Январы мæйы сæ бакæнгæ куысты тыххæй хыгъдтæ радтынц министрадты, комитетты, управлениты, горæт æмæ республикæйы районты   администрациты сæргълæуджытæ.

Бакæнгæ куысты тыххæй хыгъд радта Ленингоры район дæр. Уым æртæ мæйы размæ РХИ-йы Президент снысан кодта администрацийæн ног сæргълæууæджы. Гæджиты Илларион Ленингоры районæн разамынад кодта дыууæ азы, фæлæ ныр та администрацийы сæргълæууæг у Уалыты Муртаз. Дыууæйæн иумæ 2023 азы цы куыстытæ саразын бантыст, уыдонимæ нæ базонгæ кодта Ленингоры администрацийы пресс-службæ.

Бирæ плæнттæ среализаци кæнын æмæ проблемæты иу хай аскъуыддзаг кæнын бантыст Гæ-джийы фыртæн. Æцæг, районы техникæ нæй æмæ сæ уый тынг къуылымпы кодта сæ плæнттæ æппæт гуырахстæй сæххæст кæнынæн. Фæлæ сын уæддæр саразын дæр бирæ бантыст. Ивгъуыд азы уалдзыгон-сæрдыгон тæрккъæвдатæ хъæутæм фæндæгтæ фæластой. Районы цалдæр хъæумæ бацæуæн нал уыд. Дзи-мыры коммæ  цы фæндаг цыдис, уый фæласта Ксаны цæугæдон. Суанг ма поселочы фæндæгтæм дæр ранхъæвста. Районы уæды сæргълæууæг афоныл бакуыста уыцы проблемæтæ аиуварс кæныныл. Вазыгджын куыстытæ бакодтой Дзимыры фæндагыл, бетонон конструкцитæ дзы кæм хъуыд, уым сæвæрдтой. Хайгай скъуыддзаг æрцыдысты суадоны дæтты фарстатæ дæр. Иуæй-иу хъæутæм цы суадæттæ цыд, уыдон фесты цъыфзæйы бын. Ногæй арæзт æрцыд доны цъайтæ æмæ дзы ныппæрстой хæтæлтæ. Цалцæг æрцыд Армадзы хъæумæ цы сæйраг фæндаг цыд, уый дæр. Ленингоры поселокмæ нуазыны доны бассейн бирæ азты сыгъдæг никуы æрцыд. Ивгъуыд азы цæрæн-коммуналон хæдзарады кусджытæ бассейны брон лæмбынæг ныссыгъдæг кодтой æмæ ныр поселокмæ цæуы сыгъдæг нуазыны  дон. Икъоты хъæумæ цы суадоны дон цыд, уырдæм æдæрсгæ бацæуæн нæ уыд  æмæ йын йæ алфæмблай ссыгъдæг кодтой алыгъуызон бронæй, сарæзтой йæм асинтæ дæр.

Гæджиты Илларион йæ хъус уæлдай тынгдæр дардта Цъинагары зонæйы хъæуты цæрджыты уавæрмæ. Цъинагары хъæумæ донхæры дон кæй нæ цыд, уый зындзинæдтæ æвзарын кодта  адæмæн. Уыцы фæнд сæрды бонты среализаци кæнын кæд къуыхты нæ бафтыд, уæддæр сентябры мæйы ацы зылды хъæутæм ацыд донхæры дон.

Уымæй дарддæр ма Ленингоры районы цæрджытæм мæй иу хатт ласт цæуы, газ машинæйыл æмæ цæрджытæ байдзаг кæнынц сæ баллæттæ. Ныр цæрджыты уый тыххæй горæтмæ цæуын нал хъæуы.

Цалдæр азы размæ Ленингоры районы зæххы фадгуытæ чидæртæ хицауадæй райстой арендæйы. Фæлæ сæ фылдæр куыстгонд нæ цæуынц, æнæхъуаджы лæууынц æмæ къутæр кæнынц. Ленингоры администраци куыста ацы фарстыл дæр, зæххытыл ревизи сарæзтой æмæ рафæлгъуыдтой арендæйы æхца чи нæ фыста, ахæм арендаторты, ома,  паддзахадон бюджетмæ æфтиæгтæ кæй аххосæй нæ цыд, уыдоны.

Аивгъуыйгæ аз Ленингоры районы æнтыстджын уыд культурæйы хайадæн. Ацы сферæйы бирæ куыстытæ цыд, уагътой культурон мадзæлттæ. Культурæйы хæдзары арæх уыдис концерттæ, мысæн изæртæ æмæ æнд.

Цъинагары культурæйы хæдзары ис хореографион ансамбль «Арвырон» Гусойты Ласкойы къухдариуæгадæй Хъæрæсе-Черкесы республикæйы æмæ Сочийы горæты уыдысты конкурсты, уым сæ къухы бафтыд стыр æнтыстытæ, æрыздæхтысты уæлахиздзаутæй. Уымæй дарддæр ма хайад райстой æхсæнадæмон конкурс «Жемчужина Черноморья» æмæ «Сказочный Домбай»-йы.

Районы администрацийы фæсивæдон политикæ æмæ спорты хайад арæх уагъта турниртæ скъолаты ‘хсæн. Спортивон ерыстæм-иу æрбацыдис бирæ адæм. Иууыл хуыздæр æнтыстытæ уыд хъæбысæйхæцджытæн. Гиритæ исын æмæ бæндæнæй хæцыны хуызæй ерысты фæуæлахиз сты Цъинагары скъолайы ахуыргæнинæгтæ. Турниртæ се ‘ппæт дæр цыдысты хæлар атмосферæйы, уæлахиздзауты районы администраци схорзæхджын кодта грамотæтæ æмæ æхцайы премитæй.

Ахуырады къабазы азы нысаниуæгджын цаутæй иуыл банымайæн ис «Россотрудниство»-йы руаджы поселочы цы гом ахуырады хайад бакодтой, уый. Йæ фæрцы районы цæрджытæй æрмæстдæр гуырдзиаг æвзагыл чи дзырдта, уыдон курсытæ рацыдысты æмæ бафидар кодтой уырыссаг æвзагæй сæ зонындзинæдтæ.

Ноябры мæйы РХИ-йы Президент Гаглойты Аланы барамындмæ гæсгæ Ленингоры администрацийæн нысан æрцыд ног сæргълæууæг – Уалыты Муртаз. Уый фæрцы аскъуыддзаг районы цæрæнуат-коммуналон хæдзарады кусджытæн куыстмызд бафидыны проблемæ. Уый æмбæлон хъусдарды фæрцы кусджытæ мызд райстой дыууæ мæйæн. Ног разамонæг ныфс æвæры, дарддæр кæй кусдзæн цæрджыты цардуагон проблемæтæ аскъуыддзаг кæныныл. «Бирæ фæндтæ æмæ нæм хъуыдытæ ис, фæлæ сыл развæлгъау нæ дзурдзынæн. Районы сæргълæууæджы хæс у, цæмæй цæрджытæн уа фæндаг, дон, рухс, алчидæр афоныл иса мызд. Архайдзынæн, цæмæй мæ дæлбар уæвæг районы цæрджытæ царды уыцы хæрзиуджытæй цух ма уой», – зæгъы Уалыты Муртаз.

УАЗÆГТЫ Марфæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.