Уый цалдæр азы размæ уыд. Æвзонг æмкъæйттæн райгуырд фыццаг кæстæр – чызг. Мад æмæ фыдæн сæ цинæн кæрон дæр нал уыд. Куыд бирæ æндæр æвзонг æмкъæйттæ, афтæ уыдон дæр сæхи нымадтой амондджыныл. О, фæлæ, дам, амондджын уый у, зæрыбонтæм зæрдæрухсæй чи фæцæры. Иу бон æвзонг мад рахатыд, йæхицæй фылдæр кæй бауарзта, хурæй йæ тынгдæр чи тавта, уымæн йæ иу уон буарыл æддæмæ кæй æнцайы, уый. Мад ныхъхъуырдта маст, нæ тагъд кодта йæ цардæмбалæн æй зæгъа. Йæхицæн-иу ныфсытæ авæргæйæ, йæхинымæр дзырдта, зæгъгæ, саби у, рæзгæ кæны, чизоны, раива, уæд ма уымæн та цæмæн риссын кæнон йæ зæрдæ. Уавæр, æцæгæйдæр, ивта, фæлæ… мæгуырауæрдæм. Æмæ мад йæ сусæг маст  раргом кодта йæ цардæм-балæн. Цалдæр боны фæстæ бацыдысты республикон рынчындонмæ. Дохтыртæ сын бамбарын кодтой сабийы фæсонтæ гипсы æвæрын кæй хъæуы æмæ афтæ дæр бакодтой.

Цæмæй саби тынг ма тыхстаит, уый тыххæй-иу æй фыд бон цалдæр хатты хаста донбылмæ. Иу ахæмы сæ сыхаг æвзонг нæлгоймаг рацæйцыд æмæ сæ афтæмæй куы ауыдта, уæд хъæрæй ныххудт æмæ дзы райхъуыст:

– Цавæр у, уый гармоныл хæцыс?

Æвзонг фыд йæ сыхаджы ныхæстæм амæсты, фæлæ дзургæ ницы скодта, йæ хъæбул афынæй æмæ йæ нæ фæндыд райхъал уыдаид, уый. О, фæлæ сыхаджы ахæм ахаст уыцы бон айхъуыст хъæуыл æмæ-иу ыл чи амбæлд, уыдон-иу ын æнæ бауайдзæфгæнгæ нæ фесты.

Уымæй афæдз дæр нæ рацыд æмæ уыцы «фидисгæнæгæн» йæхи æнахъом саби ахæм сахъатимæ бахауд рынчындонмæ. Уымæн та цухдзинад уыд йæ синты ‘рдыгæй æмæ уый йæ кæстæрмæ ахæм уавæры каст æрдæг азæй фылдæр. Нæлгоймаг бæргæ бамбæрста йæ рæдыд, бæргæ æфхæрдта йæхи дæр, фæлæ уымæн срастгæнæн нал уыд. Арæх ма-иу йæхинымæр афтæ дæр загъта, зæгъгæ, мæ уыцы ныхæстæ Хуыцауы зæрдæмæ нæ фæцыдысты æмæ мын мæхи  бафхæрдта ноджы карздæрæй.

Æндæр цау. Дыууæ сыхаг бинонтæн бахъомыл сты сæ кæстæртæ. Кæстæртæй сæ иуты ‘хсæн фæзынд уарзондзинад æмæ сæ хъомылгæнджытæ бамбæрстой, кæрæ-дзийæ сæ фæхицæн кæнын кæй нал хъæуы, уый. Скодтой сын чындзæхсæв æмæ уæдмæ адджын бинонты уарзондзинад бирæбæрцæй фæфылдæр. Бæрæгбонтæ, æндæр бадтытæ арæх арæзтой иумæ. Чи сæ зыдта æмæ уыдта, уыдонæй ма сæм бирæтæ тæхуды дæр кодтой, дзырдтой -иу, зæгъгæ, хæстæджытæ кæрæдзимæ хъуа-мæ ахæм ахаст дарой. О, фæлæ рацыд рæстæг æмæ сæ иутæй иу рæстæджы схауд, чи не ‘мбæлд,  ахæм ныхæстæ. Фехъуыстой сæ иннæтæ дæр æмæ фæбарыны бæсты, скарз кодтой уавæр. Афтæ рауадис æмæ цыбыр рæстæгмæ зноны адджын хиуæттæ систы знæгты хуызæн.

