Æвæдза, æцæгæйдæр, цæй диссаг у æрдзы хъуыддаг. Царды иуæй-иу адæймæгты сфæлдисы фырхæларзæрдæтæй. Ахæмтæ, æгæрыстæмæй, сæхи сæрмагонд цард дæр нæ бавгъау кæнынц сæ хиуæтты, сæ зонгæты æмæ се ‘мбæлтты царды сæраппонд. Уыдонæн царды алыхатт дæр бынат разыны сгуыхтдзинæдтæн. Сгуыхтдзинæдтæ та алыгъуызон вæййынц: хисæрмагонд проблемæтимæ тох кæнын, æххуысхъуаг адæмæн æххуыс кæнын, дæхицæй лæмæгъдæрты бахъахъхъæнын, адæймаджы цард аирвæзын кæнын æмæ афтæ дарддæр.

Йæхи царды аргъæй бахъахъхъæдта æндæрты цард

Уыцы бон, 23-æм июны, Дагъыстаны уынгты æхситт кодтой нæмгуытæ. Бандиттæ комкоммæ æхстой аргъуан æмæ синагогы чи хъахъхъæдта æмæ фæндагон патрулон службæйы посты полициæгты. Тарст æмбæстæгтæ алырдæм лыгъдысты, цæмæй ма суыдаиккой террористты атакæйы æнæнхъæлæджы амæттæгтæ.

Террористтæ сатакæ кодтой барадхъахъхъæнæг органты кусджыты, кæ­цыйы фæстиуæгæн фæмард сты 18 полициаджы. Уыдон ‘хсæн уыд полицийы  24-аздзыд  сержант Хабиб Алиев. Уый куыста Махачкалайы фæндагон патрулон службæйы инспекторæй. Террористтæ бацыдысты Ермошкины уынджы постмæ æмæ уайтагъд æхсын райдыдтой полициæгты, фæцæф сты цалдæр адæймаджы. Хабиб Алиев ныхкъуырд радта, чи алыгъд уыцы боевикæн. Æхстыты рæстæджы бынæттон цæрæг нæлгоймаг бакодта йæ кæрты къулдуар æмæ фæдзырдта Алиевмæ, цæмæй йæ хæдзары йæхи бааууон кодтаид. Фæлæ фæндагон патрулон службæйы æвзонг инспектор не сразы хæдзары бамбæхсыныл, уымæн æмæ йæ фæндыд йе ‘мслужбæгæнæг æмæ хæлар Магомедрасул Мамаев æмæ иннæтæн баххуыс кæнын. Иннæмæй та тарст, йæ фæстæ боевиктæ куы æрбацæуой æмæ йæ аххосæй нæлгоймаджы æмæ йæ бинонты дæр куы амардтаиккой, уымæй. Йæхæдæг ацыд, æхстытæ кæцæй хъуыстысты уырдæм.

«Мæн уæддæр амардзысты, фæлæ ды бацу хæдзармæ æмæ бамбæхс!», – загъта йын Алиев. Æвзонг лейтенанты фæстаг ныхæсты тыххæй радзырдта республи-кæйы фæдыл мидхъуыддæгты министрады сæргълæууæг Гаяна Гариева.

«Хабиб нæ бацыд, йæ хæдзары дуæрттæ йын чи бакодта, уыцы  нæлгоймаджы хæдзармæ, уымæн æмæ тарст боевиктæ йæ фæдыл куы бацæуой æмæ нæлгоймаджы дæр куы бахъыгдарой, уымæй», – загъта Гариева.

Алиев йæ фæстаг фæндагыл атагъд кодта йе ‘мбæлттæн баххуыс кæнынмæ æмæ… Избербашаг сержант Алиевы амардтой снайперы винтовкæйæ, чъылдымæрдыгæй йæ фехсгæйæ, – радзырдта йе ‘ввахс хион Нурбаганд Магомедович. «Хъыгаг у, афтæ кæй рауад, уый. Хабиб цæвиттойнаг уыд йе ‘фсымæртæн. Æввахс рæстæджы хъуамæ æркодтаид цардæмбал, фæлæ йын нал бантыст», – загъта уый.

