Уæрæсейы Федерацийы йæ æртæбонон паддзахадон балц фæци Китайы лидер Си Цзиньпин.
Фыццаджыдæр визиты фæлгæтты ныхас цыди дунеон барады фæткæвæрд халын ма бауадзыны тыххæй. Уый нæдæр Мæскуыйы, нæдæр Пекины æмбæхсынмæ ничи хъавыд. Си Цзиньпин æргомæй банысан кодта: «Китай цæттæ у Уæрæсеимæ иумæ дунеон барад хъахъхъæнынмæ». Путин дæр Китайы хистæры балцы размæ стырдæр китайаг газет “Жэньминь жибао”-йы фыста йæ уацы: «Æмзонд бæстæтимæ нæ паддзахадтæ лæууынц рæстаг бирæполярон дунеарæзтады фарс æмæ ахæм уавæр бындуриуæг кæны дунеон фæтк-æвæрдыл – «сыгъзæрин миллиард»-ы интерестæн чи лæггад кæны, цавæрдæр ахæм мысæггаг «уагæвæрдтыл» нæ, фæлæ æнæхъæн планетæйы интерестæн».

Ам ногæй ницы ис: кæд æмæ дунеон барад дзæвгар рæстæг бынтон рæстмæ нæ куыста, уæддæр 1990-æм азтæй фароны онг йæ ныхмæ æргомæй ничи цыди…

Бæлвырдæй  цавæр фарстатыл æруынаффæ кодтой дыууæ егъау æмæ хъомысджын ядерон паддзахады разамонæджы?

Фæстаг цалдæр азы китайаг официалон адæймæгтæ æмæ уагдæтты хъусынгæ-нинæгтæй зыны Китайы цæстæнгас, дунеон фæткæвæрд куыд хъуамæ уа, уымæ. Æмткæй сисгæйæ, йæ хъуыды у ахæм: дуне иухуызон нæу æмæ нæдæр уыдзæн. Æмæ уæд дунейы æндæр æмæ æндæр хæйттæн хъуамæ сæ бон уа кæрæдзи æмбарын æмæ кæрæдзиимæ бадзурынхъом уæвын. Хъуамæ бынат ма уа хæстытæн, санкцитæн, уымæн æмæ уыдон зиан æмæ тæссаг сты зæххы къорийы æдасдзинадæн. Ам хъæуы зæрдыл дарын Китайы инициативæтæ дæр: æппæтдунеон цивилизаци, æппæтдунеон æдасдзинад, æппæтдунеон райрæзт æмæ бирæ æндæртæ. Уæрæсе ацы идеологон куысты исы активон хайад, уымæн æмæ ахæм цæстæнгас дзуапп дæтты йæ интерестæн дæр.

Президент Путин загъта, зæгъгæ, дунейы сæвзæргæ уавæрмæ Уæрæсе æмæ Китай кæсынц иухуызон цæстæнгасæй. Дыууæ бæстæйы дæр, йæ ныхæстæм гæс-гæ, цæхгæрæй нæ разы кæнынц, цæмæй цы фæнды бæстæтæ дæр кæнæ блоктæ зиан хæссой иннæты законон интерестæн.

Дыууæ паддзахады дæр зæгъынц, алы паддзахадæн дæр йæхи райрæзты фæндаг кæй ис æмæ сæхæдæг кæй хъуамæ æвзарой сæ фæндаг алы фадыджы дæр, уыцы нымæцы адæймаджы барты фадыджы дæр. Дыууæ лидеры  рацыдысты «хуызджын революциты» ныхмæ æмæ бадзырдтой, сæ мидхъуыддæгты министрадтæ иумæ кæй архайдзысты сæ ныхмæ.

Уæрæсе бафидар кодта, кæй нымайы Тайвань Китайы Адæмон Республикæйы æнæадихгæндæ хайыл, Китай та рахæцыд «Цæгаттаг гуылфæн»-ы газуадзæнтыл срæмыгъды объективон фæдагуырд ауадзыны куысты фарс.

Си цзиньпин: «Уæрæсе æмæ Китайы æмахастытæн
 ис стыр нысаниуæг дунеон фæткæвæрды»

Æрдзырдтой энергетикон сферæйы æмгуыстадыл дæр. Китай алкæмæй фылдæр æлхæны ныртæккæ уæрæсейаг нефт. Уæрæх перспективæ ис газы сферæйы æмгуыстадæн дæр.

Уæрæсе æххуыс кæны атомон электростанцитæ аразынæн Китайы зæххыл. Тяньванаг АЭС-ы VII æмæ VIII блоктæ, æмæ АЭС «Сюйдапу»-йы III æмæ IV блокты арæзтад цæуы развæлгъау нывæзтмæ гæсгæ. Ацы фадыджы æмгуыстад сфидардæр кæныны сæраппонд балцы фæлгæтты «Росатом» æмæ Китайы атомон энергийы фæдыл Агентад сæ къухтæ æрфыстой дæргъвæтин æмгуыстады Программæйыл.

Стыр хъусдард здæхт æрцыд сæудæ-джерадон кооперацимæ дæр. Китайы автоконцернтæ хорз куыстой æмæ кусынц уæрæсейаг тыгъдады, фæлæ ноджы уæрæхдæр кæндзысты сæ куыст. Балцы рæстæджы ма уынаффæ цыд  æмбæстагон авиа- æмæ верттæхджыты арæзтады, хуызджын металлургийы, космосон иртасæнты, биотехнологитæ, фармацевтикæ, æмæ æндæр фадгуыты æмгуыстадыл.

