Ирон æвзаг æмæ литературæйы боны цытæн Хетæгкаты Къостайы ингæныл сæвæрдтой дидинджытæ.
Церемонийы хайад райстой РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло æмæ Цæгат Ирыстоны къухдариуæгады минæвæрттæ. Традицимæ гæсгæ Ирон æвзаджы боны дидинджытæ сæвæрдтой Ирон аргъуаны пантеоны. Ам скъоладзаутæ бакастысты ирон æвзагыл фыст æмдзæвгæгтæ.