Уалдзыгон къæвда лæсæнтæ кодта горæты уынгты, зымæг йæ бартæ æххæстæй нæма радта, кæд уалдзæджы фыццаг мæй фæуд кодта, уæддæр æмæ уæлдæфы хъæрмад ныллæг уыд. Къæвдайы æртæхтæ дæр уыдысты ихы къæрттытау уазал. БАМ-ы иу хæдзары раз, зианмæ æрцæуæг адæмы æнæвгъау цæстысыг схæццæ ис къæвдаимæ æмæ иунæджы æнамонд хъысмæт зындис ноджы уæззаудæр… Афтæ æрвыстой сæ иунæджы йæ фæстаг фæндагыл Джиоты Федя æмæ Хуыгаты Маринæ зæрдæрыст дæс азы размæ…

Федя æмæ Маринæ сæ дыууæ дæр сты цъойнæгтæ, дыууæ æрыгон уды баиу кодтой сæ цард фидæны рæсугъд фæндтæ нывæндгæйæ. Бæллыдысты цотмæ, райгуырд сын фырт Мурат. Кæй зæгъын æй хъæуы, фæцин кодтой æмкъæйттæ, се ‘ввахс адæм, фæлæ, хъыгагæн, Маринæ æмæ Федяйæн Мады Майрæмы цæст хъæбулы циндзинад банкъарын æрмæстдæр иунæг хатт бауарзта.  Мурат уыд иунæг фырт, фæлæ Маринæ æмæ Федя сæ иунæджы уæлдай буц ницæмæй дардтой. Уыйхыгъд æй ифтонг кодтой царды раст фæндæгтыл. Йе ‘мгæртты ‘хсæн Мурат йæхи никуы равдыста искæмæй уæлдæр, никуы никæйы хъыджы бацыд саби уæвгæйæ дæр. Уыд узæлаг, хиуæттæ æмæ æмгæртты уарзон. Скъолайы кары куы бацыд, уæд æй йæ ныййарджытæ бакодтой Цхинвалы 2-æм скъоламæ. Ахуырмæ уыдис тынг æвзыгъд, уыдис ын тынг бирæ хæлæрттæ. Уыд ахуыргæнджыты уарзон ахуыргæнинæгтæй сæ иу. Скъола хорз нысæнттыл каст фæуыны фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты машинæтæ æмæ машинæаразæн хæдзарады факультеты. Ам дæр та Джиоты лæппу йæхи равдыста тынг хорз фарсæрдыгæй, уыдис ын æнтыстытæ, куыд ахуыры, афтæ студентты активон царды дæр иста хайад, уыд уарзон æмгар æмæ хорз студент. Уæлдæр ахуыргæнæндон æтыстджынæй каст фæуыны фæстæ йæм æрсидтысты æфсады рæнхъытæм. Йе ‘мбæстагон хæс цæсгомджынæй сæххæст кодта РХИ-йы гарзджын тыхты рæнхъыты, фæлæ уый фæстæ дæр Мурат нал фæиппæрд ис æфсæддон дарæсæй. Кæд цалдæр куысты раивта, уæддæр дзы йæ зæрдæйыл сæмбæлд æрмæстдæр райгуырæн бæстæ хъахъхъæнын. Бацыд РХИ-йы арæнхъахъхъæнæн управленимæ æмæ хъахъхъæдта нæ республикæйы тæссагдæр арæнтæй сæ иу – Синагуры хъæуы арæн.

«Мурат кæд нырма хæрзæвзонг лæппу уыд, уæддæр йæ уды арфы æвæрд уыд, йæ разы уæвæг хæстæм бæрнон ахаст дарын. Цыфæнды зындзинæдты дæр уый йе ‘мгæртты фæстæ никуы фæлæууыд, уыйхыгъд кæддæриддæр архайдта алыфарсонæй дæр æмгæрттæн ныфс дæттыныл. Ахæм удыхъæды хицау кæй уыд, уый рахатгæйæ, дыууæ азы фæстæ нысан æр-цыд арæнхъахъхъæнæг хайады командирæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, уæд йæ хæстæ фæфылдæр сты, фæлæ Мурат никуы равдыста лæмæгъдзинад, никуы бауагъта фæтæрсын йæ дæлбар уæвæг служ-бæгæнджыты, кæд-иу уавæр арæх уыд æндыгъд, уæддæр», – радзырдта Мураты æмзæххон, йæ сабибонты æмгар æмæ Синагуры арæнхъахъхъæнæг управленийы къухдариуæггæнæг Джиоты Эльбрус.

