Йæ цардæй ахицæн ирон уæздан, адæмуарзон сылгоймаг, йæ адæмы зынгзæрдæ патриот, сгуыхт  ахуыргæнæг, куысты ветеран Джиджджойты Сурæт Антоны чызг.

Сурæт райгуырд 1933 азы Карелы районы Кробаны хъæуы. Скъоламæ бацыд сæ хъæуы астæуккаг скъоламæ æмæ йæ каст фæцис 1950 азы. Уый фæстæ йæ ахуыр кодта Хуссар Ирыстоны уæды педагогон институты филологийы факультеты æмæ йæ каст фæуыны фæстæ ахуыргæнæгæй кусын райдыдта Цхинвалы 3-æм астæуккаг скъолайы, фæлæ7-æм астæуккаг скъола куы сырæз, уæд рахызт уыцы скъоламæ æмæ дзы фæллойы æмæ гуырдзиаг æвзаджы ахуыргæнæгæй фæкуыста, цалынмæ пенсийы ацыд, уæдмæ.

1956 азы Джиджджойы чызг йæ цард баиу кодта зынгæ историк, историон зонæдты кандидат, Ирыстоны стыр патриот Цхуырбаты Иванимæ æмæ сын фæзынд дыууæ хъæбулы – Залинæ æмæ Тимур.

Сурæт ахуыргæнæджы куыстæй дарддæр фыста  поэтикон æмæ прозаикон уацмыстæ дæр, у цалдæр чиныджы автор. Уымæй дарддæр ма ныффысты зонадон куыст «Чи у «Стайы цармдарæджы» автор?» Йæ зонадон уацмысы, гуырдзиаг авторты уацмыстыл æнцойгæнгæйæ уый, бæлвырд кæны «Стайы цармдарæг»-ы автор Шота Руставели кæй уыд.

Сурæт чысылæй фæстæмæ активон æмæ ныфсхаст уыд. Уый бæрæг уыд уымæй дæр, æмæ йæ хисдæр æфсымæр Сергей Стыр Фыдбæстæйон хæсты куы уыд, уæд  дзы иуцастæр рæстæджы ницы бæрæг хъуыст. Чысыл Сурæт æрбадт æмæ иронау фыстæг ныффыста æмæ йæ Сталинмæ арвыста. Кæд ын дзырдтой, зæгъгæ, ацы æвзæр рæстæджы Сталины дæ фыстæг не ‘ндавы, уæддæр гыццыл Сурæты стыр ныфс уыд дзуапп райсынæй. Æмæ æцæгдæр, Сталины къухфыстæй райста ахæм дзуапп: «Он жив, скоро вернется».

Сурæт уыд æхсæз хъæбулы хъæбулы нана. Уыдонæн та æрæййæфта аст хъæбулы.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.