Цхинвалы уыдис Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн социалон-экономикон рæзты фæдыл æмбырд, РХИ-йы Хицауады Сæрдар æмæ УФ-йы Экономикон рæзты министры хæдивæг Дмитри Вольвачы хайадистæй.

Боны фæткмæ гæсгæ æркастыты 2023 азы Инвестпрограммæйы реализаци, ацы азы уæрæсейаг финансон æххуыс хардз кæныны фарстатæм, Паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс-Южная Осетия»-йы хæс бафидын публикон акционерон æхсæнад «Россети»-йы раз, РХИ-йы таможнæйон закъондæттынад УФ-йы закъондæттынадимæ сгармонизаци æмæ РХИ-йы Таможнæйон комитет информацион-техникон фæрæзтæй баххæст кæнын, 2022-2025 азты РХИ-йы социалон-экономикон рæзты паддзахадон программæйы фæлгæтты экономикæйы фадыгæн æххуыс кæныны мадзæлттæ сæххæст кæнын, республикæйы инвестицион проекттæн кредиттæ дæттын.

Уымæй уæлдай ма, æруынаффæ кодтой республикæйы электроифтонгады оптимизацийы æмæ Хуссар Ирыстонæн методикон æххуыс бакæнын паддзахадон службæгæнджыты пенсион ифтонгады системæ саразыны фарстатыл.

Дмитри Вольвач банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстон скъуыддзаг кæнынц РХИ-йы рæзты фæдыл масштабон хъуыддæгтæ бæстæты ‘хсæн æппæтварсон æмгуыстад уæрæх кæны.

Хицауады Сæрдар Джуссойты Константин раарфæ кодта уазджытæн æмæ бузныг загъта республикæйы рæзты фарстатæн æххуысы тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, цæттæ стæм фарстаты æппæт спектртыл æруынаффæ кæнынмæ.

2021-2022 азты УФ-йы Федералон казна цы контролон мадзæлттæ ауагъдта, уый фæстиуæгæн бархалæнтæ аиуварс кæныныл дзургæйæ, нысан æрцыд, зæгъгæ, иу æмæ æрдæг ставкæйæ фылдæр бынæттыл цы кусджытæ кусынц, уыдонæн сæ куыстмызд бафидынимæ баст бархалæнты егъау нымæц иуварсгонд у.

Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Джиоты Аланы ныхæстæм гæсгæ, ахæм бархалæнты 70 проценты аиуварс кодтой æмæ  куыст цæуы дарддæр.

Уый фæстæ æмбырд адарддæр ис  æхгæд форматы.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.