«Зæххыл куы нæ цæриккой Ир,

      Уæд дуне уаид къахыр.»

                      Козаты Исидор

  Ахæм хъуыдыйыл хæст уыд йæ цыбыр царды бонты, фæсхæсты азты ирон литературæмæ цы курдиатджын фæлтæр æрбацыд, уыдоны зынгæдæртæй иу – Козаты Исидор.

Ирон чиныгкæсджытыл тагъд айхъуыст йæ ном. Зыдæй, æз фæраздæрондæрæй йын кастысты йæ диссаджы æмдзæвгæты, йæ мидисджын поэмæты, стæй уæд зæрдæмæ фæндаг чи ардта, уыцы радзырдтæ æмæ уацауты.

Исидор уыд Знауыры районы Хъорнисы хъæуккаг. Уым райгуырд 1929 азы 1 майы, Ирыстоны колхозон арæзтад йæ тæккæ тæмæны куы уыд, раст уыцы рæстæджы.

Йæ ныййарджытæ уыдысты мæгуыр зæхкусджытæ, 1920 азты туджы лæсæнтыл чи фæцыд, ногæй Хъорнисы цард аразын кæй бахъуыд, ахæмтæ.

Йæ фыд Софрон тохгæнæн дуджы уыдис сырх партизан, йæ тых, йæ уавæр, йæ рæстæгæй цы самыдтой, уымæй тох кодта лæджыфыдхор меньшевиктимæ.

Хъорнис историйы стыр номимæ баззад, стыр тохты фæндæгтыл рацыд. Фæсте никуы фæлæууыд Софрон дæр, активон хайад райста колхозон арæзтады дуджы дæр.

Фыды æрдыгæй æнæрæвдыдæй баззад Исидор, йæ фыд фæзиан 1937 азы басыгъд репрессийы цæхæры.

Ног дуджы хæрзиуджытæй ныфсджын уыд ныййарæг мад, æнцой нæ зыдта, афтæмæй йæ сывæллæтты æфтыдта цард æмæ ахуыры фæндæгтыл.

Исидор фыццаг ахуыр кодта сæхи хъæууон скъолайы. Æнтыстджынæй йæ каст фæцис 1947азы. 1950 азмæ нæ бантыст Исидорæн уæлдæр ахуыргæнæндонмæ бацæуын – мæгуыр æвæрæз кæй уыдысты, уый аххосæй.

1950 азы Исидор ссис Сталиниры педагогон институты ирон æвзаг æмæ литературæйы факультеты студент.

Ахуырмæ – æвзыгъд, фезмæлынмæ – цæрдæг, æвзонг лæппу ам базонгæ бæстон мадæлон æвзаджы хъæзныг фæрæзтимæ, ирон литературæйы хъæздыг суадæттимæ, куырыхон Къостайы дунеæмбарынадимæ.

Мæгуыр, хъæууон лæппу йæ тых радта ахуырмæ, чиныгмæ, ссис нымад, зынгæ студент, Къостайы стипендийы хицау. 1951 азы, дыккæгæм курсæй, Исидоры бахъуыд йе ‘мбæстагон хæс бафидын. Сырх Æфсады рæнхъытæй – лæппу 1953 азы æрыздæхт офицеры чинимæ.

Ногæй æрбадт студенты бандоныл æмæ йæ факультет каст фæцис 1957 азы Сырх дипломимæ.

Кæрæдзийы фæдыл гуырын райдыдтой царды, куысты фæндæгтæ. Нырма куыста хистæр ахуыргæнæгæй, цы факультет фæцис каст, уым. Уырдыгæй конд æрцыд газет «Советон Ирыстоны» редакцимæ. 1961 азы ссис радиокомитеты директор, ссис зынгæ журналист, цæстыахадгæ поэт.

1972 азы райдыдта кусын Хуссар Ирыстоны фысджыты цæдисы нымæрдарæй. 1975 азы нысан æрцыд газет «Советон Ирыстон»-ы культурæйы хайады сæргълæууæгæй.

Æвзыгъд, арæхстджын кæй уыд, уый тыххæй та йæ 1986 азы ногæй акодтой фысджыты цæдисмæ бæрнон нымæрдарæй.

