Республикæйы районты дарддæр кæнынц хъæуæй хъæумæ фæндæгты хæрзарæзтады куыстытæ.

Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Бибылты Валерийы ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ кусынц Джеры хъæумæ фæндагыл.

«Ацы бонты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ æрæвнæлдтой æртæ километры бæрц фæндаг цалцæг кæныны куыстытæм, кæцы цæуы Джеры хъæуы кувæндоны онг. Фæндаг ацы азы планмæ хаст не ‘рцыд, фæлæ йæ мах уæддæр аразæм. Техникæ ис хорз уавæры, уыдон куыстхъом сты республикæйы къухдариуæгад цы æхцайы фæрæзтæ рахицæн кодта, уыдоны фæрцы.

Ацы объект хъуамæ фæуæм августы мæйы фæудмæ, цалынмæ кувæндонмæ цæуджытæ не сбирæ сты, уæдмæ», – загъта Бибылты Валери.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, фæндæгтæ цалцæг æрцыдысты Ходы, Монастъеры æмæ Куасаталы хъæутæм дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.