынц бынæттон цæрджытæ. Æмткæй сисгæйæ Хуссар Ирыстоны ис  авд ахæм хайы.

Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæ, зынгхуыссынгæнджытæ, ирвæзынгæнджытæ æдзухæй бæрзонд кæнынц сæ цæттæдзинады æмвæзад æмæ сæхи цардæн тæссаг уæвгæйæ, зын уавæрты тох кæнынц стихион æнамонддзинæдты фæстиуджытимæ.

Министрады ‘рдыгæй оперативон хъусдард ис æмбæстæгты сидтытæм æмæ кӕцыфæнды æр-цæугæ цаутæм дæр. Уыдон фæархайынц, цæмæй рæстæгыл бахæццæ уой æрцæугæ цауы бынат-мæ. Зынгсирвæзты ныхмæ тохгæнджытæ æмæ ирвæзынгæнджыты æмбаргæ архайды руаджы, рæстæгыл иуварс æрцæуынц тынг бирæ тӕссаг уавӕртӕ  æмæ не ‘рцæуынц трагикон цаутæ. Кусджыты профессионализмыл дзургæйæ та æрвылбон дæр уагъд цæуынц ахуыртæ æмæ æрвылаз та дæттынц нормативтæ.

Зынгхуыссынгæнджытæ фæндаг равзарынц уды скондæй фидар, хъайтар адæймæгтæ. Уыдон бæрзонд æмвæзадыл цæттæ уæвгæйæ, зынгсивæрзтыты æмæ æндæр бæллæхты рæстæджы алы хатт дæр архайынц рæвдз æмæ аиуварс кæнынц алыгъуызон æрдзон æнамонддзинæдтæ æмæ катаклизмæтæ, хъуыддагæй сæ хæрзарæхст æмæ профессионализм равдисгæйæ.

Канд зынгхуыссынгæнæн цауты нæ райсынц хайад ацы министрады кусджытæ. Уыдон ма бацæуынц фыдбылызы цаутæ кæм æрцæуы, ахæм бынæттæм дæр, уыцы нымæцы фæндагон-транспортон цауты рæстæджы дæр, диспетчерон службæтæм фæ-дисы хабар куы фехъусынчындæуы, уæд ацы службæтæ рæстæгыл бахæццæ вæййынц, хабар кæм æрцыд, уыцы бынатмæ.

Нæ республикæйы сывæллæтты рæвдауæндæттæ се ‘ппæт дæр сты автоматикон сигнализациимæ иугонд, кæцы йæ рады иугонд у министрады централон пунктмæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ ацы системæ у тынг зынаргъ, уы-мæ гæсгæ æрвылаз дæр министрад архайы, цæмæй горæты иу объект уæддæр баиу кæной ацы системæмæ.

Бузныг уын уæ профессионализм, æхсардзинад æмæ цæсгомджын службæйы тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ не ‘мбæстæгты хæрзиуæгæн, кæй архайут, уый тыххæй.

Ацы нысаниуæгджын бон уын нæ цæст уарзы  уæ æрвылбонон вазыгджын куысты, фидар æнæниздзинад, сабырад æмæ фæрныгад уæхицæн æмæ уе ‘ввахс хиуæттæн дæр.

Ныфс нæ ис, сымах дарддæр дæр кæй æххæст кæндзыстут уе ‘мбæстагон хæстæ, æппæт тыхтæ æмæ зонындзинæдтыл æнæауæрдгæйæ.

Дриаты Лейла

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.