Фæндаг аивадмæ

Ирон кафты аивады арвыл тæмæнкалгæ фæд чи ныууагъта, уыдонæй уыдысты Мæргъиты Заирæ æмæ йæ цардæмбал – дзæнæттаг Коцты Ростик дæр.

Заирæ сценæйы карæй раджы ахызт, пенсийы ис, æххæст ыл кæны 65 азы, фæлæ йын ныр дæр йæ рæсугъд, аив, фидауцджын уæнгты бакаст уыцы кар нæ дæттынц. Уый нæ, фæлæ йæ худгæ цæстытæй æдзухæй ивылы уалдзыгон хурау хъарм æмæ уыцы хъармдзинад æххæссы йæ хъæбултыл, уыдоны хъæбултыл, йе `ввахс хиуæттыл, йе`мгæрттыл.

Мæргъиты Заирæйæн ахæм уæнгты конд кæй уыд, уымæн ыл æрæвæрдта йæ цæст зынгæ кафæг Къæбысты Аслан дæр. Иуахæмы сæм уый цыдæр хъуыддаджы фæдыл фæ­уазæг æмæ æвзонг чызджы куы федта, уыимæ ма куы базыдта кафынмæ дæр хорз арæхсы, уæд ахъуыды кодта: мæнæ сценæйы фидауц мæ разы куы ис, зæгъгæ. Бахатыд æм, цæмæй зард æмæ кафты паддзахадон ансамбль “Симд”-мæ æрбацæуа кафæгæй.

Уыцы аз паддзахадон ансамбль “Симд” йæхи цæттæ кодта дæргъвæтин сфæлдыстадон балцмæ æмæ расидт конкурс, кафджытæ йæ кæй хъуыд ансамблы, уымæ гæсгæ. Заирæ Асланы фæндыл хъуыды дæр нæ акодта, афтæмæй цæхгæр “нæ” загъта, зæгъгæ мæ нæ фæнды кафæг суæвын.

Уæд Заирæ фæуд кодта астæуккаг скъола æмæ йæ бæллиц уыд музыкалон ахуыргæнæндоны вокалон хайады студент суæвын. Фæлæ адæймаджы царды æрцæуы ахæм цавæрдæр цау æмæ йын сбæлвырд кæны йæ дарддæры хъысмæт, йæ цардвæндаг. Ахæм цау æрцыдис Мæргъиты Заирæйыл дæр æмæ йæ абон дæр æхцон мысинагæй æрымысы. Къæбысы фырт ын ныфс бавæрдта, ахуыргæнæндонмæ бацæуынæн ын кæй баххуыс кæндзæн, фæлæ уал  “Симд”-ы конкурсы дæр хайад райс, зæгъгæ. Заирæ сразы æмæ дыккаг бон йæ хоимæ бацыд театры репетицигæнæн залмæ. Бирæ фæкаст артисттæм, цалынмæ кафт нæ фесты, уæдмæ. Бафæндыд æй, цæмæй уый дæр се `хсæн уыдаид. Бамбæрста, кафты аивад дæр йæ зæрдæйæн хион кæй у æмæ йын уыцы фæндагыл цæугæйæ кæй у. Уæд Заирæ цæмæй зыдта, уыцы фæндагыл уый кæй сæмбæлдзæн йæ фидæны цардæмбалыл дæр æмæ  йыл иумæ кæй цæудзысты царды цинтæ æмæ зынтæ сæтгæйæ, уыйимæ та кафты аивады бæрзæндтæм хизгæйæ.

