Куыд зонæм, æрæджы Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланæн уыд фембæлд Уæрæсейы Федерацийы президент Владимир Путинимæ. Бæстæты сæргълæуджытæ уынаффæ кодтой дыууæварсон æмгуыстады ныры уавæр æмæ йæ дарддæры рæзты перспективæтыл, экономикон æмæ æфсæддон фадыджы ахсджиаг æмгуыстадыл.

Владимир Путин банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ахастытæн,  ис сæрмагонд характер.

Гаглойты Алан та фехъусын кодта, ныртæккæ цы вазыгджын геополитикон процестæ цæуы уымæ гæсгæ нæ архайдтытæ мах хъуамæ координаци кæнæм æдасдзинады иумиаг контуры фæлгæтты.

Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад банымады нысаниуæгджын боныл ацы аз æххæст кæны 15 азы. Уый цытæн Гаглойты Алан бæрæгбонон мадзæлттæм фæхуыдта уæрæсейаг бæрзонд уазæджы.

Хуссар Ирыстоны уазæгуарзаг адæм æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсынц Владимир Путины æрцыдмæ.

Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны президентты фембæлдæй нæ ныфс ис дыууæ бæстæты æхсæн ахастыты позитивон рæзтæй. Фембæлдæн ис ахсджиаг нысаниуæг геополитикон, стратегион æмæ æфсæддонполитикон планы.

Уæрæсейы Федерацийы лидеримæ фембæлды фæстиуджыты фæдыл бæстæйы сæргълæууæг Гаглойты Аланæн уыд пресс-конфереци Хуссар Ирыстоны информацион фæрæзты минæвæрттимæ.

 

Ахсджиаг фембæлдтытæ

Гаглойты Алан æрæджы йæ кусæгон балцы рæстæджы Мæскуыйы фембæлд Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады советы нымæрдары фыццаг хæдивæг Рашид Нургалиевимæ. Фембæлды  уынаффæ цыд дунеон æмæ националон æдасдзинады фарстатыл æмæ  сыхаг Гуырдзыстоны уæд цы цаутæ цыд, уыдоны тыххæй.

РХИ-йы Президенты иннæ фембæлд та уыд Уæрæсейы Федерацийы президенты администрацийы къухдариуæггæнæджы хæдивæг Дмитри Козакимæ. Уыцы фембæлды та æркастæуыд дыууæварсон æмархайды актуалон фарстатæм. Сæйраг хъусдард здæхт æрцыд Хуссар Ирыстонæн 2025 азмæ Социалон-экономикон рæзты инвестицион программæ реализаци кæнынмæ. Гаглойты Алан æмæ Дмитри Козак уынаффæ кодтой социалон-экономикон фадыг æмæ республикæмæ инвестициты  рæзты фарстатыл.

Бæстæйы разамонæджы ацы бæрзонд æмвæзадыл фембæлдтытæн ахсджиаг æмæ егъау нысаниуæг ис. Кæсæм сæм ныфсы æмæ паддзахадæн ахъазгæнæг кæй уыдзысты, ахæм цæстæй.

Арæнты делимитаци æмæ демаркацийы фæдыл къамис сæххæст кодта йæ разылæууæг хæстæ

Республикæ Хуссар Ирыстон Гуырдзыстонимæ паддзахадон арæнтæ сбæлвырд кæныны ахсджиаг хæс сæххæст кодта иуварсонæй. Уый тыххæй, РХИ-йы Парламенты пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй æмбæлон хъусынгæнинаг сарæзта къамисы сæрдар, депутат Мулдарты Гарри. Йæ ныхæстæм гæсгæ, архивон документты бындурыл, кæцытæн комкоммæ ахаст ис дыккæгæм номыры Декрет сæххæст кæнынмæ, арæзт æрцыд кусæгон къорды кæронбæттæн доклад æмæ бакуыст æрцыд проект.

Хуссар Ирыстон дунеон æмæ барадон нормæтæ хынцгæйæ, аразы æппæтдæр закъонмæ гæсгæ паддзахадон æнæмæнгхъæуæг æмæ æнæаргъæвгæ хъуыддæгтæ биноныг кæнынмæ. Паддзахадон арæнты фарст æрбæстон кæнын махæн ахсджиаг у, уымæн æмæ паддзахад бæрæг æмæ фидар у йæ арæнтæй.

 

Хæларадон æмæ хъарм ахастытæ Сирийы бæстæимæ

Хуссар Ирыстон æмæ Сирийы ‘хсæн политикон, экономикон æмæ культурон æмгуыстады фарстатыл дзырд цыд Уæрæсейы Хуссар Ирыстоны æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауырæн Уæрæсейы Сириаг Арабаг Республикæйы минæвар Башар Джаафариимæ фембæлды рæстæджы. Гасситы Знауыр бузныг загъта Сирийы къухдариуæгад æмæ йæ адæмæн сæ хæларадон æмæ хъарм ахасты тыххæй. Фембæлды кæрон сириаг минæварады сæргълæууæджы Знауыр фæхуыдта Хуссар Ирыстонмæ. Уымæн æмæ хуссарирыстойнаг адæм райгонд æмæ стыр бузныг сты, нæ паддзахадон хæдбардзинад нын цы хæларадон бæстæтæ банымадтой, уыдонæй се ‘ппæтæй дæр.

КЪÆБУЛТЫ Марина

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.