23-æм октябрь нымад  цæуы тигры боныл. Ацы тугдзых цæ-рæгойты мыггаг хаст у Сырх Чиныгмæ. Уымæн æмæ æрдзы уыдон афтæ бирæ нал сты. Тигры хуызтæй сæ иу – фæранк та нымад цæуы ирон адæмы сæйраг символыл.

Бæрæг куыд у, афтæмæй 1950 азы Кавказы амардтой фæстаг фæранк. Уымæ гæсгæ Уæрæсейы Зонæдты академийы экологи æмæ эволюцийы фæдыл проблемæты институты фæзынд ахæм идейæ, цæмæй Кавказы ногæй фæзыной фæранктæ, уыцы нымæцы Ирыстоны дæр. Ацы программæ ист æрцыд 2008 аз УФ Президент Владимир Путины хъæппæрисæй. Сочæйы национ паркы арæзт æрцыд фæранкты фылдæр кæныны центр, цыран лæппын фæранкты цæттæ кæнынц хъæддаг æрдзы цардмæ, цæмæй сæ уый фæстæ ауадзой сæ раздæры цæрæн бынатмæ. Фыццаг сæ ауагътой 2016 азы Кавказы тобæгонд хъæды. 2019 азы райдиан  та дыууæ фæранкы уагъд æрцыд Цæгат Ирыстоны, кæцыты схуыдтой Волна æмæ Эльбрус. Нæл фæранк Эльбрус рахызт Хуссар Ирыстоны территоримæ æмæ уым йæхи хатыд иттæг  хорз. Йæ хъуырыл цы спутникон сигнал конд уыд, уый бæрæггæнæнтæм гæсгæ Эльбрус фæстаг хатт цуан кодта Бурсамдзелимæ хæстæг Урс Дзуары комы. Уый фæстæ сигнал цыд уыцы иу бынатæй. Ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ фæранк кæнæ йæ хъуырдарæн раппæрста, науæд та йыл исты фыдбылыз сæмбæлд. Агурæн экспедици дыууæ хатты æрцыд Хуссар Ирмæ, уыдонæн æххуыс кодтой Экологи æмæ æрдзæй пайдакæнынады комитет æмæ Уæлвæткон уавæрты министрады лæппутæ. Дыууæ хатты дæр агурæн экспедицийы къухы ницы зонæнтæ бафтыд. Сигнал цы бынатæй цыд, уым æрцыд стыр зæй æмæ ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ фæранк фæцис зæйы амæттаг.

Фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ Сочийы национ парк ногæй фæнд кæны фæранк популяцийы тыххæй æрдзмæ Астæуккаг Азиаг фæранктæ рауадзын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.