Афтæ Заирæ ссис ансамбль “Симд”-ы кафджытæй сæ иу. Фæлæ æвзонг чызгæн йæ зæрдæ æхсайдта ахуырмæ æмæ уыцы аз ссис музыкалон ахуыргæнæндоны студент дæр. Æнувыдæй куыста йæхиуыл æмæ дидинæгау райхæлд йæ курдиат ирон кафты аивады. Йæ дæсны кафты тыххæй йын бабæрн кодтой кафт “Тауче”. Æмæ иттæг хорз сарæхст кафты ирон сылгоймаджы фæлгондз саразынмæ. Уый ма ирон кафты рæсугъддзинад равдыста “Амонд” æмæ «Хонгæ» кафты. Уыдис кæфтыты солисткæ æмæ йыл сценæмæкæсджытæ æмбæлдысты стыр къухæмдзæгъдимæ.  Бирæ хорз ныхæстæ загъдæуыд советон прессæйы æрыгон чызджы æмæ йемæ ацы роль чи æххæст кодтой, уыцы кафджыты тыххæй. Æмæ уыдон æнæбындур нæ уыдысты. Заирæ хызт иу æнтыстæй иннæмæ, йæ курдиаты тыхы æмæ йæ куыстуарзондзинады руаджы. Ам ма йын “атылдис” ноджыдæр иу хъуыддаджы. Сæрысуангæй йæ фарсмæ уыдысты ансамблы хистæр кары фæлтæрд кафджытæ Лалыты Азæ, Гугутъишвили Медея æмæ æндæртæ дæр. Уыдон ын йæ ныфсыл æфтыдтой ныфс, афтæмæй айтыгъта йæ базыртæ ирон кафты аивады сценæйыл. Зæгъын хъæуы уый æмæ ансамблы артисттæ тынг хъæрмудæй кæй куыстой. Æвæццæгæн-иу сын ахæм стыр æнтыст дæр уымæн уыдис.

Коцты Ростикимæ кæд партнертæ нæ уыдысты, уæддæр бонæй бонмæ дыууæ æрыгон зæрдæйы цыренæй-цырендæр кодтой уарзты рæсугъд æнкъарæнтæ. Æмæ иу сценæйыл кæй кафыдысты, æнæфæхицæнгæнгæ кæй уыдысты, уый фаг нал уыд æмæ сæ царды фæндæгтæ баиу кодтой.

Цахæм уыд кафты аивадмæ Ростикы фæндаг та?

Къаннæг ма куы уыд, уæд фæсидзæр Ростик фыдæй. Йæ фыд цæфтæй æрцыд Стыр Фыдыбæстæйон хæстæй, низ йæхион кодта æмæ йын нал бантыст йæ хъæбулты схъомыл кæнын… Баззадысты сæ мад Оляйы æвджид, йе `фсымæр Валери æмæ йæ хо Мериимæ. Кæрæдзийыл æрхъæцмæ дæр нæ лæууыдысты сидзæр сабитæ, афтæмæй хъомыл кодтой. Мад йæ уд хъардта, цæмæй йæ сывæллæттæ мацы цух уыдаиккой.  Æрынцой нæ зыдта, куыста колхозы быдырты, хæрзкуыст-иу бакодта йæхи цæхæрадон дæр. Афтæ йæ удæй арт цæгъдгæйæ хъомыл кодта Оля йæ сывæллæтты.

Æрцыд се скъоламæ цæуыны рæстæг æмæ Ростикы бакодтой Цхинвалы скъола-интернатмæ. Йæ тæлтæг, уæнгрог уæнгты йын уыдтой кафæджы миниуджытæ. Уыцы рæс­тæджы интернаты архайдта кафты кружок. Йæ къухдариуæггæнæг уыд Гуырдзыстоны ССР сгуыхт артист Цыбырты Валодя æмæ Ростикы бакодта кружокмæ. Зæрдæргъæвд лæппу аст къласы куы бакаст, уæд хайад райста, “Симд”-мæ цы ног фæлтæр истой, уыдонæн цы конкурс уагътой, уым. Ростик сæ зæрдæмæ тынг фæцыдис, фæлæ нырма къан­нæг кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ фаудтой. Уæд æй ансамблы къухдариуæггæнæг Гаглойты Хазби арвыста горæты культурæйы хæдзармæ. Уым ын кафын амыдтой Гуыцмæзты Хъазбег, стæй та Тъехты Петр. Фæллад нæ зыдта Ростик, куыста йæхиуыл æнæрынцойæ. Æмæ та ногæй йæ амонд сфæлвæрдта, бацыд “Симд”-мæ æмæ дзы нал фæ­иртæст. Фæцыдис кæронмæ йæ равзæрст фæндагыл пенсийы ацæуыны бонмæ. Фæцыдис ыл иунæгæй нæ – Мæргъиты чызгимæ иумæ.