Бæрнон бынæтты   æмрæнхъ Исидор йæ тыхтæ радта нæ нывæфтыд литературæйы къæбиц схъæзныг кæнынмæ. Ссис зынгæ поэт, прозаик, публицист. Уыдæттыл та дзурæг сты йæ аивадон хуынтæ, кæцытæ рæстæггай, хицæн чингуытæй райдыдтой цæуын канд Сталинир-Цхинвалы нæ, фæлæ ма Тбилис, Дзæуджыхъæу æмæ Мæскуыйы дæр.

Уыдон та сты: «Арвæрттывд»(1960), «Хæхты фæдисон»)1963, «Цин æмæ сагъæстæ»(1966), «Мæ зарæг Ирыстоныл»(1969), «Хурхæтæн»(1972), «Цардивæн»(1975), «Сæрдыгон равг»(1978), «Æгъуыссæджы сагъæстæ»(1981), «Уæзæджы фарн»(1984), «Фæззыгон хуызивæнтæ»(1987), «Хæрзбон»(1989), «Еще вчера»(М.1990), «Æнæныгæд мард»(1990), «Æмдзæвгæтæ»(Вл.-з 2012).

Æнæрынцой зæрдæйы хицау уыд Исидор, фæлæ цардæн цы загъдæуа, фæлывд æмæ мæнгард у, бирæтæн фæбадын кодта сæ хъуыры сæ рæсугъд фæндты. Баззадысты уыцы фæндтæ, уыцы нывæстытæ æмæ хъуыдытæ æрдæгыл Исидорæн дæр.

Августы мæйы 1986 азы аскъуыд йæ цардбæллон зæрдæ. Бафæрæзта ма зæгъын;

 «Мæ хæлар, цы кæнон?-нæ цæрæм æнус,

 Æз хатын, æрхæстæг мæ адзал.

Нæ адæм куы ниуой мæ сынты уæлхъус, –

 Мæ ингæн нæ уыдзæни уазал»…

Поэты дардмæ уынæг цæст дзæвгар темæтæ рахатыд, дзæвгар фарстытæ рахаста рæгъмæ:

Фыдыбæстæ, Райгуырæн Ирыстон, фыдæлты къæс, Иры лæгау-лæгтæ, цардаразæг фæсивæд, куыст – цардæн фæрæз, æвзонг уды уарзондзинад рæстæджы комулæфт, æвзагы æмæ æгъдау – царды бындур, хæлардзинад – царды рахæцæн æмæ æндæртæ.

Поэт сæрыстыр уыд йæ адæм, фыдæлты зæхх, Аланыстонæй æмæ йыл зарынæй не фсæст. Уымæн зæгъы сæрбæрзондæй:

 «Аланыстон зæхх-хуры æхсæн ныззылд,

   Йæ бæлццон дæн, йæ фæдисон, йæ барæг,

  Нæ йыл фæдæн тæргæ бæхыл дæр цыд,

  Нæ райхъуысти йæ кæронмæ мæ зарæг».

(«Хъуыдытæ иунæгæй»).

Ирыстоны рæгътыл, фæзтыл не фсæст цин кæнынæй поэт:

«Æз йæ хъæбул дæн, æмбæстаг,

   Ир мæ удæнцой, мæ цин,

   Зон, мæ аххосæй æвæстаг

   Никуы бауыдзæнис Ир».

Поэт хи уды мæт никуы кодта, цыты тыххæй нæ лæггад код-та, сæрныллæг уыд кæддæриддæр, йæхи нымадта хуымæ-тæджы рæнхъон ироныл. Йæ фидар ныхас уыд: «Ирыстонæн уырдыглæууæг цыдтæн».

«Кæд уыдис зарæгæн мæлæн?»

Исидор никуы сразы Ирыстоны къаннæг чи хуыдта, ирæтты та – цъус, уыцы дзурджытимæ æмæ сын аккаг дзуапп радта йе æмдзæвгæ «Дымын зæгъыс»-ы. Нырма уал сын зæгъы; «Æрфæнау баззади нæ фæд историйы цъæх арвыл». Дарддæр йæ дзуапп у: «Кæм нæ зонынц Къостайы, Иры цыты лæджы; нæ цæугæ мæсгуытæ Иссæйы, Уасойы… дунеимæ мах кæй хъуыдытæй сдзырдтам, Балойы Шекспиры иронау чи сдзурын кодта».

