10-æм февраль – Уæрæсейы дипломатийы бон

Абон, 10-æм февралы, Уæрæсейы нысан кæнынц Дипломатон кусæджы бон – уæрæсейаг дипломатты профессионалон бæрæгбон. Ацы бон фидар æрцыд 2002 азы 31 октябры УФ-йы Президент Владимир Путины барамындæй.

Дипломатон боны равзæрст баст у Уæрæсейы фыццаг æддагполитикон ведомствойы сырæзты историимæ – 1549 азы 10-æм февралы Минæварады бардзырдимæ. Æниу дипломатон службæ Уæрæсейы уымæй размæ дæр уыдис. Дунеон хъуыддæгты рагуæрæсейаг паддзахад активон хайад иста 9-æм æнусæй фæстæмæ. Уырыссаг разамонджыты интерес здæхт у куыд ныгуылæнмæ, афтæ скæсæнмæ дæр. Уымæн æвдисæн сты Византийы (838 азы) æмæ франкскаг паддзахад Ингельгеймы (839 аз) уæрæсейаг минæварадтæ. Уæрæсейаг дипломатийы фыццаг æнтыстытæй иу у Византийаг империимæ «Сабырдзинад æмæ уарзондзинады тыххæй» бадзыр-дыл 860 азы къухтæ кæй æрфыстой, уый.

Уæдæй фæстæмæ уæрæсейаг дипломаттæ сæ архайд бастой уæрæсейаг интерестæ бахъахъхъæнынимæ. Уæрæсейы æддагполитикон ведомствойы хæстæ абоны онг дæр нæ аивтой. Æддагон политикæйы разы лæууæг хæстæ та сты: Уæрæсейы национ æдасдзинад æмæ суверенитет, территориалон æнæхъæндзинад сифтонг кæнын. Уæрæсейаг дипломаттæ кусынц фæсарæйнаг бæстæтимæ дыууæварсон æмæ бирæварсон ахастыты рæзтыл. Уыцы ахастытæ бындуриуæг кæнынц æмбар партнерондзинадыл.

Владимир Путин Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады коллегиты рабадтыты банысан кæны, зæгъгæ, уæрæсейаг æддагон политикæ хъуамæ лæггад кæна Уæрæсейы рæзтæн максималонæй хæрзвадат æмæ æдас уавæртæ сифтонг кæнынæн. Афтæ ма масштабон социалон æмæ экономикон хæстæ скъуыддзаг кæнынæн, УФ-йы æмбæстæгты царды гъæд æмæ æмвæзад фæбæрзонддæр кæнынæн. Уæрæсейаг æмбæстæгтыл æрмæст бæстæйы арæнтыл нæ аудынц. Дипломатон службæйы раз фыццаградон æндæр хæсты нымæцы лæууы фæсарæнты цæрæг æмфыдыбæстæйонты интерестæ хъахъхъæнын, уыдонимæ бастдзинæдтæ фидар кæнын æмæ иумæйаг уæрæсейаг культурæ бахъахъхъæнын, афтæ ма сын уæрæсейаг æмбæстагдзинад райсыны процедурæтæ фæхуымæтæгдæр кæнын», – фæзæгъы дипломаттæн   Владимир Путин.

Абон Уæрæсейы алыварс уавæр у иттæг вазыгджын. Уый фыццаджыдæр баст у АИШ æмæ Цæгататлантикон альянсы æмцæдисонты деструктивон политикæимæ. Уыимæ НАТО-йы бæстæты архайд бындуриуæг кæны конфронтацийыл, демонстративон æгъдауæй йе ‘фсæддон инфраструктурæтæ Уæрæсейы арæнтæм æввахсдæр кæныныл. Æмæ æппæт уыдæттæ аразынц диалогы æппæт механизмтæ аиуварс кæнгæйæ. Уымæ гæсгæ Уæрæсейы бахъуыд 2022 азы 24-æм февралы Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операци райдайыны сæр. Уым уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджыты æмрæнхъ ирыстойнаг хæстонтæ сæ хъæбатырдзинадæй цæстæвæрæн фесты. Фронты раззаг хаххы удуæлдайæ тох кæнынц нæ лæппутæ нацистты ныхмæ. Абоны онг Уæрæсейы æмæ уыцы иурæстæджы Ирыстоны интерестæ хъахъхъæнгæйæ фæмард сты 430 ирыстойнаг хæстонæй фылдæр. Æртæ адæймаджы систы Уæрæсейы Федерацийы Хъайтартæ. Чысылнымæц адæмæй æртæ хъайтары. Уый стыр хъуыддаг у. Уыдонæй иуæн – Есенаты лæппуйæн – абоны онг дæр йæ хъысмæт бæрæг нæма у. Нымад цæуы æбæрæгæй сæфтыл.

 

Хуссарирыстойнаг фæрстæ

Уæрæсейаг дипломатийæн алыхатт дæр ахсджиаг нысаниуæг уыд æмæ абон дæр ис Хуссар Ирыстоны хъысмæты. Æмæ уый æрмæст ногдæр рæстæг нæу. 1920 азы æвзонг советон хицауад фæсарæйнаг хъуыддæгты адæмон къамиссариат Георгий Чичерины номæй рав-дыста йæ фарсхæцынад хуссайраг ирæтты национ-сæрибаргæнæн змæлды рæстæджы. «…Мах катаимæ базыдтам,  Хуссар Ирыстоны Советон хицауад кæй расидтысты, уый тыххæй уырдæм адæмы скуынæг кæнынмæ æрвыст æрцыдысты гуырдзиаг æфсæдтæ. Мах фидарæй дзурæм, уый кæд раст у, уæд æфсæдты фæстæмæ ракæнут Ирыстонæй, уымæн æмæ мах нымайæм афтæ,  Ирыстонæн хъуамæ уа, цахæм хицауад æй хъæуы, ахæм. Ирыстоны хъуыддæгты хи схæццæ кæныны хъуыддагæн бамбарæн нæй», – бацамыдта Георгий Чичерин.

