КЪУХТÆ ÆРФЫСТОЙ КОНВЕНЦИЙЫЛ

Казахстаны горæт Актауйы уагъд æрцыд Уæрæсе, Азербайджан, Казахстан, Туркменистан æмæ Ираны лидерты фембæлд. Фембæлд фæцис историон документыл – Каспы денджызы барадон статусы тыххæй къухтæ æрфыссынæй. Документ кæрон скæндзæн  22 азы дæргъы ацы фондз паддзахады быцæудзинæдтæн. Конвенци йæ тыхы цæуы йæ хайадисджыты ратификацийы фæстæ æмæ йын ис æнæмгъуыдон характер. Конвенцимæ гæсгæ, Каспы доны уæлцъары сæйраг фæзуат баззайдзæн фæрстæн иумиагæй пайда кæнынæн, æмæ  денджызы бын æмæ йæ хъæздыгдзинæдтæ та  паддзахадты ‘хсæн дих цæуынц фадгуытыл дунеон барады бындурыл бадзырдтæм гæсгæ. Конвенцийы нысан æрцыд уагæвæрд Каспы æнæрегионалон паддзахадты уæвынадæн бар кæй нæй, уый тыххæй. Конвенцимæ гæсгæ, Каспийы денджызгæрон фондз паддзахады бæрндзинад хæссынц денджызы æдасдзинад æмæ йын йæ ресурстæй пайда кæныны тыххæй. Уымæй дарддæр ма, масштабон денджызон проекты реализацийы рæстæджы хъуамæ хынцыд цæуа экологон фактор, фæрстæ иууылдæр бæрндзинад хæссынц Каспы денджызы экологон системæйæн ракæнгæ зиæнтты тыххæй.

УЫДЗÆН  ЭКОНОМИКОН ФОРУМ

Каспы бæстæтæ ауаддзысты экономикон форум, – фехъусын кодта Владимир Путин. Уый куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ форум фадат ратдзæн контакттæ сфидар кæнынæн. Каспы барадон статус фарсты æрбæстон кæнын уавæртæ аразы бæстæты ‘хсæн æмгуыстад ног партнерон ахастытæм ракæнынæн.

ФЕМБÆЛД КАСПЫ САММИТЫ ФÆЛГÆТТЫ

Каспы саммиты фæлгæтты УФ-йы Президент Владимир Путин фембæлд Ираны президент Хасан Роуханиимæ. Фембæлды рæстæджы дыууæ лидеры æруынаффæ кодтой сириаг кризис æрбæстон кæныныл. Роухани банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсе æмæ Ираны æмархайды фадгуытæй иу у терроризмы ныхмæ тох. “Æнæхъæн дуне æвдисæн у уымæн, æмæ Иран æмæ Уæрæсейы æххуысæй сирийаг æфсадæн йæ бон кæй ссис йæ бæстæйы терроризмы ныхмæ стох кæнын”, – загъта уый.

УÆРÆСЕ ЦÆТТÆ У НОГ ФЕМБÆЛДМÆ

УФ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров Актауйы куыд фехъусын кодта, афтæмæй Уæрæсе цæттæ у УФ-йы Президент Владимир Путин æмæ йæ америкæйаг коллегæ Дональд Трампы ног фембæлдмæ. Кæд æмæ дыууæ лидеры банкъарой ногæй фембæлыны æнæмæнгхъæуындзинад æмæ уыцы фарстытæм раздæхын, кæцытæ хъуамæ иу кæной Уæрæсе æмæ АИШ-ы, уæд фембæлд уыдзæн. Уæрæсейы ныфс ис Вашингтонимæ конструктивон ахастытæ саразынæй, уымæн æмæ уыцы ахастытæ сты æрмæст нæ дыууæ бæстæйы интерестæн нæ, фæлæ æнæхъæн дунейы стратегион стабилондзинад æмæ æдасдзинад бахъахъхъæныны интересты тыххæй.

ХИМИОН ХÆЦÆНГАРЗЫ ТЫХХÆЙ

УФ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров  Солсберийы инциденты фæдыл АИШ-ы ног антиуæрæсейаг санкциты тыххæй хъусынгæнинагæн комментари кæнгæйæ, зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, Химион хæцæнгарз ма уадзыны фæдыл организаци бафидар кодта, Уæрæсейы химион хæцæнгарз скуынæг кæныны процесс кæронмæ кæй фæцис, уый тыххæй.  Ацы процесс æххæст æрцыд æртæ азы размæ æмæ уыцы æмгъуыдмæ АИШ дæр хъуамæ скуынæг кодтаииккой сæ химион хæцæнгарз. Фæлæ Иугонд Штаттæ бахатыдысты химион хæцæнгарз скуынæг кæныны тыххæй датæ 2020 азы райдианмæ ахæссыны тыххæй. Æмæ, зæгъ, растдæр зæгъгæйæ, ацы процессы фæдыл АИШ-æн ис проблемæтæ.

