Иу азы размæ 52-аздзыдæй цардæй ахицæн Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæй иу – Битеты Сослан Чермены фырт. Цæрынхъуагæй фæхицæн йæ уарзон бинонтæй, йæ сыхбæстæй, йæ бирæ  æмгæрттæй, йæ уды бæрц цы Ирыстоны уарзта, уымæй.

Æнусон нæ ничи у. Фыдæлтæй ахæм ныхас баззад, æнæмæлгæ дуне нæй, зæгъгæ. Фæлæ цард азтæй баргæ нæу. Вæййы афтæ, æмæ адæймаг æнæхъæн æнус, науæд та уымæй фылдæр фæцæры, фæлæ йæ адæмæн иу хорз хъуыддаг дæр нæ саразы, афтæмæй батоны йæ царды бонтæ. Адæм та, фыццаджыдæр, лæгæн аргъ фæкæнынц, йæ фæстæ цы фарн æмæ намысы хъуыддæгтæ ныууадзы, уымæ гæсгæ. Битеты Сосланæн кæд æрдæг æнусы йедтæмæ рацæрын нæ бантыст, кæронмæ йæ мæсыг амайын нæ фæцис, уæддæр йæ цыбыр царды йæ фæстæ ныууагъта ирд фæд. Уыд бинонты ныфсы мæсыг, æмгæртты æнувыд хæлар, сыхбæсты цырд фæдисон.

Фыды фарн мæрдтæм нæ цæуы

Райгуырд 1970 азы Дзауы районы Гуфтайы хъæуы интеллигентон бинонты ‘хсæн. Йæ фыд Чермен уыд дзырддзæугæ, уæздан æмæ куырыхон адæймаг. Куыста алыгъуызон бæрнон бынæтты. Æгæрыстæмæй, иу рæстæджы уыд газет «Дзау»-ы редакцийы сæудæджерад, хъæууон хæдзарад æмæ транспорты хайады сæргълæууæг дæр. Йæ мад Кокойты Нателæ та бирæ азты дæргъы фæкуыста Дзауы районы рынчындоны хирургион хайады медицинон хойæ. Æгъдауджын æмæ куыстуарзаг ныййарджытæ сæ дыууæ хъæбулы дæр бафтыдтой царды раст фæндагыл. Сослан нырма ахуыр кодта сæ хъæуы астазон скъолайы, уый фæстæ та – Дзауы скъола-интернаты. Астæуккаг ахуырад райсыны фæстæ та каст фæцис Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институт. Уæдмæ йæм æрсидтысты æфсады рæнхъытæм. Уым дæр уыд цæвиттойнаг, ирон лæджы ном бæрзонд хаста. Уый афтæ кæй у, уый бæрæг у йæ ныййарджытæм йæ командæкæнынады арфæйы фыстæгæй. Уыцы фыстæджы ныммыхуыр кодтой газет «Дзау»-ы фæрстыл, Советон Æфсад – хъомылады скъола, зæгъгæ, рубрикæйы бын. Æвзонг лæппу æфсадæй куы æрыздæхт, уæд кусын райдыдта Гуфтайы хъæуы скъолайы физкультурæйы ахуыргæнæгæй. Сослан йæ цард баиу кодта йæхи хуызæн хæрзæгъдау чызг Джуссойты Ларисæимæ.Уæдмæ хуссарирыстойнаг адæмы сабыр цард схæццæ кодтой гуырдзиаг тыхæйисджытæ. Сосланы дæр бахъуыд Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæныны сæр. Лæууыд постыты иннæ лæппутимæ куыд Итраписы хъæуы, афтæ æндæр æндыгъд бынæтты дæр.

