Ирон богал Тыбылты Георги ссис грекаг-ромаг хъæбысхæстæй

Европæйы чемпионаты бронзæйон призер. Ерыстæ уагъд цыдысты

Хорватийы. Георги хъахъхъæдта Сербийы спортивон кад. Уый йæ фыццаг тохы 9:1 хыгъдæй фæуæлахиз украинæйаг Виктор Петрыкыл. Дарддæр 5:0 хыгъдæй рамбылдта польшæйаг Михал Трачы. Финалы 1/4 хайы йæ ныхмæлæууæг уыд гуырдзиаг спортсмен Придон Абуладзе. Ирон спортсмен та гуырдзиагæй разынд тыхджындæр

– 5:2. Фæлæ стæй æрдæгфиналы 2:5 хыгъдæй фæхæрд молдоваг Виктор Чиобануйæн. Уый фæстиуæгæн ма йын баззад æртыккаг бынат бацахсыны фæдыл стох кæнын. Уый фæдыл фæуæлахиз Турчы минæвар Керем Камалыл – 7:3.

 

Футбол

Футболæй Уæрæсейы фыццаг дивизионы 28-æм туры Дзæуджыхъæуы «Алани» уазæгуаты хъазыд Ярославлы «Шинник»-имæ. Æнæхъæн хъазты дæргъы алайнæгтæ архайдтой чысыл хуыздæр, фæлæ сын пурти бакъуырынæн цы гæнæнтæ уыдис, уыдонæй не спайда кодтой. Кæронмæ фæуд кодта тæрхонгæнæг хъазтмæ цы уæлæмхас рæстæг бафтыдта, уый дæр, афтæмæй дзæуджыхъæуккæгты хъазæг Гуырцъыты Батразæн бантыст пурти ныхмæлæууæг командæйы кулдуары бакъуырын æмæ афтæмæй уæлахиз æрхаста «Алани»-йæн.

Ацы уæлахизы фæрцы «Алани» æрæмбырд кодта 48 очкойы æмæ турнирон таблицæйы цæуы æртыккаг бынатыл.

Радон туры 1-æм майы Ирыстоны сæйраг командæ Грознæйы фысымиуæг кæндзæн Тулайы «Арсенал»-æн.

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.