Хетæгкаты Къостайы уацмысты бындурыл æвæрд инсценировкæтæ, йæ зындгонд æмдзæвгæты рæнхъытæ хъуыстысты национ музейы къуымты. 3-æм скъолайы ахуыргæнинæгтæ æмæ ахуыргæнджытæ банысан кодтой Къостайы райгуырды юбилей.

Мадзалы фылдæр хай     бацахстой сывæллæттæн фыст уацмыстæ. Ролтæм гæсгæ ахуыргæнинæгтæ сæххæст кодтой сæ уарзон æмдзæвгæтæй иу «Цъиу æмæ сывæллæттæ».

Мадзалы организатор, 3-æм скъолайы ахуыргæнæг Бекъойты Майя бузныджы ныхæстæ загъта национ музейы къухдариуæгадæн æмæ сын сæ бацæттæгонд мадзал республикæйы культурон центры равдисынæн фадат кæй радтой, уый тыххæй.

«Æрбамбырд та нæ кодта, Ирыстоны адæм сæрыстыр кæмæй сты, уыцы гениалон поэт – Къоста. Фæнды ма мæ зæгъын бузныг Зассеты Мерабæн, кæддæриддæр нæм кæй фæдары æххуысы къух», – загъта Бекъойты Майя.

Рæзгæ фæлтæр хъуамæ хъомыл кæной патриотизмы æнкъарæнтыл æмæ генийы уацмыстæ та  семыдзаг сты ацы хъуыдыйæ. Поэты сфæлдыстад ахуыр кæны мадæлон æвзаг уарзыныл, афтæ нымайы Зассеты Мераб.

«Къостайы фарсмæ Кавказы кæй  сæвæрой, уый абоны онг дæр нæй. Къоста махæн у нæ царды сæйраг фæлгондз, кæцыйы мах ма хъуамæ рох кæнæм».

Зассеты Мераб ныфс бавæрдта, национ музейы дуæрттæ алы хатт дæр гом кæй уыдзысты, бацæуын кæй фæнды, уыдонæн. Уæлдайдæр та сывæллæттæ кæй бацæттæ кæнынц, уыцы инсценировкæтæ равдисынмæ.

ДРИАТЫ  Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.