Марходарæнты рæстæджы-иу мæрдтæн цалдæр хатты скодтой фынджыдзæгтæ. Сæ иу уыди Лауызгæнæнтæ. Лауызтæ кодтой дыууæ хатты – марходарæнты дыккаг æмæ æртыккаг сабатбонты.

Лауызтæ кæныны æгъдау æндæр адæмтæм дæр зындгонд у. Лауызтæ кодтой дзуллаг ссады тæнæг змæстæй тæвд тебæйы, уый фæстæ-иу сæ нурыдзæхтоны стылдтой. Лауызгæнæны цы лауызтæ кодтой, уыдонæй æддагонæн (бинонтæй дарддæр) хæрын нæ фæтчыдис. Лауызтæй уæлдай ма цы хæринæгтæ арæзтой уыцы стыр æхсæвы, уыдонæй-иу хай нывæрдтой чысыл уисæйбыд къалатийы æмæ сæ-иу дуармæ æрцауыгътой, цæмæй дзы мæрдтæ сæ хай ахастаиккой.

Уæдæ цы у сæ нысаниуæг уыцы марды кæндтæн? Хоры боны фæстæ сабаты саразынц фыццаг лауызгæнæтæ. “Куыд нымадтой, афтæмæй майрæмбоны, хурныгуылды фæстæ мæрдтæ вæййынц сæрибар. Зæронд æмæ ног мæрдты æрцыдмæ-иу архайдтой, цæмæй сæ хæдзæрттæ, сæ кæртытæ уой хæрзæфснайд, алцыдæр хъуамæ уа нывыл æмæ йæ уагыл. Науæд, дам, мæрдтæн сæ зæрдæ фæстæмæ сæхиуæттæм æхсайдзæн, мыййаг, зæгъгæ, кæд æвзæр æмæ мæгуыр цæрынц.  Майрæмбон-иу изæрæй се ̀рбацыдмæ нозтæй, хойрагæй алцыдæр æрæвæрдтой фынгыл. Ног дарæс дæр-иу сцæттæ кодтой бинонтæ. Уыцы аз зиан кæуыл æрцыд, уыцы бинонтæ-иу алцыдæр цæттæ кодтой бæрцæй. Сылгоймæгтæ хæларгæнинæгты иу хай хастой уæлмæрдмæ, мардæн сæ-иу ныххæлар кодтой, уый фæстæ сæ се ‘хсæн уæрстой. Хæдзармæ та хуыдтой нæлгоймæгты, фынджыдзаг-иу ныххæлар кодтой мæрдтæн æмæ-иу сбадтысты фынгыл. Лауызгæнæнты рæстæджы хъуамæ мачи мацы бауыгътаид. Нæ уыд гæнæн фæхты исты æрхойын, кæнæ, зæхх кæмæй банкъуыса, ахæм стыр цæфтæ кæнын, уæд, уырнындзинадмæ гæсгæ, мард сабитæ бæлæстæй рахаудтаиккой. Ацы стырбоны рæстæджы хъуамæ уæлмæрдтæм фæндæгтæ ныссыгъдæг кодтаиккой, науæд, дам, мæрдтæн цæуын зын уыдзæнис.

Сабаты алы хæдзар дæр арæзта тæвд хæринаг. Дзырдтой-иу: зæронд мæрдтæ ацæуынц дзаджджын фынг амал кæнынмæ. Бахъæуы-иу сæ цæлхдурты сæрты хизын, какосындзæй æхгæд рæтты цæуын. Къуыри фæвæййынц фæндагыл æмæ æрхæццæ вæййынц дыккаг лауызгæнæнты. Майрæмбоны изæрмæ сцæттæ кæнынц нозт æмæ хæрд æмæ фæбадынц фæсæмбисæхсæвмæ – мæрдты æрбаздæхтмæ фенхъæлмæ кæсынц. Бирæ фæбадыны фæстæ афтæ банымайынц, цыма мæрдтæ æрбахæццæ сты. Сæ фынджыдзаг сын ныххæлар кæнынц, æмæ уый фæстæ сæ дзыхмæ хойраг схæссынц, рухсаг сын фæзæгъынц.

Раздæр ирæттæ Лауызгæнæнты стырбон парахатдæрæй арæзтой. Бахсыстой-иу бæгæны. Бæхты дугъ дæр-иу арæзтой.

Раджы заманы ирæттæ ацы стыр боны ард дæр хордтой. Хъуамæ рабæрæг уыдаид сусæг лæгмар, къæрных кæнæ æндæр фыдгæнджытæ æмæ сын адæм хастой тæрхон. Йæ фыдракæндтыл-иу йæхæдæг чи басаст, уымæн-иу æй ныббарстой, нæ-иу ыл стæрхон кодтой.

Лауызгæнæн равзæрдис фыдæлтæн кад кæныны домæнтæй. Адæмы мæнгуырнындзинадмæ гæсгæ, нæ фыдæлты мард удтæ мæлгæ нæ кæнынц, уыдонæн сæ бон у удæгæсты цард æмæ хъысмæтыл аудын, хорæрзадыл хорзырдæм æндавын.

* * *

Æртыццæджы, дыккаг æмæ фæстаг лауызгæнæнты фæстæ райдайы астæумархо, цыппæрæмы та у кæфхæрæн.

Астæумархо куы æрцæуы, уæд-иу бирæтæ суагътой сæ ком, кусæг адæм кæй сты, уымæ гæсгæ-иу айдагъ кæрдзын æмæ къуымæлæй кусын нал фæрæзтой. Йæ ком чи суадздзæн, уыдонæй сых æрæмбырд кæнынц мысайнæгтæ æмæ куывд скæнынц, уыцы куывды рæстæджы сæ ком суадзынц, фæлæ та, куадзæнмæ къуыри куы вæййы, уæд сæ ком ногæй бабæттынц.

Астæумархойы ритуалон æгъдæуттæ чи нæ хъахъхъæдта, уымæн-иу уыцы аз йæ астæу риссаг уыдис. Ацы стыр боны-иу рахицæн кодтй нывонд кусæрттаг, хор, ссад, фæстæдæр ма цы бæрæгбон уыд æрцæуинаг, уыдонæн.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.