1992 азы Фидауынгæнæг тыхты æрбацыды фæстæ уавæр фæсабырдæр ис. Æмæ Сослан йæ цардæмбалимæ хуыздæр цардагур ацыдысты Тюменмæ. Сæ дыууæ фырты дæр уым райгуырдысты. Сæ хъуыддæгтæ сæхи фæндиаг цыдысты, уæддæр Сосланы зæрдæ æдзух йæ радтæг Ирыстонимæ дзырдта, æхсæв йæ фынты дæр йæ райгуырæн хъæу Гуфтайы уыдта. Фæстæмæ æрыздæхтысты æмæ Сослан службæ кæнын райдыдта Хъахъхъæнынады министрады 5-æм æхсæг батальоны, йæ командир уыд Бестауты Тамаз. Æппынæдзух лæууыдысты постыты æмæ афтæмæй хъахъхъæдтой сæ Райгуырæн зæхх. «Битеты Сослан хайад иста 2004-2008 азты Присы бæрзæнды æмæ Мамысанты хъæуы позициты гуырдзиаг агрессийæн ныхкъуырд радтыны тохты. Йæхи равдыста хъæбатыр æмæ уæндон хæстонæй. Кад ын кодтой йе ‘мслужбæгæнджытæ. Куыд тохты рæстæджы, афтæ хуымæтæджы царды дæр уыд æнувыд, зæрдæхæлар æмæ ныфс бавæрæн кæмæй уыд, ахæм адæймаг», – радзырдта нын Бестауты Тамаз.

Коцты Маринæ: Тынг фæхъыг кодтон мæ ирвæзынгæнæджы амæлæтыл

2008 азы 9-æм августы иу афоны хæдзармæ æрбалыгъд, æмæ йæм  сыхæгтæ бахатыдысты, цæмæй сæ Дзауы онг фæхæццæ кодтаид. Уæлдай ницыуал загъта, сбадт йæ сыхаг Коцты Маринæйы машинæйыл, семæ ма уыдысты Маринæйы хиуæттæ дыууæйæ æмæ ацыдысты судзгæ горæтæй. Фæлæ куыддæр Тъбеты хъæумæ схæццæ сты, афтæ сæ тыхджын æхст райдыдтой гуырдзиаг æнæадæймæгтæ æмæ рагæппытæ кодтой машинæйæ. «Æз æрхуыссыдтæн машинæйы цур. Сослан та йæхи бааууон кодта, дæлдæр цы чысыл къанау уыд, уым. Уалынмæ мæм Сослан сабыр хъæлæсæй дзуры, зæгъгæ, дæ сæр уæлæмæ ма сдар, афтæмæй ме ‘рдæм ратул. Æз дæр афтæ сарæзтон. Иу ахæмы та æхстытæ фæтынгдæр сты æмæ мæ уæд Сослан йæ буарæй бамбæрзта. Ахæм тæссаг уавæрты адæймаг йæхи цардыл фæхъуыды кæны, уый та мæн хъахъхъæдта. Фæцыд та тыхджын гуыпп æмæ Сослан ныхъхъæрзыдта, снаряды схъис ыл сæмбæлд. Тынг стыхст, йæ рыст нал урæдта æмæ ризæгау кодта. Куырдта дон, фæлæ кæм уыд. Иу ахæмы та фæцыд тыхджын срæмыгъд æмæ ныл сыджыт æркалд.    Снаряд сæмбæлд мæ машинæйыл æмæ ныгуыпп кодта, басыгъдис. Абон уыцы машинæ ис Тъбеты хъæуы «Сыгъд удты» музейы.

Боныцъæхты нæ цурты иу машинæ рацыд, фæлæ нын нæ баурæдта. Рацыд ма ноджыдæр дыууæ машинæйы æмæ нын уыдон дæр нæ баурæдтой. Уалынмæ та ма-шинæйы хъæр райхъуыст æмæ йæ размæ балыгътæн, шофыр мын уромынвæнд нæ кодта, фæлæ мæ бæлццæттæй чидæр ба-зыдта. Машинæйы бынат нæ уыд, фæлæ уæддæр машинæйы æддейæ фарс дыу-уæрдыгæй слæууыдыстæм Сосланимæ. Никозы ‘рдыгæй та цалдæр ракетæйы рахс-той Зары ‘рдæм. Мах куы схæццæ стæм Зармæ, уæд федтам, цы æртæ машинæ нын нæ баурæдтой, уыдоны пырхытæй. Сослан йæ бинонтимæ ног æрцæргæ уы-дысты нæ сыхы, йæ ном дæр ын нæ зыдтон, базонгæ стæм тыхст рæстæджы Тъбеты хъæуы дæлгоммæ хуысгæйæ. Иу хуыцау нын баххуыс кодта, æндæра хæрзæввахсæй хъуыстам гуырдзиаг ныхас. Тынг фæхъыг кодтон мæ ирвæзынгæнæг – Сосланы амæлæтыл. Мæрдтæм дæр гуырдзиаг нæмыджы схъисимæ бацыд. Сисæн ын нæ уыд, йæ рагъыстæджы кæй нынныхст, уымæ гæсгæ», – радзырдта нын Коцты Маринæ.