Дагъыстаны цæрджыты дисы бафтыдта æвзонг инспекторы сгуыхтдзинад. Хабибы ном сын ссис хъæбатырдзинады символ. Уый у нæ дуджы хъайтар. Экс­тренон уавæрты Хабиб равдыста, адæмы цард ын йæхи цардæй зынаргъдæр кæй у, уый. Уымæн йæ бон уыд кæртмæ бацæуын, фæлæ уый бæсты фæзынд æххуысмæ йе ‘мслужбæгæнджытæм.

«Тынг зын нын у ахæм æвзонг лæппуты сафын. Зæрдæ скъуыдтæ кæны, цæссыгтæ рустыл лæдæрсынц. Бахъуыды йæ кæндзыстæм зæрдæхæлар лæппуйæ», – фыссынц Хабибы æмзæххонтæ. 25-æм июны фæзынд онлайн-петици полицийы сержант Хабиб Алиевæн Уæрæсейы хъайары ном рад­т­ыны куырдиатимæ. Уый тыхст рæстæджы равдыста сгуыхтдзинад.

Хъæбатыр лæппу тæссагдзинад аиуварс кодта нæлгоймаджы хæдзарæй, баххуыс кодта иннæтæн фыдгæнджыты скуынæг кæнынæн. Фæлæ йæхæдæг фæмард.

Уæззау рæстæджытæ æвзæрын кæнынц тыхджын адæймæгты æмæ тæссаг цаутæ та равдисынц алы адæймаджы æцæг цæсгом æмæ адæймагдзинад

Дагъыстаны теракты рæстæджы дыу­уæ лæппуйы иуварс нæ лæууыдысты, фæлæ аскъуыддзаг кодтой, фыдгæнджыты ныхмæ чи тох кодта, уыцы спецназы хæстонтæн ис­тæмæй баххуыс кæнын. 10-аздзыд Абдулбасир æмæ 8-аздзыд Магомедшапи Нурмагомедовтæ хъазыдысты уынджы сæ хæдзары цур. Æхстытæ куы фехъуыстой, уæд уайтагъд нæ бамбæрстой, хъуыддаг цæй мидæг ис, уый. Сæ фыд Абдулбасира сæ хæдзармæ бакодта æмæ сын радзырдта террористты тыххæй, загъта сын, зæгъгæ, уагъд цæуы контртеррористон операци.

Сæ фыдимæ алыгъдысты цауты бынатмæ. Уырдæм бацæугæйæ бамбæрстой æрхъулайæ сæ мидæмæ сæ кæй нæ бауадздзысты, уый. Лæппутæ ахъуыды кодтой, зæгъгæ, уæззау амуницийы спецназонтæн уыдзæн дойны. Балхæдтой аст асыччы æвгты дон æмæ йæ райдыдтой спецназонтыл уарын. Фæстæдæр куыд басастысты, афтæмæй тарстысты, фæлæ уæддæр сæ хæсыл банымадтой операцийы хайад райсын. Лæппутæ хъуыды дæр нæ акодтой сгуыхтдзинад кæй равдыстой, ууыл. Нæ бынаты, зæгъ, алчидæр афтæ сарæзтаид. Координацион æмбырды рæстæджы Дагъыстаны сæргълæууæг Сергей Меликов фехъусын кодта, зæгъгæ, дыууæ лæппу дæр сты хорзæхты аккаг. Интернеты видео куы фæзынд, уæд сæм бацыдысты Адæмон фронты минæвæрттæ æмæ сын бакодтой лæвæрттæ сæ хъæбатырдзинады тыххæй.

УФ-йы Паддзахадон Думæйы депутат Алексей Журавлев банысан кодта, зæгъгæ, сывæллæттæ æрмæст хъæбатырдзинад нæ равдыстой, фæлæ фенын кодтой террористтæн сæ сæйраг нысан сæ къухты кæй нæ бафтыд, тæссагдзинады раз адæм ноджы кæй æрбангомдæр сты, уый. Номхуындæй, раст хъомылад сывæллæттæ исынц бинонты ‘хсæн.

