УФ-йы Паддзахадон Думæ фыццаг бакастæй райста сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисæг бархионты тыххæй æнæмæнгхъæуæг паддзахадон фæдзæхстады фæдыл закъоны проект. Ныртæккæ закъон парахат цæуы æрсидт æмæ контрактмæ гæсгæ чи службæ кæны, уыцы æфсæддон службæгæнджытыл, – фехъусын кодта парти «Иугонд Уæрæсе»-йы генералон советы секретарь Андрей Турчак. Фæлæ закъон фронтмæ бархионæй чи ацыд, уыдоны ахасты нæ архайдта, уымæн æмæ документы фыст нæ уыд, уый фæдыл æмбæлон фæтк. Ныр документмæ гæсгæ бархионтæ царды фæдзæхстады æмæ æнæниздзинады фарстаты закъонмæ гæсгæ æмбар уыдзысты мобилизацигонд æмæ контрактон службæгæнджытимæ. «Сæрмагонд æфсæддон службæгæнджыты æппæт хайадисджыты бартæ хъуамæ хъахъхъæд цæуой æмхуызонæй», – бамбарын кодта нормæты актуалондзинады тыххæй Паддзахадон Думæйы Сæрдар Вячеслав Володин.

 

***

Сектор Газы Израилы хæстон агрессийы амæттæгты нымæц схызт 24 285 мин адæймаджы онг, цæфтæ та фесты 61 154 мин адæймаджы, – уый тыххæй хъусын кæнынц палестинæйаг æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады хайады Телеграм-каналы. Израилы та, хицауады фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фæмард 1,2 мин адæймаджы. Уыдоны нымæцы сты æмбæстагон адæймæгтæ, салдаттæ, фæсарæйнаг æмбæстæгтæ æмæ кусджытæ. Хъыгдард та баййæфтой 5 мин адæймагæй фылдæр.

 

***

Горæт Эрбилы ирайнаг атакæты фæстæ Иракы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад консультациты нысанæн фæсидт Ираны йæ минæвармæ. 15-æм январæй 16-æм январмæ æхсæвы Эрбилы айхъуыст цалдæр срæмыгъды.

16-æм январы Иракы хицауад хъаст ныффыста ИНО-йы Æдасдзинады советмæ Ираны «агресси»-йы тыххæй. 1947 азы Советон Цæдисы активон хайадистæй ИНО-йы уынаффæмæ гæсгæ хъуамæ арæзт æрцыдаиккой дыууæ паддзахады – Израиль æмæ Палестинæ, фæлæ арæзт æрцыд æрмæстдæр израилаг паддзахад.

***

АИШ-ы президенты бынатмæ кандидатты претендентты ‘хсæн Трамп цæуы разæй. Нью-Гэмпширы праймериз уыдзæн 23-æм январы. Политологтæ аргъ кæнынц паддзахады сæргълæууæджы æвзæрстыты Трамп æмæ Байдены шанстæн. Къорд эксперты æмæ политологты хъуыдымæ гæсгæ, Трамп гæнæн ис æмæ рамбула æвзæрстыты. Амалиуæггæнæг Вивек Рамасвами фехъусын кодта Трампы пайдайæн президенты бынатмæ кандидатæй кæй хизы, уый тыххæй. Рамасвами историйы уыд иууыл æвзонгдæр претендент республикон партийæ АИШ-ы президенты бынатмæ.

***

«Роскосмос» фехъусын кодта дыккаг спутник «Арктика-М»-йæ фыццаг ныв кæй райста, уый тыххæй. Спутник «Арктика-М»-ы ауагътой 2023 азы 16 декабры. Фыццаг спутникы та эксплуатацимæ райстой 2021 азы 3 сентябры. Дыууæ спутникы æппынæдзух сæ хъус дардзысты Уæрæсейы цæгаттаг территоримæ æмæ Зæххы арктикон регионмæ.

***

УФ-йы президент Владимир Путин куыд банысан кодта, афтæмæй ацы аз Уæрæсейы нæмыгонты тыллæг уыдзæн 147 милуан тоннæйы ног регионты дæр бахынцгæйæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Глобалон базæртты мæнæу ауæй кæнынæй Уæрæсе дунейы ис фыццаг бынаты.

 

***

УФ-йы президент йæ къух æрфыста барамындыл «УФ-йы бынæттон хæдразамынады сгуыхт кусæг»-ы кадджын ном сфидар кæныны тыххæй. Уый тыххæй фехъусын кодта Æппæтуæрæсейон муниципалон преми «Служение»-йы лауреатты схорзæхджын кæныны церемонийы рæстæджы. Путин зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, муниципалон хицауад алкæмæй æввахсдæр у адæммæ, ууыл баст у уæрæсейæгты æрвылбонон царды гъæд.

***

Эстонийы парламент 16-æм январы фылдæр хъæлæстæй нæ райста Консервативон адæмон партийы закъоны проект советон хæстонтæн æппæт цыртытæ дæр сдемонтаж кæныны тыххæй, уыцы нымæцы «Бронзæйон салдат»-ы цырт дæр. Парламенты 101 уæнгæй закъоны проекты тыххæй схъæлæс кодтой 14 депутаты, йæ ныхмæ та рацыдысты 54 депутаты. Цырт æвæрд æрцыд 1947 азы 22 сентябры Таллины центры. Æрвылаз дæр-иу Таллины цæрджытæ æмæ уазджытæ дидинджытæ æмæ веноктæ сæвæрдтой монументыл, фæлæ йæ 2007 азы апрелы мæйы хицауады бардзырдмæ гæсгæ рахастой Æфсæддон уæлмæрдмæ.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.