19 майы Хуссар Ирыстоны Национ музейы, дунеон акци «Æхсæв музейы» фæлгæтты ауагъдæуыдзæн мадзал ахæм номимæ – «Сæххæст кæн дæ бæллиц!», – зæгъгæ.

Мадзал райдайдзæн изæры 8 сахатыл.

Ацы акци уагъд цæуы æртыккæгæм хатт. Йæ райдианы куыд уыд, афтæ ныр дæр мадзалы сæйраг экспонат суыдзæн «Цыкурайы фæрдыг»-ы рахаст, кæцы, рагзаманты уырнынадмæ гæсгæ, æххуыс кæны иууыл бæллиццагдæр фæндæттæ æххæст кæнынæн, уыцы изæр ацаходæн уыдзæн национ хæринæгтæй дæр.

Фæлæ ууыл нæ фæуыдзæн мадзал. Музеймæ æрбацæуджытæ фендзысты ног экспозици – «Ирон хæдзар», нæ номдзыд ахуыргæндтæ – Гаглойты Юри, Плиты Гацыр, Дзабиты Зарбег, Дзадтиаты Руслан сын радзурдзысты Нарты эпосы радзырдтæ æмæ «Цыкурайы фæрдыджы» тыххæй легендæтæ. Байхъусдзысты ма ирон музыкæйы зæл-тæм дæр.

– Акци «Æхсæв музейы» нысан у музейы программæтæм хъусдард аздахын, сæрмагондæй та национ культурæ æмæ традицитæм. Музейы кæд-дæриддæр ссарæн ис цымыдисон, уникалон æрмæг, базонгæ уæвæн дзы ис ногдзинæдтимæ, цæуыл ахъуыды кæнай, ахæмтимæ, – банысан кодта музейы директор Зассеты Мераб. – Азæй азмæ нæм цæуынц фылдæрæй фылдæр адæм. Ныр дæр æнхъæлмæ кæсæм бирæ уазджытæм, кæцытæ, мæнмæ гæсгæ, нæ фæфæсмон кæндзысты сæ бахардзгонд рæстæджы тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.