1990 азты Хуссар Ирыстон сæрсæфæн былыл куы лæууыд Гуырдзыстоны хицауады агрессивон архайдтыты тыххæй, уæд та Уæрæсе ногæй баххуыс кодта. Регионы сарæзтой эффективон дипломатон механизмтæ. Уыдон уыдысты хорз фæзуат дискусситæн æмæ фадат дæттой проблемæтæ скъуыддзаг кæнынæн. Куыд зæгъæм, фидауынгæнæг операцийы фæлгæтты гуырдзиаг-ирон конфликты зонæйы бадзырдты реализаци, лигъдæтты проблемæтæ аскъуыддзаг кæнын, фыдракæндтимæ тох, регионы адæмы æдасæй царды ифтонгад. Æппæт мадзæлтты комплекс скъуыддзаг цыд Уæрæсейы – Æмхæццæ контролон къамисы уæнгы комкоммæ хайадистæй.

Уæрæсейаг дипломаттæ арæх цыдысты Хуссар Ирыстонмæ. Сæ архайд здæхт уыд гуырдзиаг-ирон конфликт сабырадон æгъдауæй аскъуыддзаг кæнынæн уавæртæ саразынмæ. Æмæ уыцы архайдтытæ дарддæр кодтой, цалынмæ 2008 азы августы Цхинвалы «Град»-ы системæтæй æхсын нæ райдыдтой, уæдмæ. Хæстон архайдтытæ УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвар, Æмхæццæ контролон тыхты æмсæрдар Юрий Поповы æрæййæфтой Цхинвалмæ фæндагыл. Уый архайдта Хуссар Ирыстонмæ гарзджын бабырст ма бауадзыныл, фæлæ  гуырдзиаг разамынад ууыл не сразы сты.

Гуырдзыстоны сабырадмæ æркæныны фæзилæн  момент ссис уæрæсейаг дипломатийæн. «Уæрæсе раздæхт дунеон аренæмæ, куыд бæрнон паддзахад, афтæ. Уымæн йæ бон у йе ‘мбæстæгты бахъахъхъæнын. Кæд исчи ууыл дызæрдыг кодта, уæд нæ фæндвидар архайдтытæ Гуырдзыстоны сабырадмæ æркæнын æмæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хæдбардзинад банымад равдыстой Уæрæсе алыхатт дæр кæй бахъахъæндзæн йе ‘мбæстæгты», – фыста УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров йæ уац «Внешняя политика России и новое качество геополитической ситуации»-йы.

 

Ног ориентиртæ

2008 азы 26-æм августы Уæрæсе банымадта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад. 2008 азы 9-æм сентябры æддагполитикон ведомствоты сæргълæуджытæ Сергей Лавров æмæ Джиоты Мурат кæрæдзимæ радтой нотæтæ минæварадты æмвæзадыл дипломатон ахастытæ сфидар кæныны тыххæй. Фæрстæ снысан кодтой сæ минæварты: Уæрæсейæ Къарджиаты Эльбрус æмæ Хуссар Ирыстонæй та – Медойты Димитр. Паддзахадты сæйраг горæтты баконд æрцыдысты дипломатон минæварадтæ. Абон Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар у Марат Кулахметов. Уæрæсейы Хуссар Ирыстоны интерестæ та æвдисы Уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауыр.

Дипломатон ахастытæ сфидар кæныны фæстæ азты уæрæсейаг фарс тынг бирæ аразы Хуссар Ирыстоны размæцыдæн. Уыцы куыст уагъд цæуы 2015 азы 18-æм марты Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй саразгæ Бадзырды фæлгæтты. Бадзырдмæ гæсгæ Уæрæсе йæхимæ райста Хуссар Ирыстоны æхсæнадæмон бастдзинæдты рæзтæн ахъаз кæныны хæс. Абоны онг Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымадтой Никарагуа, Ве-несуэла, Науру, Сири.

РХИ-йы Уæрæсейы минæварад кусын райдыдта 2009 азы апрелы мæйы. Уæрæсейаг дипломаттæн æнгом кусæгон ахастытæ сырæзт  республикæйы разамынадимæ, хуссарирыстойнаг коллегæтимæ, æхсæнадон организациты минæвæрттимæ. Уæрæсейаг дипломатты цымыдис кæны æрмæст дыууæварсон ахастыты проблемæтæ нæ, фæлæ бæстæйы истори, республикæйы цæрæг адæмты æгъдæуттæ æмæ традицитæ. Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты ‘хсæн сын ис бирæ хæлæрттæ. РХИ-йы разамынад стыр аргъ кæны дыууæварсон ахастыты рæзтмæ уæрæсейаг минæвæртты хайбавæрдæн.

Уæрæсейы дипломатон кусæджы боны цытæн традицимæ гæсгæ уагъд æрцæуынц алыгъуызон бæрæгбонон мадзæлттæ, куыд УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады, афтæ фæсарæнты Уæрæсейы минæварадты æмæ консуладты. Дипломатон службæйы кусджытæ сæ профессионалон бæрæгбоны хорзæхджын æрцæудзысты, райсдзысты бирæ арфæтæ.

Газет «Хурзæрин»-ы коллектив дæр зæрдæбын арфæтæ кæны Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы минæварады кусджытæн – æцæг профессионалтæн æмæ нæ бæстæйы хæлæрттæн.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.