ПРОТЕСТЫ МАНИФЕСТАЦИТÆ

Румыны столицæ Бухаресты æрæмбырд 60 мин демонстранты. Уыдон домынц, цæмæй хицауад æмæ парламент отставкæйы ацæуой æмæ æмгъуыдæй раздæр æвзæрстытæ снысан кæнын. Акцийы иницатортæ сты фæсарæнты кусæг румынгæтæ. Уыдон куыд дзурынц, уымæ гæсгæ сæ бахъуыд коррупци æмæ чысыл куыстмыздты тыххæй бæстæйæ ацæуын æмæ сæ ныр фæнды ивындзинæдтæ саразын. Хицауады ныхмæ манифестацийы хайадисджыты сургæйæ, хъыгдард баййæфтой 450 адæймагæй фылдæр. Митинджы рæстæдæы жандармты карз архайдтытæн ныридæгæн стæрхон кодта Румыны президент æмæ æрдомдта мидхъуыддæгты министрæй, цæмæй йын бамбарын кæна ахæм цаутæ цæмæн æрцыдысты, уый тыххæй.

СКУЫСТА ЗАВОДЫ ДЫККАГ ХАХХ

Ямало-Ненецкаг автономон округы скуыста завод «Ямал СПГ»-йы дыккаг хахх. Æлхъывд газ фæнд кæнынц Европæ æмæ Азимæ æрвитын. Контракттыл къухтæ фыст æрцыдысты. Ацы уникалон проект сæххæст кæныныл кусынц 650 фыдыбæстæйон куыстуаты. «Ямал СПГ»-йы руаджы арæзт æрцыд 100 мины бæрц кусæн бынаты. Заводы фыццаг технологон хахх скуыста ивгъуыд аз декабры мæйы. Æлхъывд газимæ фыццаг танкерæн старт радта  УФ-йы Президент Владимир Путин. «Ямал СПГ»-йы æртыккаг хахх эксплуатацимæ радтын план кæнынц 2018 азы кæрон. Уымæй дарддæр ма ист æрцыд уынаффæ цыппæрм хахх саразыны тыххæй. Хуссар-Тамбейскаг гуырæны фæсауæрцтæ егъау сты, ис дзы триллион кубометры газ. Уый  у æрдæг æнусы фаг.

БАУРÆДТОЙ ТАНКЕРЫ

Украинæ Херсоны денджызон базарадон порты баурæдта уæрæсейаг танкер «Механик Погодин»-ы. Науæн ныр æртæ боны дæргъы йæ бон нæу портæй ацæуын, фæлæ  танкеры æмæ йæ командæйы бауромыны тыххæй нырма уынаффæ нæ рахастæуыд. Украинæйы дзыллон информацийы фæрæзтæ куыд хъусын кæнынц, уымæ гæсгæ танкер у, Украинæ санкцитæ кæуыл бакодта, уыцы компанийы.

ФЫДРАКÆНДОН АРХАЙД

Испаны барадхъахъхъæнæг органтæ раргом кодтой фыдракæндон масштабон хызæг Европæйы территорийыл адæймæгтæй базар кæныны фæдыл. Фæдагурджытæ куыд сбæрæг кодтой, уымæ гæсгæ фыдгæнджытæ æххуыс кодтой Африкæйæ рацæуджытæн, цæмæй Испанмæ бафтой, уырдыгæй та сæ æрвыстой Францмæ æмæ сæ уæй кодтой фыдракæндон къордтæн. Афтæмæй цагъайрæгты хуызы ауæй кодтой 350  фылдæр æнæлегалон мигранты. Фыдгæнджытæ  фылдæр архайдтой Испаны цæгаты. Стырбритани, Германы ис ахæм адæймæгтæ, кæцытæ цæттæ сты цыппар, фондз, авд африкæйаджы балхæнынмæ, цæмæй сын мæгуыргурæй æрлæууой аргъуанты æмæ супермаркетты цур, кæнæ та сын уæззау куыст кæной. Испаны æрцахстой авд адæймаджы, уыдонмæ зæрдæ фехсайдта ацы фыдракæндон архайдтыты.

АВТОЗГЪОРД

Латвийы уыд автозгъорд уырыссаг скъолаты бахъахъ-хъæныны тыххæй. Акцийы хайадисджытæ сты ахуырадон реформæйы ныхмæ, кæцы бар нæ дæтты скъолайы предметты фылдæр хайæн мадæлон æвзагыл ахуыр кæнынæн. Дыууæ бонмæ сæрмагонд символикæимæ автомашинæтæ бацыдысты фондз латвийаг горæтмæ. Уыдоны уагъд æрцыдысты митингтæ æмæ акцитæ уырыссаг скъолаты  фарс  рахæцыны тыххæй.

ÆРХАУД ХÆДТÆХÆГ

Индонезийы æрхауд сæрмагонд компанийы рогмоторон хæдтæхæг, кæцыйы фæстиуæгæн фæмард сты аст адæймаджы. Сæрæгасæй аирвæзт 12 аздзыд лæппу, уый баластой рынчындонмæ.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.