Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик ауагъта Хицауады рабадт. Боны фæткмæ хаст æрцыдысты чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады æххуысы фарстатæ, афтæ ма нæ республикæйы социалон-экономикон рæзты Инвестпрограммæйы реализацийы фарстатæ.

Экономикон блокы закъоны проекттыл æрныхас кодта РХИ-йы экономикон рæзты министр Кокойты Геннадий. Уый банысан кодта, тагъдыл барадон акттæ кæй хъæуы райсын, кæцытæ здæхт уой чысыл амалиуæгады субъекттæн льготон кредиттæ дæттынмæ.

Фыццаджыдæр æруынаффæ кодтой æмæ райстой «2018 азæн Республикæ Хуссар Ирыстоны чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады райрæзт»- ы паддзахадон программæйы проект, кæцыйыл уынаффæ кодтой ивгъуыд рабадты. Сфидар кодтой льготон кредиттæн ахъазгæнæг бюджетон фонды тыххæй закъон.

Хицауады уæнгтæ хорзыл банымадтой «2015-2017 азтæн Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион програм-мæ реализаци кæныны фæдыл хицæн фарстаты тыххæй» Хицауады №136 Уынаффæ  æмæ «2018-2019 азтæн Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-эко-номикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныны хицæн фарстаты» тыххæй Хицауады №120 – р-мæ ивындзинæдтæ баххæссыны тыххæй.

Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæстæ æххæстгæнæг Зæгъойты Эдуарды ныхæстæм гæсгæ ивындзинæдтæ баст сты арæзтадон куыстытæ æххæстгæнæг æмæ заказгæнæджы ‘хсæн ахастыты фæтк æрæвæрын хицæн объектты раздæры æмæ нырыккон Инвестпрограммæйы фæлгæтты.

Æрæмбырдуæвджытимæ ныхас кæнгæйæ, Пухаты Эрик но-джыдæр хъусдард аздæхта Хицауады рабадтмæ хастцæуæг закъæтты проекттыл лæмбынæг-дæр кусыны æнæмæнгхъæуындзинадмæ.

«Цалынмæ закъоны проект уынаффæ кæнынмæ хаст не ‘рцæуа, уæдмæ лæмбынæг бакусын хъæуы æппæт статъятыл дæр. Уый хицæн министрадты æмæ ведомствоты куыст нæу, фæлæ у Хицауады сконды оперативон æмæ иумæйаг куыст», – банысан кодта Пухаты Эрик.

Республикæ Хуссар

Ирыстоны Хицауады официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.