Ныр  сценæйыл иумæ  кæй  кафыдысты, æнæфæхицæнгæнгæ кæй уыдысты, уый сæ ноджы тынгдæр сразæнгард кодта рæсугъд аивады бæрзæндтæм. Алыгъуызон хъуыдытæ ис дыууæ цардæмбалæн сæ куыст иумæ куы уа, уый фæдыл. Фæлæ Ростик æмæ Заирæмæ ахасты фидарæй зæгъæн ис, аивад æмæ бинонты цард кæрæдзийы кæй баххæст кодтой.

Бæрзонд аивадмæ фæндаг лæгъз, æнцон цæуæн никуы уыд, цахæмфæнды курдиатджын ма уай, уæддæр. Бирæ тых æмæ фыдæбон домы. Ростик æмæ Заирæ дæр нæ ауæрстой сæхиуыл, алы концертмæ дæр сæхи цæттæ кодтой репетициты, хъуыды кодтой иу кæнæ иннæ кафт куыд хуыздæр сæххæстгæнæн  уыдзæн, адæмы размæ йæ куыд хуыздæр  рахæссæн ис. Æмæ афтæмæй цыдысты фæрсæй фæрсмæ уыцы зын фæндагыл.

Нæ хистæр фæлтæр ма хорз хъуыды кæндзысты, ивгъуыд æнусы 60-80 азты æрвылкъуырисæр нæ уарзон ансамбль «Симд» куыд лæвæрдта концерт æмæ алы хатт дæр зал сценæмæкæсджытæй йедзаг куыд уыдис. Æмæ сын уæлдай æхцондзинад чи хаста, уыдоны ‘хсæн уыдысты Ростик æмæ Заирæ дæр. Сæ диссаджы аив кафтæй æлхæдтой сценæмæкæсджыты зæрдæтæ æмæ сын уыдон та дзуапп лæвæрдтой дæргъвæтин къухæмдзæгъдæй. Æмдзæгъд сын кодтой æрмæст нæ горæты сценæмæкæсджытæ нæ, фæлæ районты хъæууон цæрджытæ, сæ аив кафтыл сын дис кодтой Цæгат Ирыстоны, Тбилисы, Мæскуыйы, Ленинграды, Дард Скæсæн Сахалины сакъадахы, Украинæйы, Белорусийы горæтты. Кафыдысты Кипры, Германы Адæмон республикæйы, Иордани, Йемены. 1972 азы æртæ мæйы дæргъы, уыдон концерттæ æвдыстой Астæуккаг Азийы æндæр æмæ æндæр горæтты цæрджытæн. Артисттæ се ‘ппæт дæр тынг архайдтой, цæмæй амы цæрджытæ хуыздæр базонгæ уыдаиккой Ирыстоны аивадимæ æмæ уый сæ къухты æфтыдис.

Алы ранæй дæр Ирыстоны зæхмæ ансамбль здæхт сæрыстырæй, æнтыстимæ.

Сфæлдыстадон кусæджы, уæлдайдæр та артистты цард зын у, гастролтæ йæ иппæрд кæнынц бинонты цардæй. Æмæ ма дыууæ цардæмбалæй дæр уыцы куыст куы кæной æмæ сын сывæллæттæ куы фæзыны, уæд уæлдай зын у. Цардæмбæлттæй иу куы уа гастролты, уæд сæм иннæ фæкæсдзæн, фæлæ Ростик æмæ Заирæйæн иумæ æнæцæугæ нæ уыд, æмæ-иу сæ бахъуыд сæ сывæллæтты Ростикы мад Оляимæ ныууадзын. Æрыгон ныййарджытæн-иу кæд сæ зæрдæ фæстæмæ æхсайдта, уæддæр æндæр гæнæн нæ уыд…

Афтæ дыууæ цардæмбалы царды уæз хастой иумæ бинонты хъармдзинад хъахъхъæнгæйæ æмæ се стыр аивадæн табугæнджытæн æхцондзинад хæсгæйæ.