Царды бирæ æмæ алыгъуызон фæзи-лæнтæ вæййы. Чындзæн фæхъуыд йæ мад æмæ лæппуйы мад кæм куыста, кæм цыд, уым æппæлæгау, сæрбæрзондæй дзырдта, зæгъгæ, мæнæн знаг бирæ нæ цæры, ме ‘знæгтæй та иу фæхъуыд. Бирæ рæстæг нæ рацыд æмæ уæдмæ йе ‘нæниздзинадæй сæрыстыр æмæ  буц чи уыд, уый æрбарынчын. Йæ фæрынчын куыд тагъд æмæ æнæнхъæлæджы уыд, афтæ тагъд æмæ æнæнхъæлæджы уыд ацы дунейæ йæ ацыд дæр. Цы æрцыд, ууыл сыхæгтæ арæх фæныхас кæнынц, зæгъгæ, адæймаг æндæры намонддзинадыл макуы хъуамæ бацин кæна.

Иу сыхагæн та йæ къæхтæ иу рæстæджы афтæ тынг рыстысты æмæ кæд фыццаг уæладзыджы цæры, уæддæр-иу мæйгæйтты кæртмæ, йæ сыхæгты ‘хсæнмæ хизгæ дæр нæ ракодта. Иууылдæр ын кодтой тæригъæд, дзырдтой-иу ын алыгъуызон ныфсы ныхæстæ. Сæ иу та, куы-иу æй ауыдта, уæд-иу йæ мидбылты æнæбахудгæ нæ фæцис æмæ-иу ын алыхатт дæр загъта, зæгъгæ, кæмдæр дзæбæх къæхтæ уæй кæнынц æмæ дын дзы хъуамæ дыууæ æрхæссон. Æппынæдзух йæ къæхтæй чи хъæрзыдта, уый радзæбæх, хизын райдыдта сыхмæ, райдыдта кусын. Цыдысты бонтæ æмæ иу бон сыхыл айхъуыст «фидисгæнæг» рынчындонмæ кæй бахаудта, уый. Йæ къахы фæныхст цыдæр, ницæмæ йæ дардта æмæ райдыдта хæлын. Цалдæр хатты уыд рынчындоны – фæхуыздæр вæййы, фæлæ та бахауы ногæй. Æнхъæлмæ каст къах фæхуыздæр уыдзæнис, фæлæ хъуыддаг афтæ нæ уайы, йæ уавæр нæу зæрдæйы фæндиаг. Ныр уымæ дæр арæх æрцæуы ахæм хъуыды, зæгъгæ, мæ сыхаджы рыстмæ ахæм ахаст куы нæ равдыстаин, уæд мæ уырны, ахæм уавæры нæ бахаудаин, Стыр Хуыцау мын ахæм карз тæрхон не скодтаид.

Советон дуджы фатер райсын хуымæтæджы хъуыддаг нæ уыдис, бирæты -иу рады лæууын бахъуыд ссæдз азæй фылдæр. Цы сыхæгты кой ма ракæнынмæ хъавын, уы-доны цинæн кæрон дæр нал уыд. Рагон зонгæтæ иу хæдзары, иу уæладзыгыл райстой фатертæ. Уыцы бонæй фæстæмæ ноджы схæлардæр сты, иумæйаг æмæ стыр бæрæгбонтæ дæр арæх нысан кодтой иумæ. Кæддæр сæ иу сарæзта цы не ‘мбæлд, ахæм архайд, уый иннæмæ фæкаст хъыг æмæ уый дæр фæкарздæр кодта йæ архайд æмæ ууыл фесты сæ хæларадон, хорз сыхагон ахастытæ дæр. Сæ быцæутæ афтæ сарæх сты æмæ дзы кæцыдæр иу хылы рæстæджы иннæмæн афтæ, зæгъгæ, куы ныммæлай, уæд дын мæнæ пълощадкæйыл дæ чырыны сæр уынгæ дæр ма фæкæнон, асинтыл дын æй уырдыгмæ ныззыввыт кæндзынæн. Уыцы хыл æмæ æлгъыстытæй аз дæр нæ рацыд, афтæ æлгъитæджы уæнгты фæзынд уæззау низ æмæ йын нал радта фæцæрыны фадат.

Сыхæгтæ ма абон дæр фæзæгъынц, зæгъгæ, ахæм фыдуаг æлгъыст куы нæ ракодтаид, уæд ма, чизоны, абон дæр не ‘хсæн уаид.

Куыд уынæм, афтæмæй ацы уацæй дæр цасдæрбæрцæй бæрæг у, æлгъитын æмæ фидис кæнын адæймаджы хорзыл дзурæг кæй не сты. Ис ирон æмбисондтæ, æлгъитæгæн, фидисгæнæгæн уыдон йæхиуыл кæй æрцæуынц, фидисгæнæг, зæгъгæ, йæхæдæг фидиссаг у. Уæдæ сæ хи хизын хъæуы, мæ хуртæ. Æнæмæнг афтæ у.

                                                                                               ГÆЗЗАТЫ Иван

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.