Хъайтартæй нæ райгуырынц, хъайтартæ свæййынц

Æрæджы нæ хæстæфхæрд горæты иу къуыримæ фæдфæдыл æрцыд æртæ æнамонд цауы. Джиоты Аланы проспекты уыд зынгсирвæзт бирæуæладзыгон корпусы фатертæй сæ иуы. Уыцы рæстæджы Чилæхсаты Спартак йе ‘рвад Чилæхсаты Рудикимæ уыдис, æнамонд цау кæм æрцыд, уыцы бирæуæладзыгон корпусы 1-аг уæладзыджы цы магазин ис, уым. Спартак сыгъды тæф фæхатыд, фæлæ кæцæй цыд, уый бæрæг нæ уыд. Цалдæр минуты фæс­тæ райхъуыст чысыл срæмыгъд æмæ æвгтæ æркалдысты. Спартак ауыдта 4-æм уæладзыгæй фæздæг æмæ арты æвзæгтæ æддæмæ куыд лæбурынц. Лæппутæ уайтагъд алыгъдысты æххуысмæ. Бацæуæны æрæмбырд сты сылгоймæгтæ, уыдон тарстхуызæй хъæр кодтой, зæгъгæ, сывæллæтты аирвæзын кæнын хъæуы. Куыддæр сывæллтты кой фехъуыста, афтæ Спартак слыгъд асинтыл уæлæмæ. Фатеры раз баййæфтой цалдæр лæппуйы, кæцытæн сæ бон ссис бахизæны дуар бакæнын. Зынгсирвæзты рæстæджы алы минут дæр зынаргъ кæй у, уый æмбаргæйæ, Спартак багæпп кодта судзгæ фатермæ. Рудик дæр бахызт йæ фæстæ, фæлæ хуыдуг кæнын райдыдта æмæ фæстæмæ рахызт. Спартак сиу кодта йæ телефоны фонар æмæ афтæмæй агуырдта сывæллæтты, фæлæ сынтæг уыд афтид. Уый фæстæ бакаст къæбицмæ, хинайæнмæ, фæлæ уым дæр ничи уыд. Лæппу хуыдуг кæнын райдыдта æмæ рабырыд фатерæй. Фæлæ ахъуыды кодта, зæгъгæ, чизоны сывæллон фæ­тарст æмæ искуы бамбæхст. Спартак фæстæмæ смидæг судзгæ фатеры, фæлæ та никæйы ссардта. Фæндыд æй фатерæй рахизын, фæлæ йæ бон рахизæн ссарын нал уыд. Уæддæр куыддæрты рабырыд фатермæ бахизæны онг æмæ уым йæ зæрдæ бавзæр, йæхи нал æмбæрста. Хорз уыд æмæ уым чи лæууыд, уыцы лæппутæй кæцыдæр фæхатыд Спартакы æмæ йæ æддæмæ рахастой. Уым йæхимæ æрцыд æмæ йæхæдæг æрхызт бынмæ.

Уæдмæ æрбацыдысты уæлвæткон уавæрты министрады зынгхуыссынгæнæн расчеттæ дæр. Уынджы абадт цалдæр минуты æмæ та йæ зæрдæ бавзæр. Уый фæстæ цы цыд, уыдон рæстмæ нæ хъуыды кæны. Аластой йæ рынчындонмæ. Фæнды йæ бузныг зæгъын чи йын баххуыс кодта, уыцы медиктæн се ‘ппæтæн дæр.

27 аздзыд Спратак кусы РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрады сæрмагонд нысаниуæджы къорды дыккаг ротæйы. Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ Спартак кæй у сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисæг. Хæцыд сæмагонд нысаниуæджы полкы «Борз»-ы цæрæн пункт Бахмуты.

Æнæскойгæнгæ мын нæй дæлдонгæнæг Хуыбежты чысыл чызджы чи аривæзын кодта, уый – Хъотайты Дмитрийы сгуыхтдзинады тыххæй дæр. Дмитри цыма хъысмæты фæндонмæ гæсгæ разынд цады цур, афтæ рауад. Уымæн æмæ йе ‘мбалимæ хъуамæ ацыдаиккой паркмæ. Зынаргъ уыд алы секунд дæр. Рахаста чызджы æмæ йын райдыдта фыццаг æххуыс кæнын. Æрмæстдæр 7-10 минуты фæстæ сулæфыд 8-аздзыд Илонæ. Бæргæ чызджы мад дæр ма куы аирвæзтаид мæлæтæй, фæлæ… Дмитри ссис Илонæйы зæд-ирвæзынгæнæг.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.