Цардæмбæлттæ æмæ кафты аивад

1985 азы Ростик хайад райста Мæскуыйы, Фæсивæды æмæ студентты XII æппæтдунеон фестивалы. Ростик хорз æмбæрста æнæ аивадæй наци мæлгæ кæй кæны. «Дунейы адæмтæ мах нæ аивады фæрцы базыдтой æмæ йыл ноджы тынгдæр хъуамæ кусæм», – дзырдта иу йе ‘мкафджытæн Ростик райгондæй.

Ростикы йæ дæсны кафты тыххæй Гуырдзыстоны ФЛКЦ схорзæхджын кодтой Кады грамотæйæ.

Заирæйы цæстæвæрæн кафтæн аргъ кодтой алы ран дæр. Иуахæмы Ачъарайы ансамблæн уыдис юбилей. Уырдæм фæхуыдтой ансамбль «Симд»-ы дæр йæ аивад равдисыны тыххæй. Уым Заирæ сæххæст кодта «Æнæнкъуысгæ кафт». Æххæст та йæ кодта Зæгъойты Умаримæ. Сценæмæкæсджытæ сын кодтой дæргъвæтин къухæмдзæгъд. Уæд сæ дыууæйæн дæр радтой Ачъарайы сгуыхт артисты нæмттæ. Заирæйы дæсны кафтæн стыр аргъ скодтой Цæгат Ирыстоны дæр. Хореографион аивады къабазы йын йе сгуыхтдзинæдты тыххæй  Цæгат Ирыстон АССР Сæйраг Советы Президиумы Указæй лæвæрд æрцыд «Цæгат Ирыстоны АССР-ы сгуыхт артист»-ы ном.

Ростик æмæ Заирæ сæ æрдхæрæны аивад рæгъмæ хастой алыгъуызон ахсджиаг егъау мадзæлтты дæр. Заирæ нæ хъуыды кæны 8-æм марты цытæн уагъд чи цыдис иунæг ахæм мадзал дæр æмæ сæ дыууæ дæр хайад кæм нæ райстой. Уæлдай зынаргъдæр уыд æмæ абон дæр у ацы бæрæгбон Заирæйæн. Уымæн æмæ Ростик 8-æм марты гуырд уыд æмæ-иу уыцы бон куы ракафыдис, уæд уый Заирæйæн хаста стыр æхцондзинад.

Азтæ, цæйау фæзæгъынц, дугъон бæхæй хъауджыдæр не сты. Згъорынц кæрæдзийы фæстæ æмæ æрбалæууыд уыцы рæстæг дæр, сæ уарзон ансамблæн хæрзбон зæгъын куы бахъуыд. Ростик раздæр ацыд. Уый раздæр райдыдта кусын йæ уарзон ансамблы. Фæстæдæр та Заирæ. Фæлæ дард нæ ацыд Заирæ. Уыцы рæстæджы йæ кафæгæй  йæхимæ æрбакодта Æрсойты Владимир (Саго) йæ  хæдархайгæ ансамблмæ. 1993-94 азты ансамбль йæ арæхстдзинад равдыста Францы. Заирæ уым тынг аив сæххæст кодта «Æнæнкъуысгæ кафт» æмæ «Чызджыты кафт». Сценæмæкæсджытæ-иу æй стыр къухæмдзæгъдимæ рахуыдтой ногæй сценæмæ.

1998 азы Заирæ дæр ацыд  сценæйæ æмæ сæ дыууæ дæр сæ цард снывонд кодтой сæ хъæбулты хъомыладæн, раст фæндагыл сæ саразынмæ. Фæлæ цард æгъатыр у, æнæнхъæлæджы сæ фæхицæн кодта Ростикы æгъатыр мæлæт æмæ уый тынг бандæвта канд Заирæйыл нæ, фæлæ Ростикы мад Оля æмæ йæ мадызæнæгтыл дæр. Фæзæрдæдзæфтæ сты.

Тагъд йæ райгуырæн бон банысан кæндзæнис Заирæ. Куыд ма загътам, афтæмæй йыл æххæст  кæны 65 азы. Æмæ йын нæ цæст уарзы ахæм рæстæджы юбиляртæн цы ныхæстæ фæдзурынц, уыдон иууылдæр. У æнæниз, æнæмаст, дæ дыууæ кæстæры æмæ уыдоны кæстæрты хурæй æфсæст у.

Бестауты Валя

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.