Абон ахъаззаг фадат фæзынд ныхæстæй архайдмæ рахизынæн, уымæн æмæ Украинæйы фарстайы Ныгуылæн лæууы тынг тæссаг уавæры къæсæрыл.

Си Цзиньпин фехъусын кодта, Китай дарддæр дæр ахъаз кæй уыдзæн Украинæйы политикон кризис æрбæстон кæныны хъуыддаджы. Фæлæ йæ иууыл ахсджиагдæр ныхс уыд: «Уæрæсе æмæ Китайы æмахастытæн ис стыр нысаниуæг дунеон фæткæвæрдæн».

Уый афтæ æмбарын нæ хъæуы, зæгъгæ, дыууæ хъомысджын бæстæйы разамонджытæ сфæнд кодтой тæккæ райсом Зеленскийы бадзырдты фынгыл рабадын кæнын – сæ хъуыды у йе ‘цæг ныгуылæйнаг хицæуттимæ дзурын. Уæлдайдæр та уый хынцгæйæ, æмæ Зеленскийы «зондамонджытæ» сæхæдæг сæхи батардтой экономикон æмæ политикон цъыссыммæ.

Ахæм уавæрты æмбæрстгонд у, ахæм ахсджиаг уынаффæтæ, куыд зæгъæм, спутникон навигацийы фадыджы æмгуыстад æмæ уæрæсейаг навигацион системæ ГЛОНАСС æмæ китайаг Beidou æмиукæнынхъомдзинад æмæ кæрæдзи æххæст-кæнынхъомдзинад сифтонг кæныны фæдыл иумæйаг къамис саразыны тыххæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый сыгъдæг хæстон проект нæу, фæлæ йын ис стыр стратегион нысаниуæг.

Балцы материалон фæстиуджытæй ма банысан кæнын хъæуы, ног газуадзæн «Сыбыры тых – 2» скусын кæныны тыххæй æххæстæй кæй бадзырдтой. Ацы газуадзæн ацæудзæн Монголийы территорийыл. Ноджы ма бадзырдтой, æндæр бæстæтимæ базарады гæнæн кæй ис (æмæ кæй хъæуы) долларты бæсты юаньтæй пайда кæнын. Уый фадат ратдзæн америкаг æхцайæн йæ тых ноджы фæкъаддæр кæнынæн.

Дыууæ паддзахады бадзырдтой сæ базарады æмвæзад цалдæр хатты фæфылдæр кæнын. Уый канд дывæрсыг ахастытæм нæ хауы, фæлæ ма у ног дунеон хæдзарадон бастдзинæдты системæйы хай дæр, цыран нал ис бынат æдзух хъаугъатæ агурæг Ныгуылæнæн.

Бадзырдты фæстиуæгæн разамонджытæ сæ къухтæ æрфыстой дыууæ иумæйаг документыл. Сæ иу у экономикон æмгуыстады нывæзтыты тыххæй, иннæ та – партнерон ахастытæ фæарфдæр кæныны тыххæй.

Китайы сæрдар Си Цзиньпин официалон æгъдауæй загъта: «Мах фидардæр кæндзыстæм не ʻмгуыстад ахæм бирæварсон структурæты фæлгæтты дæр, куыд ШОС, БРИКС, «Стыр 20», размæ кæндзыстæм æцæг бирæварсыгдзинад æмæ ахъаз уыдзыстæм дунеон экономикæ пандемияйы фæстæ сæндидзын кæнынæн, фылдæр кæндзыстæм конструктивон тох бирæполярон дуне саразыны сæраппонд, фылдæр кæндзыстæм нæ хайбавæрд хæлцадон æмæ энергетикон æдасдзинад сфидар кæныны хъуыддаджы…»

Ацы хабæрттæ Хуссар Ирыстонæн дæр пайда сты, уымæн æмæ не ‘фсымæрон паддзахад æмæ стратегион æмцæдисон Уæрæсейы Федерацийы экономикон хъомыс ноджы фæфылдæр уыдзæн æмæ йын фылдæр фадæттæ фæзындзæн Хуссар Ирыстоны æдасдзинад хъахъхъæнынæн дæр æмæ нын экономикон æххуыс кæнынæн дæр. Афтæмæй рæвдздæр цæудзæн нæ адæмы раз лæууæг социалон проблемæтæ скъуыддзаг кæныны процесс дæр.

Фæлæ ма хорз уаид, Хуссар Ирыстон истыхуызæй куы самал кæнид Китайаг хæрзгъæд товартæн дæр фæндаг Цхинвалмæ, æмæ, кæд къухы бафта, уæд та – Хуссар Ирыстоны товартæн – Китайы Адæмон Республикæмæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, Си Цзиньпины балцы фæстиуджытæ Америкæйы зæрдæмæ нæ цæуынц. «The Washington Post» фыссы, зæгъгæ, «Путин уыны, куыд рæзы æмæ куыд фидар кæны антиамерикæйаг дунеон уагæвæрд».

Америкаг журнал «Newsweek»-ы та политолог Томас Грэм фыссы: “Дыууæ разамонæджы баныхæстæ равдыстой, Китай æппæтдунеон хъомысджын паддзахад кæй ссис æмæ бацархайын хъæуы, цæмæй Америкæ дунеон дипломатийы йæ лидерон бынат ма фесафа».

ПЛИТЫ Инал

Политолог

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.