Йæ адæмы тыххæй та афтæ зæгъы: Кæддæриддæр лæуд сты рæстдзинады фæндагыл, алы хатт дæр домынц æмбар, æмсæрдзинад, нæ уарзынц сайын æмæ хинæй цæуын, сты æууæнкджын, зонынц ран æмæ æгъдау, мæнг ныхас сæ туджы нæй, дæлбардзинад нæ уарзынц, хъама та фидыцæн нæ дарынц». (æмдз. «Нæ адæм афтæ сты»).

Цард бирæ уарзта, нæ йыл æфсæст цин кæнынæй, афтæ зæгъы:

    «Уымæн æмæ

     Хицауæй фæзылдтæн,

     Иры хæхты

     Хицауæй цæрын.

     А дунемæ

     Æз кæугæ фæзындтæн,

     А дунейæ

     Худгæйæ цæуын».

(æмдз. «Уарзын цард»).

Цард æнæ мад поэтмæ нымады дæр нæу. Исидор мады рæвдыд фылдæр федта, хорз зонгæ уыд, йæ ран, йæ уавæр, йæ фарн, йæ царды фæндæгтимæ æмæ сыл зæрдæбын ны-хæстæ фæкодта йе ‘мдзæвгæтæ; «Хъуыдытæ мадыл», «Фыстæг гыццимæ»-йы. Æмдзæвгæ «Хъуыдытæ мадыл»-ы фылдæр бавæрдта йæхи мады царды хабæрттæ; сидзæргæс куыд баззад æхсæз æнахъом сабиимæ. Уыдысты бæгънæг, къæбæр цух, хæсты азты зæххæй дзабыр кодтой, хурæй – хæдон. Æрзылд сæрибары дуг, сидзæртæ бахъомыл сты, цард йæ къахыл слæууыд. Ныр зæнæджы фæндон у:

«Фæцæр, гыцци, фæцæр зæрондмæ».

Рæстæджы стыр ивындзинæдтæй иу у хæсты дуг, хæст та хъазæн хъул нæу, царды мæгуырдзинадимæ дзы сæфынц рæстылдзæуæг адæм. Нæ хизы йæ иувæрсты хæсты темæ-йæн Козайы фырт, йæ нывтыл, йæ туджы малтыл, знаджы æнаккаг цæсгомыл, мæлæг æфсæддонты уавæрыл дзуры сыл поэт йе æмдзæвгæтæ: «Хæстоны ингæн», «Зынгхуыст хæстоны нысан», «Хæстоны ингæны уæлхъус».

«Ма дзурут, фæмарди хæсты, –

      Æз нæ амардтæн, нæ мæлын,

     Мин-мин адæмтæ мæ бæсты

      Удæгас сты, æнхъæлын».

(æмдз. «Ма дзурут, фæмарди хæсты»)

Буц æмæ сæрыстыр уыд Исидор, ирон кæй уыд, уымæй. Йæ цæсты Иры зæхх дардыл у, æгæрон бирæ та – йæ адæм. Йæ сæр бæрзæндты хаста Къоста æмæ Уасойæ нæ инæлартæ, Иссæ, Мамсыраты Хаджи-Умар æмæ Хетæгкаты Георгийæ йæ фысджытæ æмæ дуджы раззагон адæймæгтæй. Хетæгкаты Къостайæ афтæ зæгъы: «Нæ фынгыл у нæ фыццаг сидт Ирыстон, Къостайæн та – Ирыстоны нуазæн» (æмдз. «Къостамæ кæсгæйæ»).

Козаты Исидоры царды фæндæгтæ ма кæй фæнда базонын, уымæн йæ сæйраг æрмæг  уыдзæн поэмæ «Мады æндæрг». Поэт æппæт дæр фæфыста бæстон æмæ зæрдæрыстæй. Цыбыртæй сæ зæгъæм; сæ цард революцийы агъоммæ, мидхæсты азтæ, фыццаг геноциды дуг, мад æмæ фыд уæд сæмбæлдысты фыццаг хатт. Советон дуджы ралæуд, колхозон арæзтад, 1937 аз Софроны байсæфт, мады тухæнтæ сидзæр сабитимæ. Уыдта æппæт дæр æвзонг поэт æмæ йæ лæджы кармæ куы бахæццæ, йæ ныфсы мады куы бавæрдта, уæд йæхи мæлæн бон загъта: Æз хуыссын, мæ сагъæстæй дæн æлгъæд, дæуæн та Гыццийæн ард хæрын.

