Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзты сæйрагдæр здæхæнтæ сбæлвырд кæныны, 2020 азæн пенсион фондæн уæлæмхас фæрæзтæ ссарын æмæ ма æндæр ахсджиаг фарстытыл уынаффæ цыдис РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик профилон министрадтæ æмæ ведомствæты къухдариуæггæнджытимæ цы æмбырд ауагта, уым.

Экономикон рæзты министр Бекъойты Геннади йæ раныхасы куыд банысан кодта, афтæмæй республикæйы статистикон зонæнтæм гæсгæ экономикон структурæйы 2018 азимæ абаргæйæ ис æвæрццаг ивындзинæдтæ. Республикæйы хи æркæнгæ продукттæ хъæууон хæдзарады фæфылдæр сты 9,6 проценты, сæудæджерады та – 15,7 проценты бæрц.

Министры ныхæстæм гæсгæ йæ дæлбар ведомство архайы, цæмæй  аграрон комплекс æмæ сæудæджерадон кондады ацы нымæцтæ ноджы фæфылдæр уой.

«Экономикæйы реалон сектор ис ныллæгдæр æмвæзадыл Уæрæсейы Федерацийы финансон æххуысы хуызы цы фæрæзтæ исæм, уыдоны хыгъдæй чи рæзынц, уыцы къабæзтимæ абаргæйæ». Уый ма дзырдта, зæгъгæ, экономикæйы реалон секторæн лæвæрд кæй æрцыд дзæвгар финанстæ алыгъуызон проекттæ реализаци кæныны нысанæн. 2020 азы дæр, зæгъгæ, бадзырдтæ арæзт æрцæудзæн чысыл амалиуæгады субъектты льготон æгъдауæй кредитæй сифтонг кæныны тыххæй. Ам фылдæр хъусдард здæхт  æрцæудзæн кондады къабазы проекттæм. Йæ ныхæстæм гæсгæ бюджетмæ цы хаст æрцæудзысты 2020 азмæ, уыдон фаг нæ уыдзысты, уыцы процедурæтæн. Ам, нын, зæгъгæ, хъуамæ феххуыс, кæной Инвестицион программæмæ цы фæрæзтæ хаст æрцæуа, уыдонæй. Æрмæст, экономикон рæзты министрады цы бизнес-проекттæ ис ныридæгæн, уыдон сты 50 бæрц. Уыдонæй сæ иутæ сты экономикон цæстæнгасæй тынг пайдайаг.

Йæ раныхасы министр рахицæн кодта Хуссар Ирыстонæй финансон фæрæзтæ ивылынæн чи ахъаз кæнынц, ахæм сæйрагдæр фактортæ. Уыдонæй сæйрагдæрыл банымадта арæзтады къабаз, зæгъгæ, нæм арæзтадон объектты бирæ кусынц фæсарæйнаг кусджытæ – Астæуккаг Азийæ рацæугæтæ.

Æнтыстыты фактортыл дзургæйæ хорзыл банымадта хъæууонхæдзарадон къабазы бынæттон базары нæхи хъæууонхæдзарадон продукци кæй райдыдтой уæй кæнын. «Махæн нæ бон нæхи зæххыл цы халсæрттæ æмæ дыргътæ æркæнын у, уыдон, хæсджын стæм æмæ сæ æркæнæм, æддейæ сæ ма хъуамæ ласæм. Уый хауы сæйраг кондадон товартæм: нæмыгонтæ, ссад, дзул, дзидза-æхсыры продукттæ, халсæрттæ, дыргътæм».

Хицауады уæнгты размæ Бекъойты Геннади 2020 азæн цы нывæзт рахаста уым сæйрагдæрыл нымайы хуссар-ирыстойнаг амалиуæггæнджытæн æххуыс кæнын, уæрæсейаг инвестицион агентадимæ æмархайдæй. Экономикон рæзты министрад, дарддæр дæр кусдзæн, цæмæй амалиуæггæнджытæ цы программæтæ бавдисынц, уыдон Мæскуыйы инвестагентады куы æвзарой, уæд хъахъхъæд æрцæуой сæ интерестæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ министрад,  ноджыдæр йæ сæйраг хæсыл нымайдзæн Хуссар Ирыстонмæ фæсарæйнаг инвестицитæ æрбакæнын. Уый радзырдта 2019 азы инвесторты республикæмæ æрбахоныны тыххæй, хайад кæй райста цалдæр хуызы экономикон форумты. Сæ бавæргæ финансон фæрæзтæн тас кæй ницæмæй у, экономикон министрад бакуыста уыцы схемæйыл дæр.

Хицауады Сæрдар куыд загъта, афтæмæй амалиуæгады субъекттæн льготон кредиттæ радтыны фæстæ фылдæр хъусдард здæхт хъуамæ цæуа проекттæ куыд кусынц, уыцы фарстатæм. Сæ хæстæ цы кредитортæ не ‘ххæст кæной, уыдон хъуамæ  карзæй цæуой æфхæрд . Сæ æхцайы фæрæзтæй нысанмæздæхтæй чи нæ пайда кæна, уыдон Хицауадмæ фæстæмæ хъуамæ æрбахæссой, цы ахастой, уый.

Æмбырды рæстæджы ма дзырд цыд пенсион ифтонгады иуæй-иу проблемæтыл. Пенсион ифтонгады сæргълæууæг Тасойты Азæ куыд банысан кодта, афтæмæй ивгъуыд азимæ абаргæйæ пенсиисджыты нымæц бæрæг фæфылдæр ис. «Махæн нæ нысан у, цæмæй пенсион ифтонгады системæ фæраза пенсиисджытæн лæггад кæнын æмæ сын гæнæнуæвгæйæ сæ æфтиæгтæм ноджы дæр бафтын кæна. Зæгъын хъæуы уый æмæ фæстаг рæстæджы ацы фадыджы ахсджиаг куыст кæй æрцыд», – загъта, уый.

Тасойты Азæ ма куыд загъта, афтæмæй пенсиисджыты нымæц кæй фæфылдæр, уый тыххæй РХИ-йы пенситы фæдыл закъоны проектмæ дæр хъуамæ хаст æрцæуа ивындзинад. Ома, цы фæрæзтæ нæ фаг кæны, уыдон хъуамæ баххæст уой паддзахады сæрмагонд ресурстæй.

Хицауады æмбырды ма Экологи, геологи æмæ æрдзхъахъхъæныны комитеты сæрдар Бестауты Бала æрдзырдта, ныртæккæ нæ республикæйы территорийыл проблемон фарстыл. Цæугæдæтты былгæрæтты антисанитарион уавæр кæй аразынц, арæзтадон фирмæтæ æмæ ма улæфыны нысанæн уырдæм цы адæм цæуынц, уыдон. «Алы ран дæр фенæн ис брæтты рæдзæгъдтæн, æмæ уыимæ хъæуы тох кæнын. Горæты æмæ районты дæр арæзтадон куыстытæ цæуы, уый æхсызгон у, фæлæ брон калæн нæй цæугæдæтты  алфæмблай».

Ацы хъуыдыйы æвварс уыд Республикæйы Сæйраг санитарон дохтыр Коцты Маринæ дæр. Уый бахатыд районты сæргълæуджытæм, цæмæй карзæй æфхæрой сæ дæлбаруæвæг ведомствæты æмæ ивар кæной æрдзæн зианхæссæг адæймæгты.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.