Кæй зæгъын æй хъæуы, Джобс æмæ Энштейн уыдысты генитæ. Кæцыдæр адæймæгтæн сæ фидæн вæййы æрдзæй амынд, æмæ уыдон тынг бирæ саразынц, цæмæй сæ царды бæрзæндтæм схизой. Ахæмтæн сæ царды мидис вæййы «цард уарзон куыстæн радтын», ныры фæсивæдæй та бирæтæн сæ бæллиц вæййы цард магусайæ, фæлæ хъæздыгæй æрвитын. Ахæм уæрдон фыццаг тигъыл нызгъæлдзæн.

Чидæртæ фæзæгъынц: «Ныр цæмæн хъæуы уыцы ахуыр кæд æмæ æнæ ахуырæй дæр фæцæрæн ис. Фæлæ уый, мæ хъуыдымæ гæсгæ, раст ныхас нæу. Æнæмæнг хъæуы ахуыр кæнын, хъуамæ зонындзинад нæхицæн ма хæлæг кæнæм. Кæд алкæмæй стыр ахуыргæндтæ нæ рауайы, уæддæр æхсæнады хи бынат ссарын æнцондæр вæййы. Алчи афтæ куы дзура, цæмæн нæ хъæуы ахуыр, цæмæн нæ хъæуы университет, уæд дард нæ ацæудзыстæм  нæхæдæг дæр æмæ адæм дæр иумæйагæй сисгæйæ царды æппæт къабæзты.

Разы дæн ацы хъуыдыимæ æз дæр. Царды алы къабæзтæ дæр тынг æнгом баст сты ахуырадимæ. Ахуыргонд  у культурон, размæдзыд адæймаг æмæ йæ цоты дæр слæууын кæндзæн ахæм фæндагыл. Ивгъуыд заманы сылгоймæгты ахуырадæн кад нæ уыд. Нæ сын уыд бар лæппутимæ иу къæпхæныл ахуыр кæнын æмæ зонындзинæдтæ исын. Уыдис сын сæхи ахуыры фæтк – уым чызджытæн амыдтой, цы æмбæлд, уымæй æппынкъаддæр, стæй – чындзы. Фæлæ бирæ адæмтæ сæ  хæсыл нымадтой æмæ нымайынц  нæлгоймаджы æмрæнхъ сылгоймаджы дæр сахуыр кæнын. Уымæн æмæ уый цот хъомыл кæнгæйæ, уыдонæн амондзæн зонд дæр.

Уæдæ кæд ахуырадæн ахæм стыр ахъаз ис, уæд абоны фæсивæд цæмæ кусынц «хорз æхцатæ» æнæ уымæй?

21 æнусы фыццаг фæлтæр равзæрста бирæ ног гæнæнтæ. Телеуынынад, модæ, Интернет – радтой ног фæлтæртæн, раздæр æрмæст киноты кæй æвдыстой, ахæм фæрæзтæ.

Æмæ цæмæй блогер æхца бакуса, уый тыххæй йæ ахуырдзинад нæ хъæуы, зондджын, фендджын æмæ дзырдарæхст адæймаг куы нæ уа, уæддæр ссардзæн йæхицæн бынат. Уыимæ нырыккон æрыгон фæлтæрыл мæхи нымайгæйæ, зонын, блогеры куыст арæх кæй вæййы тынг зын, цы физикон, цы моралон æгъдауæй. Фæлæ ахæм профессийы архайæг цы кæны – уый йæхицæн. Уый мæ фæнды зæгъын, æмæ царды размæ кæны ахуырад, зонындзинæдтæ. Ахуыргæндтæ куы нæ уа, уæд чи агурдзæн уæззау низтæн хостæ, чи æмбарын кæндзæн космосы хабæрттæ, чи агурдзæн æрдз бахъахъхъæныны амæлттæ?.. О, куыд нæ ис бынат ног професситæн нæ рæстæджы. Хъæуынц æмæ фидауынц абоны цардыл. Æмæ уыдон та домынц зонындзинæдтæ. Æнæ ахуырдзинадæй нæ уыдзæн прогресс.

Ахуырад у рухсмæ фæндаг. Зондджын адæм хорз цард аразынц, талынг адæм та ахæм цардæй æрмæстдæр пайда кæнынц.

ДРИАТЫ Лейла

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.