Алчи дæр нæ æвдисæн у, фæстаг рæстæджы нæ горæты хисæрмагонд транспорт зынгæ кæй фæфылдæр æмæ уый та æхсызгон у алкæмæн дæр. Уыдон фæрцы транспорты хицæуттæ æвæлмæстæй бакæнынц се ‘рвылбонон хъуыддæгтæ. Æмæ канд сæхиуыл нæ батыхсынц, фæлæ ма æндæртæм дæр фæкæсынц æххуысы охыл. Æппæт уыдæттæ, кæй зæгъын æй хъæуы, хорз сты, фæлæ банысан кæнын хъæуы уый, æмæ машинæ скъæрынæн дæр кæй ис йæхи фæткойтæ æмæ сæ æххæст кæнын кæй хъæуы. Фæлæ хатт шофыры раз слæууы хæдтулгæ скъæрыны фæткойтæ хъахъхъæныны иуæй-иу ныхдуртæ. Уыдонæй сæ иу æмæ ахсджиагдæртæй у светофорты дырыс куыст. Уыдон дæр хæлын зонынц æмæ сæм уæд та хъуамæ фæзыной, сæ цалцæг кæнын, фæткмæ сæ æркæнын кæмæ хауы, уыцы куыстуаты кусджытæ. Уый афтæ хъуамæ уа, фæлæ фылдæр хатт уыцы æнæмæнгхъæуæг куыст рæстæгыл сцалцæг кæнын кæнæ ферох вæййы, кæнæ та йæм дарынц æнæмæт ахаст.

Афтæ у ныр цасдæр рæстæг, Хъайтарты æмæ Харебайы фырты уынгтæ кæм иу кæнынц, уыцы бынаты дæр. Уыцы цухдзинады аххосæй фæндагыл ацæуын фæзын вæййы куыд транспорты хицæуттæн, афтæ бæлццæттæн сæхицæн дæр. Сæ иутæ дæр æмæ се ‘ннæтæ дæр скæсынц светофортæм æмæ фæгуырысхо кæнынц, дарддæр сæ фæндагыл ахизой æви нæ, ууыл. Шофыртæй иутæ æмбæстæгты уавæры бацæуынц æмæ сын радтынц фæндаг. Фæлæ æндæртæ та,куыд шофыртæ, афтæ хуымæтæджы фистæгæй цæуджытæ дæр ницæмæ æрдарынц ацы æндыгъд уавæр æмæ дарддæр фæкæнынц сæ цыды хай. Иудзырдæй, æвæстиатæй æркæсын хъæуы ацы цухдзинад аиуварс кæнынмæ, цæмæй алчи дæр хызт уа фæндагон фыдбылызæй.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.