 

Хъæуæй фæхъуыд хорз лæг

Мысынц æй Гуфтайы адæм, йе ‘мбæлттæ, хиуæттæ, суанг ма йыл æмдзæвгæтæ дæр фыссынц.

 

Джиоты Илонæ

БИТЕТЫ СОСЛАНЫ НОМ АРГÆЙÆ

Цæвиттойнагæй хъомыл кодтай хъæуы,

Æрдхæрæйнаг уыд бинонтæн дæ ном,

Дæ сурæт ма дæ иунæг хо нывæнды,

Фæцæуы йыл цæссыгæмхæццæ бон!

 

Дæ ныййарæг дæ къамы раз æрхуымæй,

Дæ низвæллад цæстæнгасмæ кæсы,

Йæ сонт хъуыдытæй алыгъди йæ фынæй,

Йæ зæрдæ йын æнæвгъау маст хæры!

 

Джиоты Феликс, Гуфтайы хъæууон администрацийы сæргълæууæг: «Нæ хъæуы цæрджытæн нал ис сæ тагъд фæдисон. Иумæ схъомыл стæм, нæ рæзгæ  цард иумæ арвыстам. Алкæмæн дæр уыдис ныфс. Хистæрты дзыхæй-иу цума нæма схаудта, афтæмæй-иу Сослан фæцæйуад.  Фæнды чындзæхсæв, фæнды зианы кæнд уыдаид – алы ран дæр хъуамæ разындаид. Ахæмты ныр цырагъы рухсæй  агурын хъæуы. Хæххон фæдисон уыд.  Йæ лæджы кармæ куы бацыдаид, уæд йæ кадджын фыд Черменæй къаддæр ницæмæй  уыдаид».

Зассеты Аслан, Гуфтайы хъæуы цæрæг: «Иу аз рацыд Сосланы амæлæтæй, фæлæ ма йæ абоны онг дæр цæстæй фæагурын. Тынг хорз æмгар фесæфтон.  Алы хатт дæр цæттæ уыд йæ лæггады хай бакæнынмæ. Фырхæларзæрдæ æмæ æфсæрмдзæстыг Сослан алкæимæ дæр кодта æфсымæры цард. Иумæ цас-дæр рæстæджы бакуыстам, Дзауы Уыгæрдæнты хъæуы æфсæддон базæтæ куы арæзтой, уæд. Иу рæстæджы та Хуыцъейы службæ кодта Джыккайты Вадимы  батальоны. Иу ран никуы бадт. Æдзухдæр царды гуылфæнты хъуамæ уыдаид. Цы загъдæуа хъысмæтæн. Ахæм адæймаг хъуамæ бирæ фæцардаид, цæмæй цæвиттойнаг уыдаид рæзгæ фæлтæрæн».

Сосланы лæппутæй хистæр Вадим каст фæцис УФ-йы Паддзахадон æдасдзинады комитеты цур Мæскуыйы институт. Ныртæккæ кусы нæ республикæйы барадхъахъхъæнæг органты. Кæстæр лæппу Алан та ахуыр кæны УФ-йы Мидхъуыддæг-ты министрады горæт Воронежы институты 3-æм курсы. Сосланæн нал бантыст йæ хъæбултæн чындзæхсæвтæ скæнын. Нал  бацин кæндзæн се ‘нтыстытыл. Фæлæ уый хыгъд уыдон дарддæр кæндзысты сæ фыды хорз хъуыддæгтæ.

Адæймаджы цард у стъалыйы хуызæн. Фæзыны æмæ ахуыссы. Ахуыссыд Сосла-ны стъалы дæр, фæлæ йæ ном цæрдзæн, чи йæ зыдта, уыдоны зæрдæты.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.