Хуссар Ирыстон йæ «кадджын» сыхæгты ‘рдыгæй цы дудгæбæттæ баййæфта, уыдон историйы фыст æрцыдысты судзгæ дамгъæтæй, райгуырæн бæстæ хъахъхъæныны хъуыддаджы активон хайадисджытæн та сæ нæмттæ рох хъуамæ макуы уой  ирон адæмæй. Уыдонæй сæ иу уыд Джиоты Мурат дæр. 2008 азы августы мæй нæ адæмæн ссис хъысмæтхæссæг бон, куыд æвзæрæрдæм, афтæ хорзæрдæм дæр. Уæд Гуырдзыстоны фашистон къухдариуæгад райдыдта Ирыстоны ныхмæ уæрæхмасштабон хæстон архайд. Уыцы æхсæв Мурат уыд Синагуры арæныл сменæйы. Раздæр-иу сменæйы фæстæ бацыд Цъонмæ йæ нанамæ, уым-иу баулæфыд æмæ-иу уый фæстæ та рацыд горæтмæ йæ ныййарджытæ æмæ йæ хъæбултæм. Фæлæ ныр, йæ риуы йæ райгуырæн бæстæмæ цы уарзондзинады цæхæр сыгъдис, уый йын бар нæ радта баулæфынæн дæр æмæ рацыд комкоммæ горæтмæ. «Бæргæ йæм адзырдтон телефоны, балæгъстæ йын кодтон, цæмæй горæтмæ ма рацæуа, фæлæ мæм, уавæр карз кæй уыд, уый зонгæйæ, нæ байхъуыста, – «Ме ‘мгæрттæ хæсты цæхæры сты æмæ æз мæхи куыд хъуамæ бааууон кæнон?» – уыд мын йæ дзуапп æмæ æрцыд горæтмæ», – радзырдта Маринæ.

Мурат уæд горæтмæ куыд æмæ цы амæлттæй  æрхæццæ ис, уый æмбæрстгонд у, фæлæ куыддæр фехъуыста, йе ‘мбæлттæ Къуернеты сæрмæ посты сты, афтæ йæ дарæс фæивта æмæ сæм араст. Маринæ ма йын йæ фæдыл хæринæгтæ бæргæ раскъæфта, фæлæ йæм фæстæмæ дæр нал фæкаст. Ацыд æмæ баиу ис, Остъаты лæп-пуйы къухдариуæгады бын цы къорд уыд, уыдонимæ, æмæ се ‘ппæт дæр, сæ удтыл æнæауæрдгæйæ, бацыдысты фыдызнаджы ныхмæ æнæмсæр тохы.

Æртæ боны æмæ æртæ ‘хсæвы дæргъы Муратæн йæ ныййарджытæ, горæты мингай цæрджытау, знаджы нæмыгæй  сæхи бааууон кодтой ныккæнды, мады зæрдæ та йæхи къултыл хоста йæ иунæджы мæтæй.

«Мах дæр иннæ адæмимæ 10 -æм августы æвæндонæй араст стæм цæгатмæ. Мæ хъæбулæй ницы бæрæг зыдтон æмæ мæхи фæстæмæ ‘лвæстон. Горæтæй суанг Зары хъæуы онг цы нывтæ федтам, уыдонмæ кæсгæйæ адæймаджы зæрдæ скъуыдтæ кодта, цæстысыг лæмæрстис. Зары хъæуы мыл амбæлдис мæ хъæбул йе ‘мбæлттимæ æмæ мæ æппæт дæр айрох. Сæрæгас кæй уыдысты, уый мыл базыртæ асагъта, фæцин сыл кодтон. Сæ дарæс уыдис скъуыдтæ æмæ цъыфæйдзæгтæ. Уый тыххæй мын радзырдтой, зæгъгæ,  кæм æрбынат кодтой, уырдæм сыл гуырдзыйы хæдтæхæг бом-бæтæ æркалдта, алыгъдысты хъæдты æмæ сæхи бааууон кодтой. Кæд стыр тас бан-къардтой, уæддæр  Хуыцауы фæрцы, се ‘ппæт дæр æвыдæй аирвæзтысты, – радзырдта рыстзæрдæ мад.

Маринæ та уыцы бон дæр бирæ фæлæгъстæ кодта йæ фыртæн, цæмæй йемæ рацыдаид Дзæуджыхъæумæ, «фен, зæгъ, дæ хъæбулты», фæлæ Мурат йæ сæрмæ не схаста, йæ райгуырæн бæстæ тыхст рæстæджы ныууадзын, йе ‘мгæрттæй йæхи фæхицæн кæнын æмæ баззад йе ‘мхæстонтимæ.

