Цæгат Ирыстоны Экономикон рæзты министрады пресс-службæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй нæ республикæйы фæсивæдæн амалиуæгадон архайды фæдыл амондзысты лæвар курсытæ.

Уæрæсейы Федерацийы æмæ Цæгат Ирыстоны Экономикон рæзты министрадты æххуысæй амалиуæгадæн ахъаз кæныны фонд Инновациты, экономикæ æмæ барады скъолаимæ иумæ чысыл æмæ рæстæмбис бизнесы суинаг фæсивæдæн лæвар амоны ахуырадон курс «От хобби к бизнесу», -фыст ис амынд ведомствæйы хъусынгæнинаджы.

Амынд курсы нысан у амалиуæгадон архайд æххæст кæнынмæ фæсивæды сразæнгард кæнынæн, стæй финансон æмæ бизнесы архайды къæпхæн фæуæлдæр кæнынæн. Ацы мадзал аразынц национ проект «Чысыл æмæ рæстæмбис бизнес»-ы фæлгæтты.

ЦИПУ-йы æмæ Дзæуджыхъæуы Уынаффæйады институты дæсны ахуыргæнджытæ лекцитæ кæсдзысты фидæны бизнесментæн. Курсы архайджытæн уал райдианы радзурдзысты экономикон æмæ барадон æууæлты тыххæй, стæй ахиздзысты амалхъомады тыххæй сæрмагонд лекцитæм.

ÆРГЪТЫ  РÆЗТ  УРОМЫНЦ

Цæгат Ирыстоны экономикон рæзты министрады пресс-службæйæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй республикæйы фæлхасадон товарты æмæ хойраджы продуктты æргътæм цæстдард фæкарз. Хойрæгтæй ифтонггæнджытæ æргътæ кæй фæуæлдæр кодтой, уый аххосæй, æргътæ рæзынц.

Уый тыххæй министрады кусджытæ, базарадон кусæндæтты æмæ дуканиты минæвæрттимæ арæх фембæлынц, скæнынц рейдтæ. Республикон æмвæзад нымайгæйæ, товарты æргътыл бафтыд хæрз чысыл, фæлæ уæддæр уый адæмæн у уæззау уаргъ. Æцæг, бадзырды бындурыл æнцайгæйæ кæцыдæр æргътыл бынтондæр нæ бафтыд. Ныртæккæ уыцы лыггæнинаг фарст æвзары Монополийы ныхмæ службæ.

– Ацы куыстытæ кæнын хъæуы, адæм сæ куыд банкъарой, афтæ. Фæдзæхсын æмбæлгæ ведомствотæн æргътæ æвæрыны хъуыддагмæ цæст дарын. Нæ къухы бафтыд бирæ товарты æргътæ сæ раздæры æмвæзадмæ æрæппарын. Бирæ æдзæсгом адæймæгтæ пайда кæнынц бæстæйы зын æмæ хæццæ уавæрæй, кæнынц æрмæстдæр сæхи мæт æмæ сæ куыд фæнды, ахæм æргътæ æвæрынц. Уымæн нæй æруадзæн. Мæхæдæг бæрæг кæндзынæн алцыдæр», – загъта республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.

НОГ  СЕРВИС — ИРОН  ТЕКСТТÆН

Куыд зонæм, афтæмæй интернеты уырыссаг текст фысгæйæ рæдыд куы æруадзай, уæд æй техникæ йæхæдæг араст кæны, фæлæ нырмæ ахæм техникон фæрæз нæ уыд ирон тексттæн.

Æрæджы цæгатирыстойнаг специалистты руаджы фыццаг хатт ахæм сервис фæзынд махмæ дæр. Йæ саразæг Кудзаты Аслан куыд зæгъы, афтæмæй интернеты иронау чи фыссы, ахæмтæ бирæ ис, фæлæ сæ текстты вæййы бирæ рæдыдтытæ. Ацы сервис фадат ратдзæн канд раст фыссынæн нæ, фæлæ грамматикæ хуыздæр базонынæн, текстты орфографион рæдыдтытæ бæрæг кæнынæн, апострофтæ æвæрынæн.  Стыр пайда æрхæсдзæн мыхуыры кусджытæн дæр.

Асланæн ма баххуыс кодта Мæскуйы цæрæг ирон специалист. Ног сервис рæхджы фæзындзæн интернеты хызæджы æмæ стыр удæнцой æрхæсдзæн ирон æвзаг уарзджытæн.

Специалисттæ ацы сервисыл куыстой цалдæр мæйы, фæлæ куыд зæгъынц, афтæмæй ма йыл ноджыдæр кусдзысты, цæмæй ма йæм исты ногдзинæдтæ бахæссой.

                                                              Нæ  уацх.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.