2018 азы нæ республикæйы фæзынд кабелон интернет «Юг-телеком». Уæдмæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæ интернет тыгъдадмæ хызтысты æрмæстдæр смартфонтæ æмæ модемты руаджы, иунæг провайдер «Мегафон Хуссар Ирыстон»-ы фæрцы.

Абоненттæ рагæй бæллыдысты кабелон интернет сæ хæдзæрттæм бауадзыныл æмæ провайдер «Юг-Телеком» æнæлимитон интернетæй ифтонг кæнын куы райдыдта цæрджыты, уæд нæ горæты 85% уайтагъддæр кабелон интернет бауагътой сæ хæдзæрттæм. Уымæй дарддæр ма ацы компанийы инженер специалисттæ сифтонг кодтой Уæллаг, Дæллаг Гудзабар хъæуты цæрджыты, Дзауы поселочы иу хай æмæ Тъбеты хъæуы дæр. Дарддæр хъавыдысты цадæггай районтæ æмæ дæрддзæф хъæутæм дæр ахизын. Фæлæ цæмæдæр гæсгæ фæстаг дыууæ азы уыцы куысты бакъуылымпы сты.

Уый хыгъд «Мегафон Хуссар Ирыстон»-ы æхсæнадимæ бастдзинады специалист – Бежанты Заринæ зæгъы: «2023 азы «Мегафон Хуссар  Ирыстон» айтынг кæндзæн æнæлимитон кабелон интернет æгас горæт æмæ дæрддзæф хъæуты дæр. Ацы аз нæ зæрды ис мобилон лæггæдты гъæд фæхуыздæр кæнын дæр. Нырмæ цы æргътæ уыд, уыдон фæстæмæ афтæ баззайдзысты. Уымæй дарддæр бацархайдзыстæм, цæмæй цы тарифон плантæ æмæ опцитыл бакуыстам, уыдон æмбæрстгонд æмæ æнцонархайд уой абоненттæн. «Мегафон Хуссар Ирыстон»-ы компани цы кабелон интернетæй сифтонг кæндзæн æгас Хуссар Ирыстоны уый хызæджы фæлгæтты абонент-тæн фадат дæтдзæн IP- телефонæй æмæ интернет телеуынынадæй пайда кæнынæн. Ног кабелон операторы фæзындæн ма йæ хорздзинад уый мидæг уыдзæн æмæ дæрддзæф хъæуты абоненттæн ныр алкæй индивидуалонæй нал хъæудзæн интернет уадзын. Бинонтæ се ‘ппæт дæр сæрибарæй пайда кæндзысты ацы бастдзинадæй».

Уый ма куыд загъта, афтæмæй сæ компанийы специалисттæ цалдæргай хæттыты ацыдысты районтæм, цæмæй бындуронæй уавæртæ сахуыр кæной. Вазыгджын рельефтæ кæм ис æмæ сигнал адæттын проблемон кæм у, уым та рæстæгмæ архайдзысты спутникон телефонтæй.

Ацы бонты «Мегафон Хуссар Ирыстон»-ы специалисттæ азылдысты Фидауынгæнæг уынджы бирæуæладзыгон хæдзæртты цæрджытыл. Уыдонæй бирæтæ семæ сарæзтой бадзырдтæ æмæ сæ ныридæгæн ифтонг кæнынц интернетæй. Дарддæр та ахæм куыстытæ бакæндзысты Цхинвалы районы Дменисы хъæуы.

Ацы лæггæдты æргътæн бафидæн уыдзæн горæты супермаркеттæ æмæ гом арвы бын цы терминалтæ ис, уым. Раздæр уый тыххæй абоненты бацæуын хъуыд Мегафоны офисмæ. Терминалты фæрцы ма цæрджытæн сæ бон у сæ телефоны хыгъд баххæст кæнын.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.