Фæцис хæст. Ирыстон цадæггай фæстæмæ æндидзын райдыдта, Мурат дæр йæ фидæны царды амæлттæ кодта. Уыдысты бирæ бинонтæ,- ныййарджытæ, æртæ хъæбулы æмæ йе ‘мкъай. Мурат, бæрнон удыхъæды хицау уæвгæйæ, уыдонæй алкæйы мæт дæр райста йæхимæ æмæ тырныдта се ‘ппæтæн дæр æмбæлон царды уавæртæ саразынмæ. Уыдис æм бирæ фæндтæ, фæлæ йын, хъыгагæн, сæ сæххæст кæнын, нæ бантыст… Нæ йын бантыст йæ хъæбулты сæ къахыл слæууын кæнын, се ‘нтыстытыл сын бацин кæнын, сæ зындзинæдты сæ фарсмæ æрбалæууын.

Уыд уалдзыгон бон, 30-æм марты, Мурат Тъбеты хъæуы онг куы æрхæццæ æмæ уым, фæзилæны, æгъатыр сау мæлæт йæ разы куы ‘рбалæууыд… Цыма цы фæндтæ кодта уыцы бон Дзæуджыхъæуæй куы рараст ис, уæд йæ цардмондаг уд? Уыцы бонты фæллад æмæ æгъуыссæг æхсæвтæ кæй арвыста, уый тыххæй йæ, чизоны, аулæфын фæндыд, фæлæ   æрыгон тæлтæг лæппу йæ фæллад рæгъмæ дæр  не ‘рхаста æмæ та йæ удыл нæ бацауæрдгæйæ, рафардæг йæ хъуыддæгты фæдыл… Æмæ йыл нал бацауæрста сау мæлæт дæр… Ныууагъта цæссыгкалгæйæ, цæргæ-цæрæнбонтæм рыстзæрдæйæ йæ ныййарджыты, йæ æнæрæстæджы идæдз Мæлдзыгаты Вандæйы, фыды рæвдыд, фыды зондамынд æмæ узæлдæй чи нæ бафсæстис, æххæстæй йæ æмбаргæ дæр чи нæ бакодта, уыцы æнахъом æртæ хъæбулы Дианæ, Радик æмæ Владæйы. Уæд Радикыл æхсæз азы йедтæмæ нæма цыд, фæлæ фырт  æмæ фыд царды рæхыстæй баст сты, фыды комулæфтæй дæр фырт тых æмæ зонд райсы æмæ чысыл Радикæн дæр нал фаг кодта уыцы тыхдæттæг ныййарæг, тынг мысыдис йæ фыды. Маринæ йæ мысинæгты куыд зæгъы, афтæмæй-иу уый слæууыд йæ фыды нывы раз æмæ-иу сусæг цæссыгæй куыдта.

Фæзæгъынц, зæгъгæ алы адæймагæн дæр йæ хъысмæт нывгонд вæййы а-зæхмæ фæзынгæйæ. Æвæццæгæн Федя дæр уымæн федта фыны йæ иунæджы хъысмæт йæ райгуырыны агъоммæ. «Мæ хъæбулы райгуырдмæ куы ‘нхъæлмæ кастыстæм, уæд йæ фыд федта фын, цыма йын чидæр йæ риуы кард ныссагъта. Дыккаг бон æй йæ мад æрсабыр кодта, зæгъгæ уый хорз фын у, лæппу дын райгуырдзæнис. Æмæ сæххæст ис уыцы фын, фæлæ Мураты амæлæты размæ Федя ногæй федта, цыма йын уæд йæ риуы цы кард ныссагъдæуыд, уый ныр рахаудис йæ риуæй æмæ йæ хъæдгом тынг фæрыст…», – цæссыгкалгæ радзырдта Маринæ.

Джиоты бинонтæн уалдзæджы æрбалæуд кæддæриддæр хаста циндзинад, сæ иунæджы райгуырæн бон уыд 6-æм апрелы. Уыцы аз дæр та йæ фæнд кодтой банысан кæнын, фæлæ Муратæн Хуыцауæй лæвæрд нал уыд йе 33 азмæ æдæппæт æхсæз боны рацæрын. 30-æм марты æнгом, цардуарзаг бинонтæм бауасыд сау халон, рафæлдæхт сæ цæугæ мæсыг, сæ дарæг, цардбæллон Мурат… Ныр рацыд 10 азы, фæлæ Мураты чидæриддæр зыдта, уыдоны зæрдæты баззадис хæларзæрдæ, узæлаг, ныфсхаст æмæ, æппæт хорз миниуджытæй хайджын чи уыд, ахæм лæппуйæ.

Рухсаг у, Мурат…

ХУЫГАТЫ Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.