  «Дæ фарсмæ æз

   Куы нæ æрцæуон ныгæд,

   Зындоны арфы

   Уæд уыдзæн мæ уæлмæрд».

Исидор йе сфæлдыстадон куысты фæндæгтыл цæугæйæ, бавнæлдта прозæйы фадыгмæ дæр æмæ дзы хæрзарæхстджынæй, гæрзармæй равдыста йæхи. Ууыл та дзурæг сты йæ уацаутæ: «Норст цæхæры стъæлфæн» æмæ «Къонайы стъæлфæнтæ», стæй йæ диссаджы хæрзгъæд, нуарджын радзырдтæ, кæцытæ хицæн чиныгæй рацыдысты 1984 азы Цхинвалы ахæм номимæ «Уæзæджы фарн».

Йæ радзырдтæ ма хицæн хайæ мыхуыр æрцыдысты Исидорæн йæ уацмысты æмбырдгонд «Хæрзбон»-ахæм номимæ; «Хихайы радзырдтæ». Чиныг мыхуыры  рацыд 1989 азы, Исидоры амæлæты фæстæ.

Исидор алыварсон курдиаты хицау уыд, йæ цæргæйæ, стæй уый фæстæ азты дæр кæрæдзи фæдыл гуырыдысты йæ уацмысты æмбырдгæндтæ, сæ нымæц схæццæ иу фынддæс чиныгмæ. Уыцы чингуыты фæзындыл, сæ мидæг цы ахсджиаг фарстытæ уыд, уыдон фæдыл аккаг хъуыдытæ загътой йæ рæстæджы нæ литературæйы зиууæттæ: Тедеты Авгар, Пухаты Алыксандр, Гафез, Нафи, Хацырты Сергей, Хъода-латы Герсан, Дзуццаты Хадзы-Мурат, Харебаты Леонид, Къæбысты Зауыр, Хостыхъоты Зинæ æмæ фæстаг рæстæджы та Хъазиты Мелитон:

«Исидор уыд Ирыстоны къæбицмæ хуындзау, рæдау хуындзау, удуæлдай хуындзау æмæ цæргæйæ баззад не ‘хсæн» (Дзуццаты).

«Исидор уарзта йæ фыдæлты зæхх, йæ Ирыстон, йæ къахæй никуыдæм хаста, æдзух йæ фыды зæхмæ баст уыд» (Харебаты Леонид).

«Поэты лирикон хъайтар йæхимæ æрбайста абоны раззаг фæсивæды, ног цардаразæджы характерон миниуджытæ æмæ уыдон цæстæй кæсы йæ адæмы цардмæ» – фыста Гафез.

Исидор уыд хъæддых, нуарджын, зиууон нæ литературæйы. Йæ февнæлд нæртон зиууоны февнæлд уыд, йæ  цæвæджы рариуыгъд æндæр уыд, дардыл уыдысты йе сфæлдыстадон хъуыдытæ, фæлæ йын сæ æгъатыр низ сындæггай йæ хъуыры фæбадын кодта.

Ныгæд æрцыд йæ райгуырæн хъæуы 15 августы 1986 азы.

Поэты фæдзæхст ма уыд;

«Мæ мардыл мачи кæнæд хъарæг,

               Поэт дæн, ма тæрсут мæнæн.

               Æмæ Ирыстон та – мæ зарæг,

               Кæд уыдис зарæгæн мæлæн?».

Цæрдзæн Исидоры ном уæдмæ, цалынмæ йæ раттæг адæм дзурын æмæ кæсын зоной иронау, уæдмæ.

Дзæнæттаг у, Исидор.

ПЛИТЫ Гацыр, Хетæгкаты Къостайы номыл

                                                          паддзахадон премийы лауреат

2024 азы хуымгæнæны мæйы 15 бон

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.